Дæ хæлæрттæ цахæм зондылхæст сты, ахæм зондылхæст уыдзынæ дæхæдæг дæр, фæзæгъынц бирæтæ æмæ сты раст. Уымæн æмæ адæймаг, уæлдайдæр та æвзонгæй арæхдæр цы фæуыны æмæ цы фехъусы, уый бауарзы æмæ базоны æнцондæрæй, раздæр æмæ тагъддæр.

Нæ горæты æвзонг цæрджытæ Санахъоты Димитри æмæ Хъуылымбегты Дауыт ахуыр кæнынц дыккæгæм астæуккаг скъолайы дæсæм къласы. Фæсурокты-иу Цхинвалы æвзæнгты техникты станцмæ куы атагъд кодтой, уæд-иу сæм се ‘мкъласон Хуыбылты Радион тæхуды кодта, уæлдайдæр та, семæ кæй нæ вæййы, уый тыххæй.

Радион иу бон нал баурæдта йæхи æмæ сæ бафарста, зæгъгæ, гæнæн ис æмæ æз дæр цæуын райдайон уемæ. Лæппутæ кæрæдзимæ бакастысты, сæ мидбылты худтысты æмæ æвзæнгты станцмæ атындзыдтой иумæ. Радионмæ байхъуыстой станцы разамонджытæ æмæ йæ фæндты тыххæй сæ разыйы ныхæстæ куы загътой, уæд йæ цинæн кæрон нал уыд.

Фыдæлтæй фæстæмæ хъæдæрмæгæй хæдзарон мигæнæнтæн нæ адæм лæвæрдтой стыр нысаниуæг. Алы ирон бинонтæ дæр тырныдтой, цæмæй сын уыдаид уæрдон, дзоныгъ. Алы ирон хæдзары дæр уыдис арынг, донхæссæн, куысси, æлвисæн, пирæн æмæ бирæ æндæр ахæм мигæнæнтæ. Уый Радион хъуыста рагæй æмæ йæ бафæндыд, цæмæй араза æрмæстдæр хæдзарон хъæдын мигæнæнтæ. Аразын сæ райдыдта æмæ бонæй бонмæ хуыздæр æмæ рæсугъддæр кодтой хъæдын мигæнæнты гъæд æмæ хуыз. Дзæвгар сыл фæцархайы, цалынмæ йын сæ ахуыргæнджытæ хорзыл нæ банымайынц, уæдмæ. Йæ куыстæй барухс вæййы йæхи зæрдæ дæр æмæ та уæд ноджы разæнгардæй æрæвналы ног куыстмæ.

Радион цы куыстытæ бакодта, уыдонæн сæ иу хай æвæрд сты ахуыргæнæндоны равдыстыты агъуысты.  Йæхæдæг дæр сæм арæх фæкæсы æмæ йæ уый разæнгард кæны дарддæр йæхиуыл кусынмæ.

Гæззаты Иван