Хуссар Ирыстонмæ Уæрæсейы фидауынгæнæг тыхты æрцыдыл 30 азы кæй сæххæст, уый цытæн Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрады хъæппæрисæй киноконцертон зал «Чермен»-ы цалдæр боны размæ байгом Тугъанты Махарбеджы номыл нывгæнæн ахуыргæнæндоны студенттæ æмæ рауагъдонты нывты æмæ дипломон куыстыты равдыст.

Мадзал байгом кæныны размæ равдыстмæ æрбацæуæг уазджыты раз раныхас кодта Хуссар Ирыстоны Культурæйы министры хæдивæг Кадзты Филипп. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстон æмæ ирон адæм фыдæлтæй фæстæмæ цы бæрæгбонтæ нысан кæнынц, уыдонмæ ма 30 азы размæ бафтыд, ноджыдæр иу бæрæгбон. Уæд гуырдзиаг фыдгæнджыты аххосæй Хуссар Ирыстоны цæрæг адæм афтæ стыхстысты, æмæ се ‘ппæт дæр цасдæрбæрцæй фæхицæн сты сабыр цардарæзты хъуыдытæй. Адæм кæд стыхстысты, алы бон дæр алырдыгæй хъуыстой æрмæстдæр тасы æмæ сагъæсты хабæрттæ, уæддæр сæ ныфс нæ саст. Фæрæзтой æмæ æнхъæлмæ кастысты стыр æмæ хъомысджын Уæрæсейы æххуысмæ æмæ се ‘нхъæлмæ каст æнæхъуаджы нæ фæцис. 1992 азы 14 июлы Уæрæсейы разамынд хуссарирыстойнаг адæмы уыцы хъизæмæрттæй фервæ-зын кæныны нысанæн æрæрвыста йæ фидауынгæнæн тыхты. Адæм сыл фембæлдысты цины æмæ мидбылхудты æнкъарæнтимæ, сæ размæ сын æппæрстой дидинджыты бастытæ, дзырдтой сын æнтысты æмæ бузныджы ныхæстæ. Кæд ма уый фæстæ дæр ирон адæм банкъардтой æмæ федтой бирæ зындзинæдтæ, уæддæр хорз æмбæрстой, рæхджы уыдæттæн кæрон кæй æрцæудзæнис, Ирыстон æмæ ирон адæм цæрæнбонтæм сæрибар кæй æрцæудзысты фашистон Гуырдзыстон æмæ йæ тугмондаг фыдгæнджытæй.

– Нæ адæм уæззау уавæры куы уыдысты, уæд нæм Уæрæсе фæдаргъ кодта йæ къух, фервæзын нæ кодта ноджы стырдæр фыдбылызтæй, – зæгъы дарддæр Къадзты Филипп æмæ банысан кодта, зæгъгæ, абон Уæрæсе æппæт сабыруарзаг адæмты сомбоны рæсугъд цард сифтонг кæныны нысанæн йæхæдæг ис уæззау уавæры. Хуссар Ирыстоны хъæбултæ дæр балæууыдысты сæ фарсмæ æмæ хъæбатырæй тох кæнынц сабыруарзаг адæмты иумæййаг знаг, фашизмы ныхмæ. Мæ зæрдæ сын зæгъы, цæ-мæй фашизм тагъддæр куынæг æрцæуа æмæ, куыд нæ хæстонтæ, афтæ Уæрæсейы хæстонтæ, дæр сæ райгуырæн къуымтыл сæмбæлой сæрæгасæй.

Раныхасгæнæг ма банысан кодта, зæгъгæ, уым чи фæмард, уыдон нæмттæ никуы ферох кæндзыстæм, цæрæнбонтæм сын мысдзыстæм сæ хъæбатырдзинæдтæ.

Тугъанты Махарбеджы  номыл нывгæнæн ахуыргæнæндоны директор Зассеты Сæрмæт та равдыстмæ æрцæуæг æмбæстæгты йæ раныхасы лæмбынæг базонгæ кодта æмæ æрдзырдта, равдысты цы нывтæ ис, уыдон æмæ сæ авторты тыххæй. Уый фæстæ бар радта, цæмæй ноджы хуыздæр базонгæ уой, равдысты экспонаттимæ.

Равдысты равæрд нывтæ кæд алыгъуызон сты, æвдисынц хицæн æмæ хицæн фæлгæнцтæ, уæддæр сæм иумæййагæй уый ис, æмæ æвдисынц ирондзинад. Сæ автортæ алыварсонæй дæр бацархайдтой, цæмæй сæ хъуыдыты цы фæлгонцтæ сæвзæрд, уыдон равдисой æххæстæй æмæ сын уый æнтысгæ дæр бакодта. Нывтæй алкæцыйы дæр зыны йæ авторы профессионалондзинад, фæлæ залы уæвæг æмбæстæгты хъуыдымæ гæсгæ, хуыздæр нывты рæнхъытæм хауынц «Джеры Дзуар», «Накануне праздника», «После работы», «Ирон хæдзары фарн», «Мельница», Гончар» æмæ æндæртæ. Сæ автортæ  сты Бибылты И., Кокойты А., Тыджыты М., Гæззаты А., Бæззаты С., Гуыцмæзты Р., æмæ æндæртæ.

ГÆЗЗАТЫ Иван

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.