Хуссар Ирыстоны деле-гаци РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй уыд Беслæны æмæ ссардтой теракты амæттæгты рухс нæмттæ.

Бибылты Анатоли РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны парламентты сæргълæуджытæ, дыууæ республикæйы депутаттæ æмæ Хицауады уæнгтæ иумæ мемориалон комплекс «Зæдты горæт»-ы сæвæрдтой веноктæ æмæ дидинджытæ.

Метрономы зæлты бын кастысты фæмардуæвджыты нæмттæ æмæ мыггæгтæ. Уый фæстæ скъоладзаутæ арвмæ суагътой 334 къорийы, фæмардуæвджытæ цал уыдысты, уый бæрц.

Траурон мадзæлтты хайад райстой 6 мин адæймаджы бæрц.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.