Президент Тыбылты Леониды сæрдариуæгадæй уагъд æрцыд Хицауады радон рабадт. Æркастæуыд 2016 азæн паддзахадон бюджет куыд æххæст æрцыд, уыцы фарстытæм, афтæ ма 2017 азæн сæйраг финансон документмæ ивындзинæдтæ бахæссыны æмæ æндæр закъондæттынадон инициативæты фæдыл фарстытæм.

Боны фæткы фарстытыл уынаффæ кæныны агъоммæ паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ,  майрæмбоны къухтæ æрфыстæуыдзæн Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн æфсæддон къабазы æмгуысткæнынады тыххæй сразыдзинадыл, кæцыйы нысан ис Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты уæрæсейаг Гарзджын тыхты скондмæ райсын.

«Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты хицæн дæлхæйтты Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты скондмæ бакæныны тыххæй сразыдзинад реализаци кæнын, ахъаз кæндзæн нæ бæстæйы хъахъхъæнынхъомдзинад фидардæр кæнынæн», – загъта уый.

Æрбалæугæ президентон æвзæрстытæ æмæ референдумы ахсджиагдзинад банысан кæнгæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, алчидæр хъуамæ сæххæст кæна йе ‘мбæстагон хæс.

«Мах, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ, хъуамæ сæххæст кæнæм нæ хæс – хъæлæс радтæм равзаргæ кандидатæн æмæ нæ ахаст равдисæм референдуммæ æдыхст æмæ хæларзæрдæйы уавæрты», – загъта Тыбылты Леонид.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, президенты æвзæрстытæм республикæ бацыдис æнтыстыты бæрæг багажимæ, кæцытæ систы бындур йæ дарддæры рæзтæн.

«Ахсджиаг у ма фесафын, цы потенциал нæм æрæмбырд, уый æмæ рахизæм рæзты процесстæм, уæвæг резервæй спайда кæнгæйæ. Цы æууæнчы кредит нæм сæвзæрд не стратегион партнеры – Стыр Уæрæсейы ‘рдыгæй, уый руаджы мах дарддæр, æнтысгæйæ æмгуыст кæндзыстæм Уæрæсейы Федерациимæ æмæ нæ бон суыдзæн ноджы стырдæр фæстиуджытæ къухты бафтын кæнын, кæй зæгъын æй хъæуы, кæд æмæ нæ архайдтыты уæм иумæ æмæ здæхт уой нæ республикæйы хæрзиуæгмæ», – загъта Президент.

Дарддæр рабадты хайадисджытæ рахызтысты боны фæт-кы фарстытыл уынаффæ кæнынмæ.

2016 азæн Паддзахадон бюджет куыд æххæст æрцыд, уый тыххæй доклад сарæзта Финансты министр Хæбæлаты Азæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ 2016 азы бюджет уыдис профицитимæ, æфтиæгты хайы фылдæр бæ-рæггæнæнтæй планон-бюдже-тон бæрæггæнæнтæ 2015 азимæ абаргæйæ æххæст æрцы-дысты уæлдайджынтæй.

«2016 азæн паддзахадон бюджет æфтиæгтæй æххæст æрцыд 9 115 395,5 мин сомæй, кæнæ та 101,5 %, хæрдзты хайæ та – 7 934 896,4 мин сомы, кæнæ та 79,3%. 2016 азæн Паддзахадон бюджеты сæххæсты фæс-тиуджытæм гæсгæ профицит у   1 180 499,1 мин сомы», – загъта Хæбæлаты Азæ.

Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти банысан кодта, зæгъгæ, 2016 азы бюджеты сæххæстæн анализ куыд уынын кæны, афтæмæй, уыйразмæ азимæ абаргæйæ, ис æвæрццаг тенденци.

«Бюджет, сæйраг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уæлдайджынтæй æххæст кæй æрцыд æмæ дзы дефицит кæй нæй, уый дзурæг у ууыл, æмæ бюджеты сæх-хæсты фæдыл куыст æххæст æрцыд рæстæмбисæй. Мах ницы фесæфтам, ивгъуыд аз цы æхцатæй не спайдачындæуыд, уыдонæй уыцы нысæнттæн пайда æрцæудзæнис ацы аз. Кæд æмæ кæмдæрты цавæрдæр бæрæггæнæнтæй план нæ сæххæст, уæддæр мæ ныфс ис 2017 азы æххæст кæй æрцæу-дзæн», – загъта уый.

