Ног аз – адæмы уарзондæр бæрæгбонтæй сæ сæйрагдæр. Ног азыл аккагæй сæмбæлынмæ фæтырнынц алкæцы бинонтæ дæр, сцæттæ кæнынц дзадджын фынгтæ,  уымæн æмæ фæзæгъынц, зæгъгæ,  Ног азыл куыд сæмбæлай, афтæ уыдзæн дæ цард æнæхъæн афæдзы дæргъы.

Ног азы æхсæвы æмæ уый фæстæ улæфт бонты дæр ахсджиаг сты телеуынынады хиирхæфсæн мадзæлттæм. Уыдонмæ кæсгæйæ адæймаджы зæрдæйыуаг ноджы фæхуыздæр вæййы.

Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы коллектив раарфæ кæндзысты Хуссар Ирыстоны адæмæн сæрмагондæй. Ныр цалдæр азы фæд-фæдыл телерадиокомпанийæн традицион ссис ногазон «Фарны изæр» бацæттæ кæнын æмæ цымыдисон хиирхæфсæн программæйæ хуссарирыстойнаг цæрджыты зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнын. Ацы аз дæр та у афтæ, телекомпани «ИР»-ы директор Чилæх-саты Георги адарддæр кодта традицион бæрæгбонон мадзал æмæ  йæ дæлбар уагдон бацæттæ кодта ногазон программæ.

«Фарны изæр» хъæздыг у алыгъуызон номыртæй. Мах бахатыдыстæм бæрæгбонон изæры организатортæй сæ иу – Багаты Катямæ, цæмæй нын бæстондæрæй радзура сæ бацæттæгонд мадзалы тыххæй.

Алæвæрды сценарийы автор у ПТРК «Ир»-ы уацхæссæг Козаты Дзерассæ. «Ногазон æхсæвы Хуссар Ирыстоны адæм бакæсдзысты æцæг бæрæгбонмæ республикæйы  сфæл-дыстадон æмæ сывæллæтты хореографион коллективты хайадистæй. Сæ аивадæй теле-кæсджыты зæрдæтæ бахъæлдзæг кæндзысты зарæггæнджытæ  Гатыгкоты Нинæ,  Тасойты Игорь, Икъаты Ибрагим, Æлборты Малхаз, Гогинова Кристинæ,  адæмон инструментты оркестр «Айзæлд» æмæ бирæ æндæртæ. Афтæ ма мадзалы хайад райсынмæ фæхуыдтам цæгатирыстойнаг зарæггæнджыты дæр. «Фарны изæр»-ы хайад исынц 50 адæймаджы бæрц», – радзырдта Багаты Катя.

Бæрæгбонон изæр амондзысты ПТРК «Ир»-ы кусджытæ: Гæбæраты Иринæ, Хуриты Батрадз, Цхуырбаты Ольгæ (Митын Чызг), Карсанты Гурам (Митын Дада) Коцты Сергей, Гобозты Агуындæ æмæ æндæртæ. Хуссар Ирыстоны цæрджытæн телекомпани «ИР»-ы бацæт-тæгонд Ногазон хиирхæфсæн телевизион программæмæ сæ бон суыдзæн бакæсын Ног азы æхсæвы.

ДЖИОТЫ Е.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.