Иу рæстæджы Хуссар Ирыстоны Бикойты Амыран æмæ йæ бригадæйы æнтыстыты тыххæй чи нæ фехъуыста, æвæццæгæн, нæ уæд иунæг ахæм адæймаг дæр. Кусгæ та кодтой, Советон Цæдисы рæстæджы стырдæр арæзтæдтæм чи хаудта, уыцы Рукъы фæндагарæзтады. Сæ ном та айхъуыст, сæ разы цы ахсджиаг хæстæ уыдис,  уыдон уæлдайджынтæй, афоныл æмæ гъæдджынæй кæй æххæст кодтой, уый тыххæй.

Амыран райгуырд æмæ схъомыл Знауыры районы Ганиты хъæуы. Уым бацыд райдиан скъоламæ, фæлæ каст та фæцис Арчънеты астазон скъола. Кæд Амыраны хотæ æмæ æфсымæртæ цыппæрдæс уыдысты, уæддæр нæдæр хæрд æмæ нæдæр дарæсцух æййæфтой. Уыимæ алы хатт дæр се ‘ххуысы къух даргъ кодтой сæ сыхæгтæй тыхст чи уыд, уыцы бинонтæм. Æппæтыл та æххæсыдысты уымæн æмæ бинонтæ куыд иу адæймаг, афтæ иуыл-дæр сæхи æппæрстой хъæууонхæдзарадон куыстытæм, дардтой куыд ставдкъах, афтæ лыстæгкъах фос дæр. Бинонтæ сæхи цух нæ уагътой халсæрттæ æмæ дыргътæй дæр. Куыстой, куыд сæхи, афтæ колхозы хуымты дæр.

Бинонты кæстæр Амыран уыд, кæд æй йæ хотæ æмæ æфсымæртæ алыгъуызон зын æмæ уæззау куыстытæй хъахъхъæдтой, уæдæр сæ фæстæ никуы лæууыд. Уый хыгъд ма-иу сын уæлдай лæггад дæр акодта.

Мад, фыд, хотæ æмæ æфсымæртæ сæ хъæууонхæдзарадон  куыстытыл æнæ уæлдай тыхстдзинæдтæй кæй æххæссыдысты уый Амыран рагæй хатыд æмæ иу бон аскъуыддзаг кодта, цæмæй бацæуа æмæ куса Цхинвалы хъæдфадæн заводы. Йæ фæнд æххæст дæр скодта. Бацыд æмæ дзы кæд бæрцæй æртæ азы бакуыста, уæддæр ирдæй разындысты куыстмæ йæ раппæлинаг ахаст, йæ зæрдæйы уаг æмæ йæ хорз удыхъæды  миниуджытæ. Уæдмæ Амыранæн æрцыдис Советон Æфсады йæ æмбæстагон хæс бафидыны рæстæг æмæ йæ иу райдзаст æмæ рæсугъд уалдзыгон бон йæ бинонтæ, хиуæттæ æмæ зонгæтæ афæндараст кодтой.  Фыццаг бонтæй фæстæмæ уырдыгæй хъуысын райдыдтой йæ хорзслужбæйы хабæрттæ æмæ, йæ кæд командæгæнджытæ уым урæдтой, уæддæр бирæ хорзæхтимæ æрæздæхт йæ райгуырæн бæстæ, хъæу æмæ хиуæттæм.

Амыран æрмæст куыстмæ æвзыгъд нæ уыдис, фæлæ тырныдта ахуырмæ дæр æмæ Кутаисы хæххон техникум куы равзæрста, уæд ма йе мбæлттæ æмæ зонгæтæй сæ иутæ дис дæр бакодтой, зæгъгæ, хъæуы чи райгуырд, хъæууон хæдзарадон куыстыты чи бахсыст, уый цы хъæуы хæххон хъуыддæгты. Техникум каст фæцис æнтысгæйæ æмæ кусынмæ бацыд Тхъуарчелы шахтмæ. Фыццаг æххæст кодта бригадиры куыст, фæстæдæр та нысан æрцыдис мастерæй.

Йæ мызд-иу исгæ дæр нæма ракодта, афтæ-иу, йæ бинонтæн дзы цы амæлттæй арвита, райдыдта ууыл хъуыды кæнын.

