29-æм октябры уагъд æрцыд Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды фæдыл РХИ-йы Парламенты комитеты рабадт. Уагъта йæ профилон комитеты сæрдар Габатты Алан.

Фыццаг фарстæй депутаттæ æркастысты РХИ-йы Æхсæнадон палатæйы скондмæ кандидатты номхыгъдмæ, кæцымæ бацыдысты алыгъуызон æхсæнадон организациты сæргълæуджытæ æмæ минæвæрттæ: 1989-2008 азты РХИ-йы территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы инвалидтæ æмæ фæцæфуæвджытæн æххуысы фондæй Плиты Мади-нæ, Абхазы хæсты ветеранты цæдисæй Тедеты Тамерлан, РХИ-йы Амалиуæггæнджыты цæдисæй Гæбæраты Сæрмæт, РХИ-йы бильярды федерацийæ Хъотайты Шота, республикон фæсивæдон организаци «Иугонд Алани»-йæ Бежанты Æхсар, РХИ-йы Нывгæнджыты цæдисæй Харебаты Ацæмæз, РХИ-йы Журналистты цæдисæй Габайты Владимир, Чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады хуссарирыстойнаг æхсæнадон организаци «Фарн»-æй Хæбæлаты Алексей.

Ацы фарстыл уынаффæ кæныны рæстæджы, Габатты Алан банысан кодта, зæгъгæ, Æхсæнадон палатæ у адæмы хицауадимæ бæттæг орган æмæ РХИ-йы Парламент æнгомæй æмгуыст кæндзæн йемæ. Кандидатурæты номхыгъды æвварс рахæцыдысты комитеты уæнгтæ æмæ уынаффæмæ хаст æрцыд РХИ-йы Парламенты Президиуммæ æруынаффæ йыл кæнынмæ.

Уый фæстæ парламентаритæ æркастысты «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон фиддонты тыххæй» 2007 азы 1-æм июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны 15-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проектмæ. Комитеты сæргълæууæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы закъоны проекты хынцыд цæуы Паддзахадон автоинспекцийы регистрацион мадзæлтты тыххæй фиддонты бæрц хайгай фæкъаддæр кæнын. Закъоны проект уынаффæмæ рахаст æрцыд РХИ-йы Парламенты  Президиумы  рабадтмæ.

Уый фæстæ комитеты уæнгтæ æруынаффæ кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны адвокатон палатæйы цур квалификацион къамисы скондмæ РХИ-йы паддзахадон хицауиуæгады закъондæттынадон органы минæвары бакæныны тыххæй фарстыл. Габатты Алан раразмæ кодта Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды фæдыл РХИ-йы Парламенты комитеты консультант Тедеты Азæйы кандидатурæ, уымæн æмæ йын ис тæрхондонон органты 20 азы куысты стаж. Тедеты Азæйы кандидатурæйы æвварс æмхъæлæсæй рахæцыдысты комитеты уæнгтæ. Комитеты куысты хайад райстой депутаттæ Гаглойты Алан, Икъоты Витали, Гæбæраты Инал, Чысиаты Константин æмæ Дриаты Заза.

РХИ-йы Парламенты Информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.