29 октябры сæххæст 245 азы, Ирыстон Уæрæсейы скондмæ куы бацыд, уæд. Ацы нысаниуæгджын цауы фæдыл йæ комментаритæ загъта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

  «Ацы бонты уагъд æрцыдысты бæрæгбонон мадзæлттæ Санкт-Петербурджы Ирыстоны минæварад байгом кæныныл 270 азы сæххæсты цытæн. Абон мах нысан кæнæм историон æгъдауæй ахсджиаг цау, кæцы æрцыд ирон дипломатты тыхты фæрцы.

Растдæр 245 азы размæ, 1774 азы 29 октябры, уæрæсейаг-ирон бадзырдты фæстиуæг уыд Ирыстоны бахызт Уæрæсейаг империйы скондмæ. Уыцы хъысмæтон бон фæахъаз ис уæрæсейаг-ирон ахастытæ сфидар кæнынæн, нæ адæмы дарддæры рæзтæн импульс радта æмæ ирæтты ракодта æппæт Кавказы цæугæ позицитæм.

Банысан кæнын мæ фæнды, ацы бадзырдыл къух æрфыссыны размæ Ирыстон кæй уыд Кавказы рагъы дыууæ фарс дæр, уыд иу национ территориалон арæзт, кæцы нæ уыд никæцы паддзахады сконды.

Ирыстон æппæт историон фæндаджы æнувыд уыд Уæрæсейæн, уыдоныл дзурæг сты æрæ-джыйы æрцæугæ цаутæ дæр.

Уæрæсейы сконды уæвын у Ирыстоны историон равзæрст. Æмæ мæ ныфс ис, ацы æвзæрсты тыххæй æппæт зындзинæдтæ æмæ амæттæгтæ æнæхъуаджы нæ фæуыдзысты, æмæ ахæм рæстæг æрлæудзæн, мах амондджын, дидинæфтаугæ иугонд Ирыстоны кæй цæрдзыстæм!», – банысан кодта Хицауады сæрдар.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.