Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинад ифтонг кæныны фæдыл Женевæйы дискусситы дунеон организациты æмсæрдæрттæ ацы бонты уыдысты Хуссар Ирыстоны дискусситы радон раунды боны фæткыл æруынаффæ кæныны нысанæн, кæцы уагъд æрцæудзæн 8, 9 октябры.

Фæсконфликтон фарстатæ бæстонкæнынады фæдыл президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат банысан кодта Женевæйы дискусситæ уагъд кæй цæуынц вазыгджын уавæрты, уымæн æмæ паддзахадон арæнтæм æввахс гуырдзиаг фарс  æндыгъд  кæны уавæр.

Уымæ гæсгæ радон раунд ахсджиаг у, æмæ Хуссар Ирыстоны делегацийы ныфс ис, сæв-зæргæ уавæрæн кæй уыдзæн логикон æмæ дипломатон фæстиуæг. Джиоты Мурат зæрдыл æрлæууын кодта, гуырдзиаг фарс æнæзакъонæй Хуссар Ирыстоны территорийыл кæй сæвæрдта полициæгты пост æмæ уымæй кæй æндыгъд кæны арæнтыл уавæр. Уымæн æмæ уыцы бынаты цæрджытæ æвза-рынц тæссагдзинад. Сæвзæргæ уавæры фæдыл, Мураты ныхæс-тæм гæсгæ, механизмты фæл-гæтты уагъд цæуынц техникон фембæлдтытæ, фæлæ хуссар- ирыстойнаг фарсы хъусынгæни-нæгтæ абоны онг дæр нæ ба-хъардтой гуырдзиаг фарсмæ. Уый нæ, фæлæ йæ хонынц политикон уынаффæ æмæ йæ аиуварс кæнынмæ нæ хъавынц.

«Гуырдзиаг фарс фехъусын кодта, хуссарирыстойнаг фарсæн бар кæй нæй æмæ йæ арæнхъахъхъæнджытæ лæууой доны галиуфарс. Уымæн æппындæр гæнæн нæй. Æмæ Хуссар Ирыстон, йæ цæрджыты æдасдзинад бахъахъхъæныны нысанæн, бар-æнæбары бахъуыд мадзæлттæ райсын.

Сæвзæргæ уавæр æндыгъдады фактор æрмæст Цънелисы цæрджытæ æмæ æввахс хъæутæн нæу, фæлæ æгас Хуссар Ирыстонæн. Уымæн æмæ 2008 азы фæстæ та, ныр гуырдзиаг фарс ахæм уавæр сарæзта, кæцы, не ‘хсæн цы сабырад ис, уый халы», – дзырдта æххæстбарджын минæвар.

Уымæ гæсгæ Джиоты Мурат бахатыд дискусситы æмсæр-дæрттæм, сæ организациты авторитетæй пайдагæнгæйæ сæ хъарутæ аздахой, цæмæй æндыгъд уавæр бæстон æрцæуа. Уый ма банысан кодта, хуссарирыстойнаг фарс алы фембæлды дæр, 2009 азæй фæстæмæ, гуырдзиаг фарсмæ кæй хаты, арæнтæ сбæрæг кæныны фарстмæ æркæ-сынмæ.

Джиоты Мурат ма дзырдта, Гудиантхъары хъæуы фæдыл æрæджы дунеон хъусдарджытæ цы хъусынгæнинаг сарæзтой, уый фæдыл. Уыцы районы сæ минæвæрттæ уыдысты æви нæ, уый нæ зонын, фæлæ уым дзырд цыд æрмæст арæнты фарсты фæдыл нæ, фæлæ инженерон арæзтæдтыл дæр. Уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг арæнхъахъхъæн-джытæ уыцы бынаты ногæй ницы сарæзтой. Уым арæнты хаххæй иу метр æддæдæр ничи ахызт.

«Гуырдзиаг цæрджыты интерестæ хынцгæйæ, нæ арæнхъахъхъæнджытæ æрæджы дæр гуырдзиаг хæдзары иувæрсты ауагътой арæн. Уый уыд Хуссар Ирыстоны территорийыл, æмæ йæ ныууагътой гуырдзиаг фарсæн», – дзырдта Мурат.

Цънелисы хъæуы уавæры фæдыл Мурат ноджыдæр банысан кодта, дунеон организациты ‘рдыгæй уымæ уæлæнгай ахаст кæй ис.

«Цæйнæфæлтау ма иу æхст дæр айхъуыса, фæлтау дипломаттæ цъæл кæндзысты арцтæ. Махмæ ис æрмæг, кæцы ноджыдæр бæлвырд кæны, уыцы территори Хуссар Ирыстоны территори кæй у. Республикæ сырæзт раздæры Хуссар Ирыстоны автономон областы арæнтыл æмæ закъонмæ гæсгæ уыцы арæнтæ фидар уыдысты 1922 азы 20 апрелы Хуссар Ирыстоны автономон областы сырæзты фæдыл декреты руаджы. Æмæ уый у бындурон документ нæ арæнтæ снысан кæныны тыххæй. Махæн æп-пæтдæр арæзт у закъонмæ гæсгæ æмæ иунæг къахдзæф дæр нæ аразæм закъоны ныхмæ», – дзырдта Мурат.

Æрæджы æрцæугæ цауты фæдыл йæ цымыдисдзинад банысан кодта Евроцæдисæй минæвар Тойво Клаар. Мах, зæгъгæ, зонæм, фæстаг къуыриты уавæр æндыгъд кæй у. Механизмты фæлгæтты æнæрадон фембæлдтытæ уагъд кæй цæуы, уый бандавдзæн хуыздæрæрдæм уавæрыл. Æмæ цæттæдзинад равдыста ацы фарст æрбæстон кæныны фæдыл.

ЕÆÆО-йæ æмсæрдар Рудольф Михалка бузныг загъта гъæдджын диалоджы тыххæй, зæгъгæ, ахсджиаг у фæрстæ баныхæсты фынджы фарсмæ кæй æрбадынц æмæ механизмты фæлгæтты сæ позицитæ рæгъмæ кæй хæссынц.

Фембæлды рæстæджы ма сæ хъуыдытæ, уавæрæй рахизыны тыххæй, дзырдтой ИНО-йæ æмсæрдар Джихан Султаноглу æмæ Хайлу Мамо.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.