Хуссарирыстойнаг богал Джиоты Артур æртыккаг бынат бацахста, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты Дзæуджыхъæуы. Тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинаг бронзæ майдан рамбулыны сæраппонд тохы фæуæлахиз иннæ ирон спортсмен Къæбулты Авраамыл.

***

Бухаресты уагъд æрцæудзæн Европæйы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уырдæм Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сконды Ирыстоны минæвæрттæй ацæудзысты Найфонты Артур (86 кг) æмæ Байты Давид (74). Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ кæд Найфонты Артуры тыххæй ничи дызæрдыг кодта ацы ерыстæм уый кæй ацæудзæн, ууыл, уæд Байты Давидæн та бæстæйы æмбырдгонд командæйы тренерон штаб сарæзта æвзарæн тох Магома Дибиргаджиевимæ. Ацы фембæлды Давид йæхи равдыста хуыздæр, рамбылдта 9:5 хыгъдæй æмæ ныр йæхи цæттæ кæндзæн Бухарестмæ ацæуынмæ.

Ацы бонты ма фæбæрæг, Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæй  ноджы дыууæйæ кæй фæивтой сæ спортивон æмбæстагдзинад. Ныр Албанийы спортивон кад хъахъхъæндзæн 74 кг уæзы категорийы архайæг Уалыты Чермен. Сербийы тырысайы бын та 57 кг уæзы категорийы архайдзæн Тусхъаты Азæмæт. Ацы бæстæйы æмбырдгонд командæйы ма архайы Цæболты Хетик дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Европæйы чемпионаты хайад чи райсдзæн, уыцы развæлгъау номхыгъды кæй ис хуссарирыстойнаг спортсмен, Азербайджаны командæйы уæнг Джиоты Арсен.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.