Цыппæрдæс аз рацыд, дуне кæмæй нынкъуыст, Беслæны скъолайы уыцы фыдбæллæхыл. Рæстæг цæуы, фæлæ ирон адæмы хъæдгæмттæ нæ дзæбæх кæнынц.

Æрвылаз дæр Ирыстонæн свæййы ацы трагедийы амæттæгты мысæн бон.

Цхинвалы районы Сатихъары скъолайы ахуыргæнинæгтæн дæр, куыд республикæйы иннæ скъолаты ахуыры аз, афтæ 5-æм сентябрæй райдайдзæнис, уæддæр абон скъоламæ æрбацыдысты се ‘ппæт дæр. Скъоладзаутимæ иумæ æрбацыдысты ныййарджытæ дæр, семæ æрбахастой дидинджытæ, дон æмæ хъазæнтæ.

Номарæн мадзал бацæттæ кодта ацы скъолайы ахуыргæнæг Нукърадзе Гуло. Уый йæ раныхасы загъта, зæгъгæ, «ахæм трагедийæн ферохгæнæн нæй. 334 уды ахаста уыцы трагеди. Банысан кодта, фыдохы мадзæлттæ уагъд кæй цæуы Ирыстоны цæгаты дæр æмæ хуссары дæр. Æрсидт æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй иу минут æмырæй  алæууой.

Уый фæстæ ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ, цырæгътæ ссудзгæйæ, кæрæдзийæн дзырдтой, цыппæрдæс азы размæ цы цаутæ æрцыд, уыдоны тыххæй. Теракты амæттæгтæй уыдис ацы хъæуæй ацæугæтæ дæр…

Дарддæр Нукърадзе Гуло радзырдта, æгас дунейы бирæ арæзт кæй цæуы, цæмæй терроризм куынæг æрцæуа. Уыцы куыст цæуы, цæмæй ахæм бæллæхтæ макуыуал æрцæуа, уый тыххæй скъолатæм сæ хъус дарынц Ахуырады министрад, Паддзахадон æдас-дзинады комитет æмæ арæнхъахъхъæнджытæ. Горæты скъолаты хъахъхъæнынц æнæ-ведомствойон службæйы кусджытæ, скъолаты æвæрд видеокамерæтæ, сæрмагонд прибортæ…

Уый ма радзырдта, Беслæны теракты æнæаххос амæттæгты номыл ам, стæй Уæрæсейы æндæр рæтты цы цыртдзæвæнтæ арæзт æрцыдысты, уыдоны тыххæй.

Скъоладзаутæ дзырдтой æмдзæвгæтæ, акодтой æнкъард зарджытæ, кæцытæ фыст æрцыдысты сæрмагондæй Беслæны трагедийы тыххæй.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.