Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы цы акци «Бæллицты фонтан» уагъд цæуы, уый фæлгæтты РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли сæххæст кодта æртæ сывæллоны бæллицтæ.

Цытджын уавæры Бибылты Анатоли сывæллæттæн радта сæ лæвæрттæ. Уыдон уыдысты велосипед, смартфон æмæ «Триколор ТВ».

Паддзахады сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта проекты автор Хъуылымбегты Еленæйæн ахæм диссаджы проекты тыххæй, кæцы здæхт у, цæмæй сывæллæттæ, æцæгæйдæр, фæхатой ногазон аргъауы кæлæн.

«Проект «Бæллицты фонтан» сывæллæттæн фадат радта сæ бæллицтæ ныффысын æмæ лæвæрттæ райсынæн. Бирæ адæм се ‘ргом раздæхтой æмæ баххуыс кодтой уыцы сывæллæттæн. Йæ рады æз дæр æххæст кæнын цы ныфсытæ бавæрдтон, уыдон», – загъта Президент.

Акци «Бæллицты фонтан» райдыдта 20 декабрæй æмæ æххæст цæуы Республикæйы Президенты æххуысæй. Уагъд цæуы сывæллæтты хæдзар æмæ скъола-интернаты сывæллæттæн. Ацы аз дзы хайад райстой рынчын æмæ æххуысхъуаг бинонты сывæллæттæ дæр. Уыдон фонтаны ауагътой сæ чысыл наутæ Митын Дадамæ фыстæджытимæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.