РХИ-йы Æнæниздзинад хаъхъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги ауагъта æхсæнведомствойон кусæгон къорды рабадт Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон фæдзæхсты системæ саразыны тыххæй.

Рабадты рæстæджы æркастысты Социалон фæдзæхсты фонды функцийы тыххæй æнæ-мæнгхъæуæг барадон базæйы уæвынады фарстмæ, афтæ ма Социалон фæдзæхсты фонды структурæ æмæ штатон нымæцмæ. «Мах æркастыстæм Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырдмæ гæсгæ республикæйы Социалон фæдзæхсты фонд саразыны фарстмæ. Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы бахæсмæ гæсгæ арæзт æрцыд кусæгон къорд фæндæттæ бахæссыны тыххæй цымыдисгæнæг фæрсты хайадистæй», – фехъусын кодта Тотчиты Георги.

Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, кусæгон къорд æмбæлдзæн мæйы дæргъы иу хатт æрбацæугæ фæндæттæм æркæсыны тыххæй. Æрдæг азмæ Социалон фæдзæхсты фонд саразыны процесс хъуамæ кæронмæ фæуа. Æхсæнведомствойон кусæгон къорды скондмæ бацыдысты Финансты министр Хæбæлаты Азæ, Пенсион фонды къухдариуæггæнæг Тасойты Азæ, Хицауады Сæрдары æххуысгæнæг Коцты Уырызмæг, Хицауады Аппараты барадон управленийы хистæры хæдивæг Кокойты Руслан, Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрады юрист Багаты Аллæ æмæ æндæртæ.

УФ æмæ РХИ-йы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды 8-æм статьяйы 3-æм пунктмæ гæсгæ «Уæрæсейы Федерацийы æххуысы фæрцы Республикæ Хуссар Ирыстон дыууæ азмæ ацы Бадзырд йæ тыхы бацæуыны бонæй аразы æнæмæнгхъæуæг социалон фæдзæхсты системæ рæстæгмæйон æнæкуыстхъомдзинады æмæ мады æмæ кондады æнамонд цауты æмæ профессионалон низты тыххæй æнæмæнгхъæуæг социалон фæдзæхсты фæдыл».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.