Зазхæссæнæй къуырийы фæстæ æрбалæууы иууыл кадджындæр адæмон бæрæгбон – Куадзæн (ком + уадзæн, ома, мархо фæцис, æмæ ком уæгъд æрцыд). Ирон адæм Куадзæнмæ сæхи цæттæ кодтой развæлгъау, гæнæн уæвгæйæ, бинонтæ иууылдæр хъуамæ скодтаиккой ног дарæс. Хæдзæрттæ-иу хæрзæфснайд бакодтой. Бæгæны-иу бахсыстой, арахъхъ-иу рауагътой. Йæ къух кæмæн куыд амыдта, уымæ гæсгæ кодтой кусарт дæр чырыстон фосæй. Куадзæн æхсæв-иу æвзонг лæппутæ æрæмбырд сты æмæ-иу иумæ зылдысты æгас хъæуы хæдзæрттыл, зарыдысты, хъæр кодтой: «Чырысти райгас, Чырысти райгас!». Цы æйчытæ сын лæвæрдтой, уыдон-иу уый фæстæ кæрæдзийыл уæрстой. Æвзонг лæппутæ-иу хæдзæрттыл куы зылдысты, уæд-иу сæ уæлæ скодтой алыгъуызон бызгъуыртæ, цæмæй сæ мачи базыдтаид. Уыцы æхсæв-иу алчи дæр архайдта иунæгæй уæвыныл, уымæн æмæ, дам, Чырысти уæларвæй зæхмæ куы ‘рцæуа, уæд йæхи равдисдзæн æрмæст иу адæймагæн, уыцы адæймаг та уый фæстæ кæндзæн амондджын цард. Стырбон-иу райдыдта арфæтæй: «Чырысти райгас!» – «Æцæгдæр райгас!». Уый фæстæ ахæм арфæтæ та сыхæгтæ кодтой кæрæдзийæн.

Куадзæн райсом-иу донскъæфæнтау хæдзары чындзытæ раджы хъуамæ ацыдаиккой суадонмæ дон хæссынмæ, мачи сæ федтаид, афтæмæй: Куадзæны æхсæвы дон, дам, Хуыцауæй арфæгонд у, æмæ дзы фыццаг æрбахæссын кæмæн бантыса, уый æгас афæдз амондджын уыдзæн. Чындзытæ-иу уыцы донæй арынджы ссадыл дзуарæвæрды хуызæн æркодтой æмæ-иу скуывтой: «О, доны чызджытæ, о, Донбеттыр, о, Чырысти! Бафæдзæхсут ацы хæдзары, цардамонд ын радтут. Не скаст дæумæ у, Чырысти, хуыздæр арфæ кæмæн ракодтай, уыдоны æмбал бакæн ацы хæдзары дæр, Мæрдты бæстæйы нын дзæнæты радт бынат». Хæдзары бинонтæ-иу уыцы ногхаст донæй сæхи ныхсадтой, æхсгæ-æхсын-иу сæхи фæдзæхстой Хуыцауæн, бардуæгтæн.

Бирæ хæххон хъæуты Куадзæн нымад цыд хъæлдзæг бæрæгбоныл. Æрæмбырд-иу сты кувæндоны, хъæуы хистæр-иу алкæй кувинæгтæй дæр скуывта, уый фæстæ-иу æгас хъæубæстæй иумæйаг куывды æрбадтысты. Бирæ хатт-иу уыцы куывд æнæхъæн къуыри дæр ахаста. Фæсивæд-иу хъазты æвдыстой сæ арæхстдзинад кафгæйæ. Сæ арæхстдзинад æвдыстой барджытæ дæр – тæхгæ бæхæй фелвас зæххыл æвæрд худ, гъе та дзыхъхъы æппæрст æрхуы æхца. Цы барæг-иу фесгуыхт, уымæн-иу чызджытæ балæвар кодтой сæхи быд алдымбыдтæ.

Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны бирæ рæтты Куадзæн нымад у мæрдты боныл. Хæрд, нозтимæ фæцæуынц уæлмæрдмæ æмæ рухс фæзæгъынц сæ мæрдтæн.

