Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли тæфæрфæсы тел арвыста Ливаны Республикæйы Президент Мишель Аунмæ Бейруты трагикон цауты тыххæй.

Телы дзырдæуы:

«Цытджын Президент!

Республикæ Хуссар Ирыстон стыр хъыгзæрдæимæ райста Бейруты трагикон цаутæ æмæ бæллæхтæ, кæцытæ расайдтой бирæнымæц уды зиæнттæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм, къухдариуæгад æмæ сæрмагондæй мæхи номæй, мæсæллæй зæгъын  æппæт фæмардуæвджыты бинонтæн æмæ æввахс хиуæттæн. Уыцы трагедийы хъыгдард чи баййæфта, æппæт уыдонæн та, тагъд рæстæджы цы сæнæз, уой, ахæм фæндиæгтæ.

Курæг дæ дæн, цæмæй хъыгдард баййафджытæн зæгъай фарсхæцынады ныхæстæ»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.