Æрæджы Уæрæсейы Федерацийы столицæ горæт Мæскуыйы стыр æнтыстимæ уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны Галаты Барисы номыл зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-ы концерт.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан знон фæуазæг ансамблы артисттæм, цæмæй сын лæгæй лæгмæ зæгъа бузныг æмæ сын йæ цæст бауарза дарддæры сфæлдыстадон æнтыстытæ.

Бæстæйы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, ансамбль «Симд» Мæскуыйы горæты гастролты куы уыд, уæд сценæмæкæсджытæй бирæтæ æрдзырдтой бæстæйы разамынадмæ, ансамбль сыл цы хорз тæлмæнтæ ныууагъта, уый фæдыл. Уый тыххæй стыр райгонд æмæ сæрыстырæй дзырдта Президент.

«Уæхи равдыстат рæсугъд æмæ уæзданæй. Уым ныууагътат Ирыстонæн бæрзонд кад æмæ ном, уый тыххæй алкæмæндæр стыр бузныг», – дзырдта Президент.

Ансамблы архайдмæ, зæгъгæ, алы кусæгæн дæр стыр хайбавæрд ис, уымæн æмæ стут иу командæ.

Бæстæйы разамонæг ныфс бавæрдта, алы фадæттæй дæр сæ фарсмæ кæй балæудзæн, цæмæй сæрыстыр цы культурæйæ стæм, уый хæссой æмæ æвдисой бæстæйæн æддейæ дæр.

Абон, зæгъгæ, бæстæйы культурон фадыджы ансамбль «Симд»-æй уæндондæр æмæ ныфсджындæр къахдзæфтæ ничи кæны.

Бæстæйы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, аивады бæрзæндтæм рæсугъд æмæ уæндон къахдзæфтæ кæны нæртон «Симд» æмæ уадз ноджы фылдæрæй фылдæр кæнæт йæ табугæнджытæ.

Культурæйы министр Зæгъойты Рада артистты балцы фæстиуджытыл дзургæйæ банысан кодта, зæгъгæ, «Симд» йæхи алыфарсонæй дæр равдыста иттæг хорз, уый у стыр кад æмæ бузныджы аккаг.

«Симд æппæт йæ тыхтыл нæ ауæрдгæйæ, æрæвнæлдта культурон тыгъдады йæ авналæнтæй пайда кæнынмæ æмæ æнтыстджынæй хизы сфæлдыстады бæрзæндтæм. Алы кусæг дæр йæ уд æмæ йæ зæрдæйæ æрвылбонон куыст æмæ архайды, куы æвæра, уæд дзы фæстиуæг дæр вæййы – æмæ сымах ахæм стут, уæ сфæлдыстад æмæ архайдæн ис фæстиуæг. Уæ хъарутæ æмæ уæ тыхтæ снывонд кодтат нæ культурæйы рæзт æмæ размæцыдæн æмæ уый кады аккаг у.

Тынг хорз фæсивæд фæстаг рæстæджы æрбаивылд ансамблы рæнхъытæм, зæрдæ сæ рухс кæны æмæ ансамблы кад æмæ намыс сæрыстырæй дарддæр хæссынц.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ис проблемæтæ дæр, фæлæ уыдон дæр бæстæйы разамынадимæ иумæ бæстон кæндзыстæм.

Зæгъойты Рада бæстæйы разамонæджы базонгæ кодта ансамблы дарддæры плæнттимæ, зæгъгæ, майы мæйы цæуынц гастролты Уæрæсейы цалдæр горæтмæ.

«Сæрмагондæй хаст æрцыдыстæм уыцы гастролтæм, кæд æмæ уыцы проекты хайад чи исдзæн, уыдон развæлгъау бæрæг æрцæуынц, уæддæр. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Хуссар Ирыстоны йеддæмæ æндæр бæстæты коллективтæ уым хайад нæ исынц.

«Симд»-ы радон стыр æнтыст

Дагестан, Грозный, Махачкала, Дербент, Хъырым æмæ Луганскы адарддæр уыдзæн гастролон балц. Луганскмæ сæрмагонд бæрзонд уазджыты хуызы «Симд»-ы фæхуыдтой Республикæйы расидыны боны цытæн бæрæгбонон мадзæлттæм.

Ацы бонты та йæ цымыдисон концертон программæ ансамбль равдисдзæн Ленингоры районы сценæмæкæсджытæн», – дзырдта Рада.

«Симд»-ы директор Харебаты Ацæмæзы ныхæстæм гæсгæ, ансамбль у тыхджын æмæ хъомысджын коллектив, у культурæйы астæумагъз. Кафт æмæ зарды руаджы не ‘гъдау дæр бæрзонд уыдзæн æмæ нæ культурæ дæр.

Къæбулты Марина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.