Хицауады Сæрдар бахатыд Паддзахадон исады комитеты къухдариуæггæнæг æмæ районон администрациты сæргълæуджытæм, цæмæй бынæтты фæхуыздæр кæной хъæууон-хæдзарадон фиддонты æм-бырдкæнынад зæххы тыххæй.

Дарддæр Хицауады уæнгтæ хорзыл банымадтой «2017 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты тыххæй РХИ-йы закъонмæ ивындзи-нæдтæ бахæссын, кæцытæм гæсгæ РХИ æмæ УФ-йы ‘хсæн социалон-экономикон æмгуысткæнынады фæдыл æхсæнхицауадон къамисы уынаффæтæм гæсгæ, æхцайы фæрæзты баззайæццæгтæй 2017 азы пайда кæй æрцæудзæнис, уыцы ны-сæнттæ.

«Ацы азы райдианы уавæрмæ уæлдæр банысангонд уынаффæтæм гæсгæ рахицæнгонд фæрæзты баззайæццæгтæ сты 1 965 804,39 мин сомы, уыцы ны-мæцы 1 262 273,96 мин сомы сты Инвестпрограммæ реализаци кæныны фæлгæтты бюджетон инвестицитæ æххæст кæныны нысæнттæн рахицæнгонд финансон фæрæзтæ, 703 530,43 мин сомы та социалон-экономикон рæзтæн финансон æххуысы баззайæццæгтæ. 2016 азы 25 ноябры æхсæнхицауадон къамисы æмсæрдæртты уынаффæйы 2.8 пунктмæ гæсгæ 200 00,0 мин сомы нысан цæуынц, 2015-2017 азтæн Инвестпрограммæ реализаци кæнын фæл-гæтты эксплуатацимæ лæвæрд чи æрцыдысты, уыцы объекттæ дарынæн, кæцытæ ныридæгæн хынцыд æрцыдысты бюджеты хæрдзты хайы. Афтæмæй ацы азмæ хаст æрцыдысты æхцайы фæрæзтæ 1 765 804,39 мин сомы.

Афтæ ма фæндон бахастæуыд, цæмæй паддзахадон нысанмæздæхт программæты фæдыл æнæспайдагонд фæрæзтæ 3 010,13 мин сомы æмæ кадрон резерв саразыны фæдыл мадзæлтты æхцайы фæрæзтæ 2 182,93 мин сомы рахаст æрцæуой ацы азмæ», – бамбарын кодта Хæбæлаты Азæ.

Хицауады уæнгтæ хорзыл банымадтой «Æвджидады тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект, кæцы бæстон кæны ацы къабазы барадон æмахстытæ æмæ хæс-джын кæнынц, ахæм функцитæ чи æххæст кæнынц, уыцы адæймæгтæн æх-цайы суммæ 4 мин сомы фидын.

Уымæй дарддæр ма райст æрцыды-сты паддзахадон комплексон нысанмæздæхт программæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны рæзгæ фæлтæры удварнон-хæрзæгъдауон хъомылад»-ы иумæйаг уагæвæрдтæ. Программæ у 2017-2019 азтæн æмæ йæ æркæсынмæ бавдыстой Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали æмæ президенты цур сабийы барты фæдыл æххæстбарджын Козаты Гульнарæ.

Хъуылымбегты Доменти банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы хъæуынц ахæм программæтæ.

«Программæйы мадзæлттæ реализаци кæнын хорзæрдæм фæзындзæнис фæсивæды иумæйаг культурæйы æмвæзадыл æмæ æвæрццаг «таутæ» сæв-зæрын кæндзæн рæзгæ фæлтæры зонды æмæ зæрдæты», – банысан кодта уый.

Рабадты рæстæджы ма хорзыл нымад æрцыдысты Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсары фæндæттæ, кæцытæ здæхт сты Мидхъуыддæгты ор-ганты,  афтæ ма контрактмæ гæсгæ гарзджын тыхты Паддзахадон æдасдзинады органты æддагон развæдсгæрсты, паддзахадон хъахъхъæнынады æмæ æн-дæр æфсæддон баиугæндты службæгæнджытæн бакусгæ азты нымайын, пенситæ нысан кæнын, æхцайы компенсацитæ æмæ бафыстытæ фидынмæ.

Кæронбæттæны Хицауады уæнгтæ æркастысты боны фæткы нысан уæлæмхас фарстытæм, сæрмагондæй, Инвестпрограммæтæ реализаци кæныны рæстæджы паддзахадон æххуыс дæттыны фæтк кæмæ хауы, ахæм фарстмæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.