Цалдæр азы размæ нæ горæты Нæузæххонты уынджы фыццæгæм æмæ дыккæгæм бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæрттæм хæстæг зæххы бын атыдтой доны хæтæлтæ, дон калд хæрдмæ æмæ фæндаг фехæлд. Уæд цалцæггæнджытæ тагъд æрбацыдысты, доны хæтæл сарæзтой, фæлæ кæм скъахтой, уым сыджыт уæгъдæй бакалдтой æмæ ацыдысты. Сыджыт ныббадт æмæ асфальтыл сырæзт уæрмытæ (нывы). Хæлд фæндагыл ныр къорд азты æрвылбон дæр фæцæуы мингай адæймæгтæ, фæтыхсынц, куыд уыдон, афтæ ма шофытæ дæр, уæлдайдæр та къæвда бонты. Уæрмытæ байдзаг вæййынц  донæй æмæ æрмæст тыхсгæ нæ, фæлæ ма базиан кæнынц сæ машинæтæн дæр.

Кæд уавæр рараст кæнынæн бирæ ницы хъæуы, афæдз иу хатт-иу уæзтæласæн машинæ хуыр, уæддæр ныр цалдæр азы уавæр рараст кæныныл ничи тыхсы æмæ кæйдæр æнæмæт ахасты аххосæй тыхсынц æнæаххос адæм.

    Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.