Æрвылаз дæр Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы кадæн би-рæ мадзæлттæ уагъд æрцæуы нæ республикæйы сæйраг горæт æмæ районты культурон артдзæстыты.

 Ныр дæр та нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы клуб «Æнæниз» фæлтæр» æмæ ногдзауты организаци «Ногдзау»-ы уæнгтæ сæ ахуыр-гæнджытæ Гæбæраты Екатеринæ æмæ Тедеты Ноннæимæ сфæнд кодтой æмæ ацыдысты ирон адæмы æхсарджын фырт, йæ æнæамæлгæ сгуыхтдзинад ирон адæмы историйы стыр хъæрнывæй фыст кæмæн æрцыд, уыцы хъайтар Остъаты Алексийæн йæ райгуырæн хъæу Сохтæм æввахс цыртдзæвæн æвæрд кæм æрцыд, уырдæм. Ахуыргæнинæгтæ æмæ сæ ахуыргæнджытæ ссыгъдæг кодтой цыртдзæвæн æмæ йæ алыварс территори уæлдай брæттæ æмæ кæрдæджытæй, стæй йыл сæвæрдтой дидинтæ. Ахуыргæнинæгтæн цымыдисон кæй уыд, Остъаты Алексийы цардвæндаг, уымæ гæсгæ сын сæ ахуыргæнджытæ лæмбынæгдæр радзырдтой йе сгуыхтдзинæдты тыххæй. Тедеты Ноннæ сын йæ раныхасы бацамыдта Хъайтары ном Алекси Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы кæй нæ райста, фæлæ ацы номимæ уый дæрæн кодта немыцаг тыхæйисджыты дæр. Хъайтары ном та йын лæвæрд æрцыд ацы хæсты агъоммæ советонфинаг хæсты. Алекси фынддæсаздзыдæй баззад сидзæрæй. Йæ фыд Егор уыд партизан æмæ фæмард 1920 азы меньшевикты къухæй. Йæ ныййарæг мад та амард уæззау низæй, афтæмæй Алекси баззад бынтон сидзæрæй. Хъуыд цардамæлттæ кæнын æмæ уæд Алекси ацыдис Цæгат Ирыстонмæ æмæ кусынмæ бацыд Дзæуджыхъæу-Назраны æфсæнвæндагмæ. 1927 азы барвæндонæй бацыдис Кавказаг национ полчы сырхæфсæддонты рæнхъытæм, стæй та ногæй кодта йæ фæллойадон архайд. Куыста Джызæлдонарæзтады слесарæй. Йæ æвзыгъддзинæдтæ йын уынгæйæ Джызæлдонарæзтады разамынад Остъаты Алексийы арвыста Ленинградмæ запасы командиртæ цæттæгæнæн курсытæм. Уый фæстæ ахуыр кодта æфсæддон тæхджыты Луганскы скъолайы. Каст æй куы фæцис, уымæй æхсæз азы фæстæ уыд 58-æм авиацион полчы бомбæзгъалæг цæджы командир æмæ архайдта урсфинæгтимæ тохы. Хæстон хæстæ æххæст кæ-нынмæ арæхст иттæг хорз. 1939 азы радон хæс æххæст кæнгæйæ фæцæф йæ къах, хæдтæхæджы фæрстæ та фесты 50 цæфы. Фæлæ уæддæр йæ хæстон архайд уыд тынг æнтыстджын, хæдтæхæг та æрба-дын кодта йæхи аэродромы. Уыцы атахты тыххæй Алекси райста йæ фыццаг хæрзиуæг – Сырх Тырысайы орден. Госпиталы фæстæ Алекси ногæй æрлæууыд йæ хæстон æмбæлтты фарсмæ. Арæх цыдис йæ хæдтæхæг ын чи цалцæг кодта, уыцы техниктæм, цæмæй рæстæгыл цалцæг æрцæуа, уый тыххæй. Куыддæр ын срæвдз, афтæ йын æрынцой нал уыд. Йæ хæстон атахтыты нымæц фылдæрæйфылдæр кодта. Цæмæй арæхстджынæй арæхстджындæр кодтаид, уый тыххæй нæ ауæрста йæ тыхтыл. Æнæауæрдонæй дæрæн кодта знаджы æмæ йæ полчы командир бавдыста Хъæбатыры «Сыгъзæрин Стъалы» райсынмæ. Æмæ йын афтæ 1940 азы 21 марты лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры ном», – загъта йæ раныхасы кæрон Тедеты Ноннæ.

