РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доментийы сæрдариуæгадæй уагъд æрцыд 2015-2016 азтæн Инвестпрограммæ куыд æххæст цæуы, уымæ хъусдарæг штабы рабадт. Ацы хатт дæр та уынаффæ цыд снысангонд арæзтадон куыстыты гъæд æмæ темптыл, афтæ ма арæзтадон фæзуатты хъуыддæгты ныртæккæйы уавæрмæ хауæг фарстытыл.

Рабадты хайад райстой арæзтадон организациты къухдариуæггæнджытæ æмæ минæвæрттæ, хицауады уæнгтæ, республикæйы арæзтадон куыстыты архайæг алыгъуызон паддзахадон уагдæттæ æмæ куыстуæтты къухдариуæггæнджытæ.

Рабадты райдианы Хъуылымбегты Доменти æрæмбырдуæвджыты хъусдард аздæхта, уыдон бæрнджын æмæ æмбаргæ ахаст кæй хъуамæ дарой Республикæйы арæзтадон объектты фарстытæм.

«Графикæй фæстейæ зайын æмæ куысты гъæды аиппытæ уадзынæн ницы æфсон ис, — банысан кодта уый. — Уæрæсейæ нæм финансон æххуыс цæуы афоныл æмæ æххæст гуырахстæй, æмæ уымæн аргъ кæнын æмбæлы, уымæн æмæ Уæрæсейæн йæхицæн ныртæккæ ис вазыгджын экономикон уавæртæ.

Махæй цы домдæуы, уый æрмæстдæр у хъуыддагмæ бæрнджын ахаст дарын, ацы дуджы ахсджиагдзинад æмбарын… Уымæн æмæ мах абон цы аразæм, уый баззайдзæн нæ фæстагæттæн, æмæ уыдон хъуамæ райгондæй мысой абоны боны аразджыты».

«Дзырд дæр ыл нæй, сæхи хорзæрдыгæй цы организацитæ равдисой, уыдон кусдзысты дарддæр дæр, — загъта Хъуылымбегты Доменти. Мах раздæры азты дæр ацы принципмæ гæсгæ куыстам, æмæ сæхи æвзæр цы организацитæ равдыстой, уыдон республикæйы арæзтадон фæзуаты ныртæккæ нал сты. Мах хъуамæ кæнæм бæрнджындæр. Æз ма йæ загътон раздæр дæр, ома, Инвестпрограммæ сæххæст кæныныл нæ тохы махæн бар нæй ма фæуæлахиз уæм. Мах æнæмæнгæй эксплуатацимæ хъуамæ раттæм уыцы объекттæ, кæцытæ нысангонд сты 2016 азы Инвестпрограммæйы.

Æмæ ацы къуыри Мæскуыйы уагъдцæуæг Æхсæнхицауадон къамисы рабадты нæ уæрæсейаг коллегæтæ дæр æрлæууыдысты ахæм фæндоны ’рдыгæй».

Дарддæр рабадты хайадисджытæ фехъусын кодтой премьерæн, штабы раздæры рабадты сын цы хæслæвæрдтæ лæвæрд æрцыд, уыдон сæххæст кæныны тыххæй.

Хуссар Ирыстоны Арæзтадон министры хæдивæг Гаглойты Сергей йæхи рады æрæмбырдуæвджытæн фехъусын кодта республикæйы арæзтадон объектты уавæры тыххæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ горæт Цхинвалы Дзаттиайы фырты æмæ Энгельсы уынгты куыст цæуы газы хызæгтыл.

«Гаглойы фырты уынгыл æрæвнæлдтой сыджыты уæлцъар исынмæ Фæскомцæдисонты уынгæй Горькийы уынгмæ, — банысан кодта Гаглойы фырт. Газы хызæгты фæдыл куыстытæ цæуынц Фæскомцæдисонты уынджы, 300 метры бæрц дзы æвæрд æрцыд Дзаттиайы фырты уынгæй Гаглойы фырты уынгмæ.

Газы хызæджы куыстытæм æрæвнæлдтой Хетæджы фырты уынгыл дæр, æмæ ныридæгæн фесты».

Гаглойы фырт банысан кодта, зæгъгæ, Цхинвалы центры базары арæзтады куыстытæ æххæст цæуынц гъæдджынæй æмæ графикмæ гæсгæ.

«Объект эксплуатацимæ раттын нæ зæрды ис сентябры фæудмæ», — загъта уый.

Паддзахадон драмон театры бæстыхайы арæзтады хайад чи исы, уыцы подрядон организаци «Эверест»-ы минæвары ныхæстæм гæсгæ, объекты цæуынц фæлындзæн куыстытæ, куыд мидæгæй, афтæ æттейæ дæр, цæуынц ма дзы агъуындæн куыстытæ дæр.

Рабадты рæстæджы премьерæн фехъусын чындæуыд Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы арæзтцæуæг объектты уавæры тыххæй.

Подрядгæнæджы ныхæстæм гæсгæ, кусджытæ æрæвнæлдтой Ленингоры поселочы сабиты цæхæрадоны фыццаг уæладзыг амайынмæ.

«Фæуынхъус сты скъолайы арæзтады бындурæвæрæн куыстытæ, ныртæккæ куыст цæуы ныккæндон уæладзыджы æмбæрзыныл, — загъта подрядгæнæг. — Базары арæзтады кой куы кæнæм, уæд ныртæккæ уым куыстытæ æрцыдысты урæд, æнхъæлмæ кæсæм сэндвич-панельтæм. Уыдон хъуамæ рæхджы æрластæуа нæ республикæмæ».

Рабадты рæстæджы ма дзырд цыд æндæр объектты арæзтадыл.

Театры бæстыхайы культурон æмæ социалон нысаниуæг хынцгæйæ, Хъуылымбегты Доменти ноджыдæр иу хатт хъусдарæг органтæм æрсидт, цæмæй сæ хъус æрдарой бæстыхайы куыстыты гъæдмæ.

Горæт Цхинвалы арæзтцæуæг базары куыстыты фæудмæ ма баззад 3 мæйы бæрц. Ацы объекты фæдыл Хицауады Сæрдар бахæс кодта горæты администрацийæн, цæмæй базармæ бацæуæны машинæтæ æруромыны бынат саразыныл ахъуыды кæной.

Медицинон фадыджы арæзтадон объектты кой ракæнгæйæ банысангонд æрцыд, куыстытæ кæй цæуынц графикмæ гæсгæ, æмæ фау æрхæссæн нæй сæ гъæдмæ дæр. Æрмæст гуырæн хæдзары бæстыхайæн арæзт нæма æрцыд бæстон проект. Фæлæ уый куыддæриддæр фидаргонд æрцæуа, афтæ арæзтадмæ æрвæналдзысты æвæстиатæй.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны фидæны объектты фæдыл уынаффæ кæнгæйæ, Хъуылымбегты Доменти банысан кодта, зæгъгæ, ныридæгæн профилон уагдон хъуамæ батыхса медицинон уагдæтты кадрты фарстыл.

«Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объекттæн сæ нысан у республикæйы фидæн сифтонг кæнын, уыцы нымæцы медицинон объекттæн дæр, — загъта Хицауады Сæрдар. — Æз сидын Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадмæ, цæмæй развæлгъау бакусой медицинон уагдæтты бæрзонд квалификациджын кадртæй сифтонг кæныны фарстыл, уымæн æмæ бирæбæрцæй ацы хъуыддагæй аразгæ у — æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы куыст ног гъæдджын æмвæзадмæ схизын кæндзыстæм æви нæ, уый».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.