Ивгъуыд аз республикæйы скъолаты каст фесты 489 рауагъдоны. Уыдонæй Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм ахуырмæ бацыд 114 рауагъдоны. 73 абитуриенты уæрæсейаг ахуыргæнæндæттæм райстой «Россотрудничество»-йы хаххыл. Иннæтæ та бацыдысты, ахуырады министрад æмæ уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæн уагдæтты ‘хсæн бадзырдты фæлгæтты цы квотæтæ рахицæн æрцыд, уыдоны фæрцы.

Ацы аз та Хуссар Ирыстоны скъолатæн хæрзбон зæгъдзысты 411 рауагъдоны. Уыдонæй 54 фæнд кæнынц уалдзæджы Иууон паддзахадон фæлварæнтæ раттын Цæгат Ирыстон-Аланийы, цæмæй стæй бацæуой Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм. Рауагъдонты хъуыд сæ куырдиæттæ развæлгъау бавдисын Ахуырад æмæ зонады министрадмæ, цæмæй сын цæгатирыстойнаг рауагъдонты æмрæнхъ фадат уа раттын паддзахадон фæлварæнтæ Цæгат Ирыстоны. Скъоладзаутæй куырдиæттæ ист цыдысты январы мæйы онг.

Зонад æмæ ахуырады министрады куыд зæгъынц, афтæмæй æдæппæт Иууон паддзахадон фæлварæн (ЕГЭ) дæтдзысты 54 рауагъдоны. Министрады зонад æмæ профессионалон ахуыры хайады хистæр Цыбырты Альда куыд загъта, афтæмæй рауагъдонтæй 12 зæгъынц, зæгъгæ, нæ зæрды ис уæлдæр ахуырмæ лингвистикон хаххыл ацæуынмæ. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ,  ивгъуыд аз хуссарирыстойнаг рауагъдонтæ Дзæуджыхъæуы фæлварæнты рæстæджы кæй равдыстой иттæг хорз зонындзинæдтæ уырыссаг æвзагæй.

Ахуырады министрады ма куыд зæгъы, афтæмæй ацы аз дæр рауагъдонтæм æнхъæлмæ кæсынц ахæм хорз зонындзинæдтæм. Фарон куырдиæтты нымæц схызт 170 онг, фæлæ фæлварæнтæ дæттынмæ уалдзæджы ацыд æрмæстдæр 30 рауагъдоны. «Ахуырдзаутæн лимиттæ сæ къухы куы бафты, уæд сæ фæлварæн раттыны сæр нал бахъæуы, уымæ гæсгæ сæ нымæц зынгæ фæкъаддæр вæййы», – загътой министрады.

«Россотрудничество»-йы хаххыл Уæрæсейы Федерацийы ахуырадон уагдæттæм чи цæуа, уыдон фæлварæнтæ фæдæттынц цалдæр мæйы раздæр. Кандидатты равзарынц зонындзинæдтæм гæсгæ. Олимпиадæты уæлахиздзаутæ, стæй ма ЕГЭ-йы тестытæ чи хуыздæр сæххæст кæна, уыцы ахуырдзаутæн уыдзæнис хуыздæр шанстæ.

«Раздæр азты нæ рауагъдонты хъуыд «Россотрудничество»-мæ æрмæстдæр бавдисын сæ документтæ æмæ нысæнтты табель. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æрмæст нысæнттæм гæсгæ ахуыргæнинаджы зонындзинæдтæ зын у сбæлвырд кæнын. Уымæ гæсгæ ацы аз райстæуыд уынаффæ, цæмæй сывæллæтты зонындзинæдтæ бæлвырд цæуой алыгъуызон тестытæ, Иууон паддзахадон фæлварæн æмæ олимпиадæты фæстиуджыты руаджы», – зæгъы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали.

Министры ныхæстæм гæсгæ фæстаг азты рауагъдонтæ вæййынц хорз цæттæ. Уымæ гæсгæ бацæуæн фæлварæнтæ иууылдæр раттынц хорз нысæнттыл.

Фарон сыгъзæрин майдантæ райсынмæ уыд 14 кандидаты. Хъыгагæн, уыдон се ‘ппæт дæр нæ райстой майдантæ. Ацы аз, фаронмæ абаргæйæ, къаддæр не сты, фæлæ уыдон нымæц фæбæрæг уыдзæнис ахуыры азы кæрон.

Министрады куыд зæгъынц, афтæмæй ивгъуыд аз Уæрæсейы финансон академимæ æрвыст æрцыдис æртæ рауагъдоны, уыцы ахуыргæнæндонæн Цæгат Ирыстон-Аланийы цы филиал ис, уырдæм та – 6 абитуриенты. Уымæй дарддæр ма фарон Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетмæ рахицæн æрцыдис фараст бынаты. Уырдæм рауагъдонтæ сæхи тыхтæй дæттой фæлварæнтæ ЕГЭ-йы бындурыл. Ныр дæр нæ ныфс ис, уыцы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм та нæм кæй æрбарвитдзысты хонæнтæ.

Бæрæг куыд у, афтæмæй Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм чи ацæуы, уыдон куыд ахуыр кæнынц, уымæ хъусдард цæуы. Сæрды улæфтыты рæстæджы сæ райгуырæн къуыммæ куы æрцæуынц, уæд сæ йæхимæ райсы Президент. Уыдон бæстæйы сæргълæууæгæн радзурынц сæ ахуыры фæдыл, стæй цы  ахуыргæнæндæтты   ахуыр кæнынц, уым сæм цы ахаст ис, уыцы фарстытыл.

Куыд зонæм, афтæмæй Уæрæсейы уæл-дæр ахуыргæнæндæттæм ацæуыны фадат алкæмæн нæй. Бирæтæ ахуырмæ бацæуынц нæхи университетмæ, кæннод та – Цхинвалы бирæпрофилон колледжмæ. Фæстаг рæстæджы колледжы цæмæй æххæст ахуырадон процесс нывыл уыдаид, уый тыххæй ифтонг æрцыд нырыккон ног ифтонггæрзтæй. Ныр уым чи ахуыр кæны, уыдон цайдагъ кæнынц ахæм популярон професситыл, куыд автомеханик, згъæрыл кусæг, хуыйæг, хæринагаразæг æмæ æндæр дæсныйæдтыл. Ныртæккæ нæ республикæйы бирæ нæй хорз автосервистæ, цыран æххæстæй цалцæг цæуой алыгъуызон фæсарæйнаг машинæтæ. Шофыртæн сæ фылдæр сæ фæсарæйнаг маркæ машинæтæ аразынмæ фæкæнынц Цæгат Ирыстонмæ.

Ныййарджыты фæфæнды, цæмæй сæ сывæллæттæ суой юристтæ, экономисттæ кæнæ дохтыртæ. Афтæмæй та не ‘хсæнад æййафы хъуагдзинад бирæ професситæй. Бирæпрофилон колледжы рауагъдон та тагъддæр ссардзæн куыст, престижон университеты рауагъдонимæ абаргæйæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.