Бинонтæ сæ фырты æнтыстытæ æмæ хорз-дзинæдтыл цин кодтой, Амыран та йæ бинонты рæстæмбис цардуагон уавæртыл. О, фæлæ, хъыгагæн, алы хатт алцы зæрдæйыфæндиаг нæ вæййы. Цардæй ацыд Амыраны фыд Исахъ æмæ Амыраны раз слæууыд, уæдмæ йæ скъуыддзаг кæнын цы нæ хъуыд, ахæм фарстытæ. Уæдмæ йæ хотæ æмæ æфсымæртæ ссардтой сæ амæндтæ, апырх сты Ирыстоны къуымты æмæ Амыран, куыд кæстæр хъæбул афтæ æрыздæхт йæ мад Минадоры цурмæ æмæ аныгъуылд хъæууонхæдзардон куыстыты. Æркодта бинонтæ, фæзынд сын кæстæртæ æмæ æххæст кодта, кæддæр йе стыр бинонтæ цы куыстытæ кодтой, уыдон. Йæ сыхæгтæ йын ахæм арфæтæ кодтой, йæ фыды хæдзар æмæ фарн цудын кæй нæ бауагъта, уый тыххæй.

Амыран цыфæнды фарст дæр скъуыддзаг кодта æнцонæй æмæ та ацы хатт дæр рауад афтæ. Ныфс æй уыд, йæ цардæмбал Бæззаты Варя æмæ йын йæ кæстæртæ йæ мад Минадоры тыхсын кæй ницæмæй бауадздзысты æмæ кусынмæ ацыд Цæгат Ирыстоны Зджыды шахтмæ. Амыранæн йæ куыстуарзондзинад æмæ йæ арæхстдзинады фæрцы ам дæр йæ хъуыддæгтæ æххæст цыдысты зæрдæйы фæндиаг, фæлæ уæдмæ аразын райдыдтой Зонкъары донæмбырдгæнæн æмæ йæ фæхуыдтой уырдæм.

Зонкъары донæмбырдгæнæн арæзт куы фæцис, уæд Амыран æрдæг аз бакуыста Тбилисы «Взрывпром»-ы куыстуаты, фæлæ уæдмæ райдыдта Рукъы хæхтыл фæндаджы арæзтад. Ацы арæзтады разамонджыты иу хай уыдысты Тбилисæй, Амыран кæимæ куыста æмæ йæ хорз чи зыдта, уыдон æмæ фæхуыдтой Амыраны дæр. Ам фæндагарæзтадон куыстытæ фыццаг райдыдтой Дзауæй Рукъмæ. Куыддæр хæхты астæуты тъонел айгæрдыны куыстытæм æрывнæлдтой, афтæ уыцы куыстыты уæлхъус фыццаг чи балæууыд, уыдонæй иу уыд Амыран. Тъунелгæрдджытæ æрæвнæлдтой  рæмудзæн куыстытæм. Ам фыццаг рæмыгъды бар кæмæ æрхауд, уый уыд Амыран æмæ йæ сæххæст кодта сæрыстырдзинады æнкъарæнтимæ. Ахæм арæзтæдтæ уæд абонау ифтонг нæ уыдысты алыгъуызон техникæ æмæ кусæнгæрзтæй, бирæ уззау æмæ зын куыстытæ æххæст цыдысты лæгдыхæй, фæлæ Амыран æмæ кæмæн разамынд кодта, уыдон уыцы зындинæдтæй тæрсгæ нæ, фæлæ се ххæсткæнынмæ цыдысты æнæзивæг æмæ зæрдæрайæ. Уыцы хорз миниуджытæ тъунеларæзтады разамонджытæ æнæзонгæ нæ уыдысты æмæ сæ уыдон дæр цух ницæмæй  уагътой, сæ алы домæн дæр цыд æххæст. Тъунел куы фегом, цæгаттаг тъунелгæрдджы-тæм фыццаг чи бахиза уыцы фарст скъуыддзаг куы цыдис, уæддæр куыд тъунелгæрдджытæ афтæ куыстуаты разамонджытæ дæр уыцы хæссæххæст кæныны бар радтой Амыранæн. Куы сæм бахызт уæд ыл фембæлдысты æртæ уæливых æмæ нуазæнимæ.