Фæлæ, сымах хъуамæ зонат, тæхæджы дæсныйад Алекси æрдзæй кæй рахаста, дзырдта ахуыргæнинæгтæн Гæбæраты Екатеринæ дæр. «Хистæр фæлтæр куыд дзырдтой, афтæмæй иу чысылæй  дæр къæцæлтæй хæдтæхджытæ сарæзта, хъæбæр гæххæттæй-иу ын базыртæ сарæзта æмæ-иу сæ бынмæ комы ‘рдæм дæлæмæ ауагъта. Алекси у табу кæнын кæмæн хъæуы, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты дæр активонæй чи тох кодта, знаджы ныхмæ, ахæм хъæбатыр. Уый уыдис 208 бомбæзгъалæг авиацион полчы командир. Хъæбатыр тæхæг хæсты кæддæриддæр уыд разæй. Фæлæ, стыр хъыгагæн, 7 январы радон хæстон атахт æххæст кæнгæйæ, знаджы аэродромыл бомбæтæ æрæппарыны фæстæ Остъайы фырты хæдтæхæг тыхджын фæцæф. Уый ма бæргæ фæлвæрдта йæ аэродроммæ баирвæзыныл дæр, фæлæ ацы хатт йæ хæдтæхæг  йæ коммæ нал бакаст, æрхауд æмæ хъæбатыр тæхæг фæмард. Уый бавæрдтой Мæскуыйы, Новодевичьейы уæлмæрды. Сымах хъуамæ зонат, хъæбатыртæ кæй нæ мæлынц, уый. Нæ амардис Алекси дæр. Мæскуыйы горæты скъолатæй иуæн лæвæрд æрцыд йæ ном. Ногир æмæ Дзæуджыхъæуы 25-æм астæуккаг скъолатыл конд ис мемориалон фæйнæджытæ. Йæ номыл ис уынгтæ Дзæуджыхъæуы, Цхинвал, Къуайсайы горæтты, Сунжæ, Тарскæ, Ногир æмæ Донгæроны хъæуты. Цырт æвæрд ын ис нæ сæйраг горæт Цхинвалы. Цырт æвæрд ын кæй æрцыд йæ райгуырæн хъæумæ æввахс, уымæн дæр уæхæдæг стут æвдисæн», – загъта йæ ныхасы кæрон Гæбæраты Екатеринæ. Уый ма куыд загъта, афтæмæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизы бон хъæбатыр хæстонтæн сирентæ кæй лæвæрдтой, уымæ гæсгæ се скъолайы кæрты уыдон дæр сфæнд кодтой, сирены талатæ схъомыл кæнын. Æмæ сæ ном арынæн нæ республикæйы районты цы цыртдзæвæнтæ арæзт æрцыд, уымыты сæ нысса-дзын.

Сæ ахуыргæнджыты раныхас номдзыд тæхæджы тыххæй ахуыр-гæнинæгтæн уыд цымыдисон. Афтæ кæй уыд, уымæн æвдисæн цы бирæ фарстытæ сæм æвзæрдис, уый.

Уыцы бон ма ахуыргæнинæгтæ æмæ сæ ахуыргæнджытæ бацыдысты Чеселты хъæумæ бацæуæны цы кувæндон ис, уырдæм. Ацы кувæндон, канд йæ равзæрды рæсугъддзинадæй не здахы йæхимæ адæймаджы цæстæнгас, фæлæ ма йæ цымыдисон историйæ дæр. Ам дæр ахуыргæнинæгтæ бафснайдтой йæ рæстæг дзы хъæлдзæгæй чи арвыста æмæ сæ фæстæ æнæфснайдæй кæй ныууагътой, уыцы брæтты. Уый фæстæ цымыдисæй байхъустой ацы дзуары сырæзты историйæ сын сæ ахуыргæнджытæ кæй радзырдтой, уыцы раныхæстæм.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.