Мадæлон æвзаг алы адæймагæн дæр хъуамæ уа тынг зынаргъ, мады ад ын хъуамæ кæна. Нæ мадæлон ирон æвзаг фæстаг рæстæджы уæззау уавæры кæй бахауд, уæлдайдæр та Цæгат Ирыстоны, уый тыххæй ист цæуынц алыгъуызон мадзæлттæ йæ райрæзты фæдыл. Сæдæгай азты дæргъы ирон адæмы сæйраг æмæ æппынæдзухон тох уыд мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ рæзын кæныны тыххæй. Æвзаджы рæзты фарсты стыр бæрндзинад хæссынц ахуырадон уагдæттæ, уыцы нымæцы скъолайы кары агъоммæйы уагдæттæ дæр.

Профессор Битарты Зояйы хъæппæрисæй ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ рæзын кæныны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы арæзт æрцыд  сæрмагонд программæ «Малусæг». Программæйы фæлгæтты скъолайы кары агъоммæйы уагдæттæн мыхуыр æрцыд 42 чиныджы бæрц. Ацы программæйæ уæрæхæй пайда кæнын райдыдтой нæ республикæйы скъолайы кары агъоммæйы уагдæтты æмæ йын ныридæгæн ис хорз фæстиуджытæ. Афтæ кæй у, уымæн мæхæдæг дæр дæн æвдисæн. Мæ чысыл фондзаздзыд фырт у нæ горæты сывæллæтты цæхæрадон «Золотой Ключик»-ы хъомылгæнинаг. Иуæй-иу сывæллæттæй хъауджыдæр, уый æнæзивæгæй цæуы сабидонмæ, тынг уарзы йе ‘мцахъæнтимæ ныхас кæнын, хъазын, афтæ ма уарзы йæ хъомылгæнинæгтæ Санахъоты Маринæ æмæ Гобозты Оксанæйы, арæх мын  фæкæны сывæллонгæс Ходты Заремæйы кой дæр. Æрвылбон дæр æй сывæллæтты цæхæрадонæй хæдзармæ куы ракæнын, уæд æнæмæнгæй цыдæр ног ирон дзырдтæ базоны æмæ нын сæ фæдзуры стыр цымыдисимæ.  Куыд, зæгъæм, зæрдæрайæ бакæсы ирон æвзагыл фыст æмдзæвгæтæ, азары ирон зарджытæ, фæнымайы иронау. Базыдта халсарты æмæ дыргъты нæмттæ, хæдзарон æмæ хъæддаг цæрæгойты нæмттæ. Цæрæгойты нæмттæ йын уырыссагау куы фæамонын, уæд мын сæ уый та иронау фæзæгъы. Бафæндыд мæ, цæхæрадоны хъомылгæнджытæ сæхæдæг та куыд райгонд сты ирон æвзаджы рæзты фæдыл сæрмагонд программæйæ, уый базонын.

Санахъоты Маринæ ныр 37 азмæ æввахс кусы сывæллæтты цæхæрадоны хъомылгæнæгæй. Уый каст фæци  Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультет.  Иу бакастæй дæр зыны, Санахъоты чызг йæ куыст æмæ фыццаджыдæр та йæ хъомылгæнинæгты кæй уарзы, уый. Сывæллæттæй йын алкæмæ дæр ис аудгæ æмæ рæвдаугæ ахаст. Йæхæдæг дæр у æртæ сывæллоны мад.

Радон хатт та Санахъоты чызджы баййæфтон сывæллæттимæ кусгæ, амыдта та сын ирон æвзагæй ног дзырдтæ. Куы йæ афарстон, зæгъын, исты æнтыстытæ уын ис уæ куысты мадæлон æвзаг рæзын кæныны хъуыддаджы, иумиагæй уæ хъомыладон куысты, уæд мын афтæ сдзуапп кодта: «Методикон æмæ æндæр литературæйы ис дæсгай принциптæ, кæцытыл хъуамæ бындуриуæг кæна хъомылгæнæг. Мæ фæлтæрддзинадмæ гæсгæ мæнæн мæ бон зæгъын у, тынг ахсджиаг кæй у, цæмæй алы адæймаг дæр уарза йæ професси, уарза сывæллæтты æмæ тырна алы сывæллоны дæр афтæ схъомыл кæнынмæ, цæмæй сæ сомбоны рацæуа хорз, æгъдауджын адæймæгтæ. Тынг мæ зæрдæмæ цæуы ирон æвзаджы рæзты фæдыл профессор Битарты Зояйы къухдариуæгадæй цы программæ бакуыст æрцыд, уый дæр.