Амыран ахæм куыстуæттæ цалдæр раивта, цъус уæззау æмæ тæссаг куыстытæ нæ феххæст кодта, фæлæ нæ хъуыды кæны æмæ искуы йæ къух лыг дæр акодта. Нæ хъуыды кæны, фæлæ ахæм æнамонды хабарæй дæр нæ аирвæзт. Иу рæмудзæн куыстыты рæстæджы, цыппар, фондз метры бæрзæндæй, йæ уæлæ æрхауд, йæхи уæзæй фылдæр чи уыд, ахæм къæдзæхдур. Дур æй æрæййæфта лæугæйæ, каска риумæ фæбыцæу, батыдта риу æмæ цы фæцис, уый зонгæ дæр нал бакодта. Æндæр цæфтимæ бахауд рынчындонмæ æмæ дохтыртæ цалдæр мæй архайдтой Амыраны мæлæты дзæмбытæй ратоныныл. Уыцы æнтыст бафтыд сæ къухты æмæ кæд хиуæттæ æмæ кæимæ куыста уыдон уырнгæ дæр нал кодта, Амыран йæ къахыл кæй слæудзæнис уый, уæддæр слæууыд. Рацыд рынчындонæй æмæ сабыргай йæ тых æмæ йæ хъару здæхын райдыдтой йæхимæ. Цалдæр мæйы фæстæ ногæй балæууыд йæ куысты, бригадæйы уæнгты хсæн æмæ ноджы хъаруджындæрæй рывнæлдта йæ хæстæ æххæст кæнынмæ.

     Тъунел куы сырæзт, фæндагыл адæм æдæрсгæ цæуын куы райдыдтой, уæд иу рæстæджы Амыранмæ фæзынд ахæм хъуыдытæ дæр, зæгъгæ, хæрз чысылæй абонмæ иунæг бон дæр æнæ исты саразгæ, бакæнгæ нæ фæдæн, цæй æмæ ныр та улæфгæ бакæнон. О, фæлæ йæ хъуыдытæ æмæ фæндтæй йæ удыхъæд разынд тыхджындæр æмæ йæм иу бон Зæрæмæджы ГЭС-ы арæзтады  разамонджытæ, Рукъы кæимæ куыста, уыдонæй цалдæр хæдзармæ бацыдысты, куы загътой йын, зæгъгæ, не ‘хсæн ды кæй нæ дæ, уый нæ тынг тыхсын кæны æмæ хъуамæ ды дæр æрбалæууай нæ фарсмæ. Байхъуыста сæм, бацыд æмæ Зæрæмæгæй ГЭС-ы сæрмæ хохы хуылфы цы цыппæрдæс километры сæйраг æмæ уæлæмхас тъонелтæ айгæрстой уым дæр та Амыран равдыста сæйраджы дæр йæ куыстуарзондзинад, стæй та йæ фидар удыхъæд.

Амыран фидар æмæ патриотикон удыхъæд равдыста 1989 азы гуырдзиаг фыдгæнджытæ сабырадон митинг ауадзыны æфсон Цыхинвалмæ куы сфæнд кодтой æмæ горæтмæ æрбахизæны урæд куы æрцыдысты, уæд дæр. Уæд Амыран «Адæмон ныхас»-ы уæнг уыдис. Иу бон Амыран, Хъесаты Хъазбег, Цхуырбаты Алекси æмæ Читишвили Самсонæн бахæс æрцыдис, цæмæй ссæуой æмæ митинг саразыны æфсон Цхинвалмæ чи фæнд кæны, уыдон разамонджытæн бамбарын кæной «Адæмон ныхас» æмæ ирон адæмы фæндон, зæгъгæ, кæд уæ исты зæгъын фæнды, уæд рацæут 250 адæймагæй æмæ парчы концертон залы фембæлут 250 иронимæ. Ацы фæндон уæлдæрзагъдгонд лæппутæ сæххæст кодтой. Ссыдысты сæм, фембæлдысты Натадзе æмæ йы фарсмæуæвджытимæ, фæлæ сæ фæндыл не сразы сты æмæ сæ ныхас фæцис, ууыл.                                                                                       

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.