Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид раарфæ кодта Тедеты Дзамболатæн, Уæрæсейы Федерацийы æмбырдгонд командæйæн уæгъдибар хъæбысхæстæй сæйраг тренерæй снысангонд кæй æрцыд, уый сæраппонд.

Арфæйы фыстæджы сæрмгондæй дзырдæуы:

«Цытджын Дзамболат Ильяйы фырт!
Айс иууыл хуыздæр арфæтæ, уæгъдибар хъæбысхæстæй дæ æппæт Уæрæсейы æмбырдгонд командæйæн сæйраг тренерæй кæй снысан кодтой, уый тыххæй.
Иттæг хорз спортсмен, фæлтæрд тренер æмæ амонæг, Фыдыбæстæйы æцæг патриот, ды бирæ азты дæргъы кадджын кæныс нæ Ирыстоны æмæ Стыр Уæрæсейы спортивон аренæйыл. Нæ республикæйы æрыгон фæлтæрæн ды кæддæриддæр уыдзынæ, йæ ирон дзыллæйы чи кадджын кæны, уарзон Ирыстон æмæ Уæрæсейы кад хъæздыгдæр чи кæны, ахæм нысантырнæн æмæ лæджыхъæдæй æххæст адæймаджы аккаг дæнцæг.
Ныфс мæ ис, лæджыхъæд, уæлахизмæ тырнынад, зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрд-дзинад дæуæн уыдзысты аккаг æххуысгæнджытæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы дзыллæты кадæн хæрзиуæгон архайды.
Дæуæн мæ бафæнддзæн æнæниздзинад, стыр æнтыстытæ дæ куысты æмæ, цы командæйы сæргъ лæууыс, уыдонæн та бирæ уæлахиздзинæдтæ»

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.