Сæрд ис йæ тæмæны æмæ нæ фæтыхсын кæны йæ тæвд бонтæй. Адæймаг йæхи хизы æрмæст хуры тæвд тынтæй нæ, фæлæ ма сæ гъæд тагъд кæмæн фесæфы æмæ адæймаджы æнæниздзинадæн зиан чи ракæны, ахæм хæлцадон продукттæй дæр. Тæвд рæстæджы уæлдай цыбырдæр вæййы бирæ продукттæй пайда кæныны æмгъуыд дæр, уыдоны нымæцы тортытæ æмæ кремимæ конд æндæр кондитерон хæринæгтæ. Кремы уымæлад бæрзонд кæй вæййы æмæ дзы хæлцадон буарадтæ бирæ кæй ис, уымæ гæсгæ дзы хорз уавæртæ вæййы зианхæссæг патогенон микроорганизмтæ фæзынынæн, уæлдайдæр та стафилакоккы. Ахæм хæринæгтæн æфснайæн нæй æнæ уазалгæнæн æмæ сæ хъæуы цыбыр æмгъуыдмæ спайда кæнын.

РХИ-йы Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны æмæ адæймаджы фæрныгады къабазмæ хъусдарыны фæдыл комитеты сæргълæууæг Санахъоты Жаннæ куыд зæгъы, афтæмæй сæрды тæвд рæстæджы, уæлдай тынгдæр тас вæййы фæхъæстæ уæвынæн. “Уымæ гæсгæ макуы æлхæнут кремимæ конд кондитерон хæринæгтæ, кæцытæ комкоммæ æвæрд вæййынц магазинты, æхсæнадон-хæлцадон объектты, кæм сæ цæттæ кæнынц, уыцы цехты тæрхджытыл. Афтæ куы уа, уæд ахæм кон-дитерон хæринæгтæ чи уадзынц, уыцы æбæрн амалиуæггæнджыты æрцахуыр кæндзыстæм æмæ сын балхæнын кæндзыстæм, ахæм продукци æфснайын æмæ реализаци кæнынæн сæрмагонд уазалгæнæн ифтонггæрзтæ.

Кондитерон хæринæгтæ æлхæнгæйæ æнæмæнг бацымыдис кæнут сæ маркировкæмæ, уым хъуамæ уой зонæнтæ, чи сæ сцæттæ кодта, кæм сæ сцæттæ кодта, товары ном, йæ аргъ, цæмæй конд у æмæ сæйраджы сæйраг та дзы информаци хъуамæ уа, кæцы бон æмæ йæ сахат сцæттæ кодтой, уый тыххæй. Алыгъуызон ингриденттимæ конд кремæй хæринæгтæн сæ пайда нæныны æмгъуыд вæййы алыгъуызон.

Фæлæ, уæлдай тынгдæр чи сæфынц, ахæм продукттæ æфснайынæн ис æрмæстдæр 4-2 градусы температурон режим хъахъхъæнгæйæ. Кремæй æмæ суфлейæ, дыргъты повидлæйæ сæрст чи не сты, ахæм тортытæ æмæ гуылтæ æфснайыны æмгъуыд у 72 сахаты, сæрст чи сты, уыдонæн та -18 сахаты.

Салаттæ æмæ винегреттæ дæр хауынц уæлдай тынгдæр  чи сæфынц, ахæм продукттæм. Фых халсæрттæй салаттæ æмæ винегреттæ æфснайыны æмгъуыд у 18 сахаты, майонез æмæ сæ соусимæ схæццæ кæнгæйæ 12 сахаты, дзидза æмæ сæм кæсаг бафтаугæйæ 18 сахаты.

Ацы фæдзæхстытæ ницæмæ æрдаргæйæ сымах тасы æппарут уе ‘нæниздзинад. Æмæ кæд уæ бартæ хæлд æрцыдысты, ахæм продукттæ æлхæнгæйæ, кæд уын рауæй кодтой, йæ пайда кæныны æмгъуыд кæмæн фæцис, ахæм товар, нæй товары тыххæй æмбæлон информаци æмæ йæм уæ зæрдæ фехсайдта, уæд ма базивæг кæнут æмæ фехъусын кæнут РХИ-йы Фæлхас-гæнджыты бартæ хъахъхъæныны æмæ адæймаджы фæрныгады къабазмæ хъусдарыны фæдыл комитетмæ, кæцы  ис Цхинвалы  Горькийы  уынджы  39-æм  бæстыхайы, кæнæ та æрбадзурут ахæм телефоны номыртыл  8929 806 50 30,  – зæгъы комитеты сæргълæууæг.

                  БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.