Мах дзы æрвылбон дæр пайда кæнæм нæ хъомыладон куысты æмæ йæ уæхæдæг куыд уынут, уымæ гæсгæ йын ныридæгæн ис хорз фæстиуджытæ. Сывæллæттæ ахуыр кæнынц сæ мадæлон æвзаг сывæллæтты цæхæрадоны. Саби та хæрзчысылæй цы базоны, уый никуы ферох кæны.

Куы йæ афарстон, зæгъын, сывæллæтты цæхæрадон цахæм миниу-джытыл хъуамæ цайдагъ æмæ рæзын кæна сывæллоны скъоламæ бацæуыны агъоммæ, уæд мын афтæ сдзуапп кодта: «Скъолайы кары агъоммæйы ахуырадон уагдоны къæсæрæй бахизгæйæ, сывæллон ахуыр кæнын райдайы дисциплинæйыл, йæхи иннæ сывæллæтты ‘хсæн куыд хъуамæ дара, ууыл. Хъомылгæнæджы хæс у, цæмæй сабийы ахуыр кæна йæ алфæмбылай æрдз уарзын, иннæ сывæллæттæм  æмбæлон ахаст дарыныл, ахуыр сæ кæнæм зæрдæхæлардзинадыл. Арæх ауадзæм гом уроктæ, цыран мах фенын кæнæм нæ хъомыл-гæнинæгтимæ цы куыст бакодтам, уый фæстиуджытæ. Æрæджы мах ауагътам мадзал, кæцы баст уыд зæрдæхæлардзинадимæ, хайад дзы райстой æнæхъæн къорды  сы-вæллæттæ. Мадзал рауад цымыдисон, райгондæй дзы баззадысты куыд сывæллæттæ сæхæдæг, афтæ ныййарджытæ дæр. Ахæм мадзæлтты руаджы сывæллон кæны зæрдæхæлардæр. Адæймаджы уыцы хорз миниуæгыл сабитæ сывæллæтты цæхæрадоны куынæ фæцайдагъ уой, уæд сын скъолайы бирæ зындæр уыдзæн.

Цæмæй нæ куыстæн уа иттæг хорз фæстиуджытæ, уый тыххæй сывæллонимæ æмбæлонæй хъуамæ кусой йæ ныййарджытæ. Кæд æмæ цалдæр азы размæ, ныййарджытæ æххæст кодтой хъомылгæнæджы алы фæдзæхст дæр, уæд ныр æххæст афтæ нал у. Ныр-тæккæ ныййарджытæ сæхæдæг фылдæр домынц хъомылгæнджытæй. Æгæрыс-тæмæй, сæ айрох вæййы иу къорды, цас æмбæлы, уымæй би-рæ фылдæр сабитæ кæй вæййы, уый дæр. Кæй зæгъын æй хъæ-уы, ис ахæм ныййарджытæ дæр, кæцытæ нын алыхатт дæр баххуыс кæнынц нæ хъомыладон архайды, уый тыххæй сæ вæй-йæм райгонд.

Арæх сын ауадзæм куыд гом уроктæ, афтæ бæрæгбонон мадзæлттæ дæр. Бацамонæм сын патриотон æмдзæвгæтæ  æмæ сæ афтæмæй ахуыр кæнæм Райгуырæн бæстæйы уарзыныл. Сывæллон чысылæй куы фæцайдагъ уа ацы æвæрццаг миниуджытыл, чысылæй куы бауарза мадæлон æвзаг, уæд афтæ уыдзæн йæ дарддæры царды дæр. Æрвылбон дæр семæ кæнæм хъомыладон куыст.

Саразæм ирон къуымтæ, цыран æвæрд æрцæуынц нæ фыдæлты рагон дзаумæттæ: авдæн, пирæн, ирон хæдзары кусæнгæрзтæ, сагой, халамæрзæн, къæпи, сбийын кодтам кау æмæ афтæмæй сывæллæтты зонгæ кæнæм нæ фыдæлты æгъдæуттæ æмæ традицитимæ.

Æрæджы горæты цæхæрадæтты ‘хсæн уагъд æрцыдысты ерыстæ, цыран бацахстам призон бынат. Сарæзтам æрдзы къуым, уым æвæрд сты сабиты къухтæй арæзт аргъæут-тæй ист персонажтæ, куыд зæгъæм: уызынтæ, сæтæлæг,  чысыл чызг арсимæ, ис дзы къулбадæг усы хæдзар, афтæ ма рæсугъд бæлас. Ацы  къуымы тыххæй хъомыл-гæнджытæн лæвæрд æрцыдысты РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады Кады грамотæтæ.

Чертхъоты Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.