22 январы Президент Гаглойты Алан æмбырд ауагъта тыхон структурæты минæвæрттимæ.
Æмбырды хайад райстой Хицуады Сæрдар Джуссойты Константин, Парламенты Сæрдар Æлборты Алан, Президенты Администрацийы Къухдариуæггæнæг Мæргъиты Алан.

Гаглойты Алан æрæмбырдуæвджытæн бузныг загъта, ногазон бæрæгбонты мадзæлттæ сабырæй, æнæ фыдбылызæй кæй ацыдысты, уый тыххæй.

Уый фæстæ тыхон структурæты разамонджытæ Президенты базонгæ кодтой республикæйы оперативон уавæримæ.

Генералон прокурор Собаты Григори банысан кодта, зæгъгæ, абоны онг фæдагуырды комитеты ис 28 уголовон хъуыддаджы, уыдонæй 15 проценты сты уæззау фыдракæндтæ, иннæтæ та – астæуккаг уæзы категориты фыдракæндтæ. Прокуратурæмæ цы уголовон хъуыддæгтæ ис, уыдонæн сæ фылдæры равзæрстой. Ацы азы фыццаг кварталы уголовон хъуыддæгтæ адæтдзысты тæрхондонмæ. Экономикон паплойдзинæдты тыххæй уголовон хъуыддæгтæ сты 60 проценты. Фæдагуырды рæстæджы сбæрæг кодтой 215 милуан сомы паплойдзинæдтæ.

Хъахъхъæнынады министр Марат Павлов фехъусын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны æмæ Сирийы Хъахъхъæнынады министрадтæ  фæнд  кæнынц æмгуысткæнынады тыххæй сразыдзинад саразын.

«2024 азы фыццаг æмбисы æнхъæлмæ кæсæм Сириаг Арабаг Республикæйы Хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæм,  ведомствоты ‘хсæн æмгуыстады тыххæй сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны тыххæй», – фехъусын кодта министр Марат Павлов.

Паддзахадон Æдасдзинады комитеты сæрдар Олег Ширан куыд фехъусын кодта, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады федералон службæимæ æнгом æмгуыст кæнынц.  Ныртæккæ комитеты сæйраг куыст у Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстытæм хи цæттæ кæнын, æвзæрстыты рæстæджы Хуссар Ирыстоны территорийыл æдасдзинад хъахъхъæнын.

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Æдасдзинады комитеты Арæнхъахъхъæнæг управленийы хистæры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Алиханты Валери куыд фехъусын кодта, афтæмæй хыгъдон рæстæджы  паддзахадон арæныл гуымир фæткхалынæдтæ нæ уыд. Арæнхъахъхъæнæг службæ цæрæн пункт Уистæйы сæ хъус дарынц Гуырдзыстоны пъалицæйы инфраструктурон объекттæм.

Таможнæйон комитеты сæргълæууæг Цоциты Александр куыд радзырта, афтæмæй 2023 азы таможнæйон комитет, планы 152 милуан 270 мин сомы бæсты республикæйы бюджетмæ бахаста 218 милуан 228 мин сомы.

Дарддæр куыд банысан кодта, афтæмæй, нæ республикæйы иуæй-иу амалиуæггæнджытæ раст нæ дзурынц Уæрæсейæ æрласгæ товарты таможнæйон фиддонты тыххæй, адæмæн уырнын кæнынц, ома, дам, республикæмæ цы товартæ ласынц, уыдонæн нæ фæивтой таможнæйон фиддонтæ.

«Амалиуæггæнджытæ дзурынц, зæгъгæ, раздæр цас фыстой Дæллаг Зæрæмæджы таможнæйы, ныр дæр фидынц уыййас. Афтæмæй нын дискредитаци кæнынц, экспортон товарты тыххæй цы куыст бакодтам æмæ уæзты документаци аразыны тыххæй æрвылбон дæр цы кусæм, уый.

Соцхызæджы цы  информаци парахат кæнынц, ома Хуссар Ирыстон фæфылдæр кодта таможнæйон фиддонтæ, уый  мæнг информаци у. Æддагэкономикон фадыджы цы амалиуæггæнджытæ кусынц, уыдонæн сæ товарты тыххæй декларацитæ брокертæ æхцайыл аразынц. Амалиуæггæнджытæ-иу сæ документацимæ сæхæдæг дæр куы æркæсиккой, уæд æй зониккой, цæй тыххæй цас фидынц, уый. Брокертæ дзурынц, зæгъгæ, уавæртæ февзæрдæр сты æмæ сæ куысты аргъ дæр фæзынаргъдæр», – загъта Цоциты Александр æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, æвæстиатæй райсын хъæуы мадзæлттæ уавæр рараст кæныны тыххæй.

Гаглойты Алан Президенты Администрацийы сæргълæууæг Мæргъиты Аланæн бахæс кодта, цæмæй экономикæйы министры æмæ таможнæйон комитеты сæргълæууæджы хайадистæй фембæла амалиуæггæнджытимæ. Цæмæй проблемæ скъуыддзаг æрцæуа, уый тыххæй фембæлын хъæуы брокертимæ дæр.

ОСИАТЫ Индирæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.