Æхсæнадон размæцыд æмæ хисæрмагонд цардарæзты тыххæй дзæвгар уыдысты ветерантæн се ‘рвылбонон куыст, архайд æмæ аудинæгтæ. Уыдон иу боны фыдæбон нæ уыдысты, фæлæ сыл дысæсчъилæй архайдтой, цалынмæ пенсийы ацыдысты, уæдмæ. Рæстæгæй рæстæгмæ уыцы æнæзæрдæхудт куысты фæдыл истой хорзæхтæ, арфæтæ æмæ бузныджы ныхæстæ. Ныр та сæ кармæ гæсгæ, систы ветерантæ. Сæ раздæры хæрзиуæгон фæллойы тыххæй сыл хъуамæ аудой æмбæлон органтæ, уавæртæ æмæ фадæттæм гæсгæ сын сæ хъус хъуамæ дарой се ‘нæниздзинад æмæ цардуагон æндæр æмæ æндæр фарстытæм. Бацымыдис кодтон, Цхинвалы районы ветерантæ цы уавæрты æрвитынц сæ рæстæг, уымæ æмæ мын уыдæтты тыххæй цыбыртæй радзырдта районы Ветеранты советы сæрдар Гуыззыдтаты Аристо:

– Нæ районы ветерантæ сæ професси æмæ архайдмæ гæсгæ дих кæнынц цалдæр къордыл. Зæгъæм, ис нæм куысты ветерантæ æмæ сты 89 адæймаджы. Зæгъын хъæуы, раздæр азты уыдоны цардуагон уавæртæм хъусдард хуыздæр уыд, фæлæ ныр афтæ нал у. Зæгъæм, бахардзгонд электроэнергийы аргъæй сын лæвар уыд 45 киловаты, фæлæ уый ныр афтæ нал у æртæ азы дæргъы. Нæй сын хатыртæ бæлццæттæласæн транспорты дæр æмæ уымæ гæсгæ фæтыхсынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ рæстæджы намысджынæй чи фæфыдæбон кодтой хицæн æмæ хицæн къабæзты, уыцы ветеранты цардуагон фарстытæм хуыздæр хъусдард хъæуы здахын. Барадхъахъхъæнæг органты чи фæкуыста, ахæмтæ районы сты 4 адæймаджы. Сæрмагондæй зæгъын æмбæлы, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты тыххæй. Районæй тынг бирæ агуылф кодта, немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ тохмæ. Уæлахизæй чи æрыздæхтысты сæ райгуырæн къуым-мæ, уыдон раздæр азты бирæ уыдысты, фæлæ Хъыгагæн, ныртæккæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ  цыппар йеддæмæ нал сты; Хелцуайæ Мæлдзыгаты Владимир, Уанатæй Къæбулты Павел, Арцеуы хъæуæй Цациашвили Иван æмæ Къусраты Илья. Фæмардуæвæг хæстонты рухс нæмттæ арыны цытæн арæзт æрцыдысты цыртдзæвæнтæ Къостайыхъæуы, Тъбеты, Ходы, Зары, Дменисы, Бихъары, Къохаты, Горет æмæ æндæр хъæуты. Присы хъæуæй Уæлахизы боныл чи нал бацин кодта,йæ уарзон хъæуыл чи нал сæмбæлд, уыдон рухс нæмттæ арыны цытæн ам дæр рæхджы, цытджын æгъдауæй байгом уыдзæн цыртдзæвæн. Цыртдзæвæн саразынæн стыр æххуыс бакодта Парламенты раздæры Сæрдар, ныр та Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли. Цыртдзæвæн ныридæгæн у цæттæ, куыстæуы ма йæ алыварс æрæхгæныныл. Венгрийы цауты хайад чи иста, уыцы ветеранты нымæц та районы у 4.

Знаджы ныхмæ тохы къаддæр нысаниуæг нæ уыд, фæсчъылдым чи баззадысты, уыдоны хъазуатон куыстæн æх-сæнадон хæдзарадты. Уыдон дæр сæ хайбавæрд хастой знагыл тагъддæр фæуæлахизы хъуыддагмæ. Абоны бонмæ сæ нымæц районы у 16, се ‘мбис сты сылгоймæгтæ, иннæтæ та нæлгоймæгтæ Гудзабар, Къостайыхъæу, Сатихъар, Рустау, Наниаур, Дменис æмæ æндæр хъæутæй. Хæсты хайадисджыты идæдзтæ нæ районы сты 16, Афганистаны хæсты хайадисджытæ та нæм нымадæуы 15. Хорз уаид æмæ фылдæр хъусдард здæхт куы цæуид нæ ветеранты цардуагон уавæртæм», – зæгъы Аристо.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.