Уыдон нымадтой, зæгъгæ, Куадзæны фæстæ къуырисæр у хистгæнæн бон, æмæ-иу ног мæрд-джынтæ скодтой Куадзæны хист. Ацы хисты тыххæй-иу хъæуы хистæр нæлгоймæгтæ хуыцаубоны (Куадзæны бон) азылдысты ног мæрдджынтыл, раарфæтæ-иу сын кодтой æмæ сæм-иу бахатыдысты, цæмæй сæ мархо дарын ныууадзой, цæмæй мархо хисты бонмæ (къуы-рисæрмæ) мауал рахæссой. Фæстагмæ куадзæны хисты бон къуырисæрæй хуыцаубонмæ (Куадзæны бонмæ) раивтой. Фæлæ дзæвгар рæстæджы дæргъы Куадзæны хисты бон (къуырисæр) æмæ Куадзæн (хуыцаубон) конд цыдысты фæдфæдыл. Куадзæн мæрдты боныл нымад кæм цыдис, уыцы хъæуты дæр-иу хистыты фæстæ рахызтысты хъæлдзæг хъæзтытæм æмæ кæфтытæм.

Куадзæн, куыд Чырыстийы стырбон, афтæ тынг зындгонд у дунейы чырыстон диныл хæст адæмтæм. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, Куадзæн æрбафтыд рагон Скæсæйнаг бæстæтæй æмæ баиу ис бынæттон бæрæгбонтимæ. Адæмы уырнынадмæ гæсгæ, Куадзæн адæмæн æрхæссы стыр цардамонд, уæд райдайы æцæгæй уалдзæг, райхъал вæййы æрдз, сулæфы зæхх. Куадзæн æййафы, хуымтæ, зайæгойтæ сæ тæккæ рæзынмæ куы бахæццæ вæййынц, уыцы афонмæ, æмæ-иу цæмæй уыдон ноджы тынгдæр æмæ тагъддæр рæзой, уый тыххæй арæзтой алыгъуызон ритуалон æгъдæуттæ.

Куадзæны сæйраг æвдисæныл нымад цæуы аик. Аик у ног царды райдиан æвдисæг. Куадзæны фæстæ æппæт бæрæгбонты дæр дзы уымæн пайда кодтой. Сырхахуырст æйчытæн уалдзыгон бæрæгбонты стыр ритуалон-магион нысаниуæг кæй уыдис æппæт чырыстон адæмтæм дæр, уый бæрæгæй зыны этнографион литературæйы дæр. Аик афтæмæй ссис стырбонты культон ритуал, уый символикон æгъдауæй æвдыста Чырыстийы «райгасы» идейæ. Æйчытæ хъуамæ уыдаиккой æнæмæнг сырх кæнæ цъæх ахорæнæй ахуырст, ацы хуызтæ, зæгъгæ, тæрсын кæ-нынц фыдбылызты æмæ алы-хуызон æвзæргæнджыты.

Ацы бæрæгбоны æвзонг фæсивæд ахуырст æйчытæй кæнынц алыгъуызон хъæзтытæ, кæрæдзийыл сæ фæкъуырцц кæнынц æмæ кæмæн ацъæл вæййы, уый йæ иннæмæн радты. Бирæтæ, цæмæй фылдæр æйчытæ рамбылдтаиккой, уый тыххæй хъæдæй саразынц æйчытæ. Æйчытæ хæстæджытæ кæрæдзийæн дæр лæвар кодтой, уазæгуаты куы цыдысты, уæд.

Ахуырст аикы ахæм ритуалон-магион тых кæй уыдис, уымæ гæсгæ адæмы уырныдта, зæгъгæ, уымæн йæ бон у хуымты сæвзæрдыл æмæ хъæздыг тыллæгæрзадыл бандавын, хуымты ихæй бахизын. Куадзæны стырбоны-иу фæсивæд кæрæдзийыл дон калдтой, стыр æртытæ-иу скодтой; ацы æгъдæуттæ дæр арæзтой хъæздыг  хорæрзады тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.