Активон арæзтадон-æндидзынгæнæн процесс æнкъардæуы æрмæст Цхинвалы горæты нæ, фæлæ республикæйы субъектты дæр, сæрмагондæй Ленингоры районы. Ам Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæл-гæтты æххæст цæуы къорд социалон объекты арæзтад.

Бæстæйы ацы скæсæйнаг регион зынгæ бынат ахсы Инвестпрограммæты, куыд чи сæххæст сты, афтæ ныртæккæ реализаци чи цæуынц, уыдоны дæр.

Ныртæккæ Ленингоры поселочы уæрæсейаг фирмæ арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «СоюзСтройПроект» аразы сывæллæтты фыццæгæм цæхæрадоны ног бæстыхай 100 бынатæн. Уый уыдзæн агуыридурæй амад дыууæуæладзыгон бæстыхай, йæ иумæйаг фæзуат – 2040 кв. м., æмæ дзы æппæт уавæртæ дæр уыдзæн сывæллæтты рæзтæн. Сывæллæтты цæхæрадоны бæстыхайы территорийыл арæзт æрцæудзысты цъæх зонæтæ, тротуарон фæндæгтæ. Афтæ ма цæхæрадоны территорийыл æвæрд æрцæудзысты хъазæн аттракционтæ, балæууæндæттæ æмæ æндæр ахæмтæ. Æввахс рæстæджы план цæуы объекты эксплуатацимæ радтын.

Нæ уацхæссæгæн компани «СоюзСтройПроект»-ы сæйраг инженер Плиты Владимир куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ ацы объекты астæрдтыл æвæрынц ламинат, æххæст гуырахстæй дзы цæуынц æндæр мидæггагон куыстытæ дæр. Объекты кусынц 30 адæймаджы, уыдон фаг сты куыстытæ бакæнынæн, æмæ куыстыты гуырахст куы фæфылдæр уа, уæд фæфылдæр уыдзысты аразджытæ дæр. Кусджыты ‘хсæн цъус нæй бынæттон цæрджытæ. Куыстытæ фæуд кæнынц объекты æддагон инженерон хызæгтæм баиу кæныны фæдыл.

«Арæзтады куыстыты темптæ сты стабилон æмвæзадыл. Дырысæй æххæст цæуынц куыст хъахъхъæныны фæдыл фæткойтæ. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ финанскæнынады кæй нæй къуылымпытæ», – загъта Плиты Владимир.

Алы арæзтцæуæг объектмæ дæр фидаргонд сты паддзахадон-унитарон куыстуат «Капиталон арæзтады управленийы» специалисттæ, кæцытæ æдзух контроль кæнынц бакæнгæ куыстыты гъæдыл. Уымæй дарддæр ма арæзтады процессмæ лæмбынæг сæ хъус дарынц экологион, технологион æмæ арæзтадон хъусдарды комитеты специалисттæ дæр.

Социалон инфраструктурæйы рæзт у Ленингоры районы реабилитаци æмæ æндидзын кæныны хъуыддаджы ахсджиаг къахдзæф, кæцы бирæ рæстæджы дæргъы уыд йæ сыхаг паддзахады оккупацийы бын.

Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон портал

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.