Гуырдзыстонимæ арæнгæрон Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æндыгъд уавæры деэскалицийы фарстаты фæдыл уынаффæ цыд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйаг æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттимæ Президент Бибылты Анатолийы фембæлды рæстæджы.

Арæныл уавæры тыххæй катайдзинад æвдисгæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта фæстаг цауты тыххæй фембæлдтыты ахсджиагдзинад æмæ æрсидт Женевæйаг æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттæм иумиаг куыст фæтыхджындæр кæнынмæ, цæмæй Гуырдзыстонимæ арæны æндыгъддзинады эскалаци минимуммæ æркæныны тыххæй ист æрцæуа гуырдзиæгты блокпост, кæцы официалон документтæм гæсгæ æвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл. 

«Махæн нæ нысан у, Хуссар Ирыстонимæ цы паддзахадтæн ис арæнтæ, уыдонимæ хæларсыхагон ахастытæ саразын, фæлæ Гуырдзыстон та иннæрдæм архайы. Уый бæрæг у Цънелисы цаутæй. Æндæр бынæтты-иу Гуырдзыстон посттæ куы æвæрдта, уæд-иу сыл развæлгъау уынаффæ кодтой, фæлæ ныр та уыцы посты сæвæрды тыххæй æппындæр никæмæн ницы фехъусын кодтой. Ахæм факттæ дзурæг не сты хæларсыхагон ахастытæ аразыныл. Уыцы къахдзæфæн провокаци йедтæмæ ницы схонæн ис. Уый мах нымайæм, Хуссар Ирыстонæн æмæ уыцы пост кæм æрцыд æвæрд,  уыцы регионы цæрджыты  æдасдзинадæн комкоммæ тæссагдзинадыл», – фехъусын кодта Бибылты Анатоли.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй уыцы деструктивон архайдтытæ арæзт æрцыдысты, Евроцæдис æмæ ЕÆÆО-йы минæвæрттæ кæй ницы дзырдтой, уый аххосæй. 

«Абоны бон Женевæйаг дискусситæ сты иунæг дунеон фæзуат, цыран Хуссар Ирыстонæн йæ бон у йæ рæстагон позици раразмæ кæнын. Мæн фæнды, цæмæй дискусситæ хуымæтæг ныхæстæй ма баззайой, фæлæ дзы цæмæй конкретон проблемæты фæдыл ист цæуа конкретон уынаффæтæ, кæцыты фæстиуæгæн Гуырдзыстонимæ арæзт æрцæуиккой кæрæдзийæн пайдайы ахастытæ, фыццаджы фыццаг – политикон ахастытæ. Уыцы здæхты хуссарирыстойнаг фарс цæттæ у нæ адæмы фидæны сæраппонд æмбæлон къахдзæфтæ саразынмæ æмæ диалогмæ», – загъта уый.

Сæ рады Женевæйаг дискусситы æмсæрдæрттæ бузныг загътой Бибылты Анатолийæн, йæхимæ сæ кæй райста, уый тыххæй. Уыдон банысан кодтой диалоджы руаджы арæны æндыгъддзинад фæкъад-дæр кæныны ахсджиагдзинад.

ЕÆÆО-йæ æмсæрдар Рудольф Михалка куыд банысан кодта, афтæмæй бахъахъхъæнын хъæуы дыууæ фарсы ‘хсæн æууæнкдзинад, цæмæй уавæр уа стабилон, уый тыххæй.

Президент æмсæрдæрттæн загъта бузныджы ныхæстæ, сæ позици кæй загътой, уый тыххæй, афтæ ма сын йæ хъуыды бамбарын кодта, Гуырдзыстонимæ арæныл цы проблемæ сæвзæрд, уый фæдыл. Сæ зæрдыл сын æр-лæууын кодта, хуссайраг ирæтты ныхмæ гуырдзиæгтæ цы фыдмитæ кодтой, уыдон: 1920 азы геноциды тыххæй, ирæтты куыд мардтой, удæгасæй сæ куыд ныгæдтой, куыд сæ сыгътой, сæдæгай хъæуты куыд басыгътой, мингай адæймæгты сæ цæрæн бынæттæй куыд фæсырдтой, 300 ироны æбæрæгæй кæй фесæфтысты, ирæтты уæлмæрдты куыд ныппырх кодтой, ирæтты се ‘нусон цæрæн бынæттæм куыд нæ уадзынц æмæ ноджы бирæ æндæр фыдракæндтæ.

«Мах цы æууæнкдзинадмæ тырнæм,  уый та у тыхæй ма спайда кæ-ныны тыххæй Меморандумыл къухтæ æрфыссын.

Гуырдзыстон ныр 11 азы дæргъы кусы Женевæйаг дискусситы, фæлæ нырма дæр йæ къух не ‘рфыста уыцы документыл. Уæдæ кæм агурæм уыцы æууæнкдзинад?

Блокпосты сæвæрд у куыдфæндыйы ахаст дарын Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм рæстæгыл хъус æрдарыны механизмтæм, ЕÆÆО-мæ æмæ стабилизацийы æппæт процесстæм, кæцытæ æрцыдысты 2019 азы 23 августы онг Женевæйаг дискусситæ æмæ Инциденттæ ма æруа-дзын æмæ сæм рæстæгыл хъус æрдарыны механизмты руаджы.

Мæ адæм цы аххосджын сты? Хуссайраг ирæтты цард цæмæн хъуамæ уа баст, чи сæ куынæг кодта, уыцы бæстæйы хъуыдыйыл? Цæмæннæ нын ис гæнæн ЕÆÆО æмæ Европæйы Советы Парламентон Ассамблеяйы фæзуæттыл нæ хъуыды зæгъын æндæр бæстæты æмрæнхъ, кæцытæ сты Хуссар Ирыстонимæ иугъуызон уавæрты?

Æз уын сидын уæ куырыхондзинад æмæ æмбаргæдзинадмæ.

Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн æууæнкдзинадмæ нырма дард у. Æмæ ныр фыццаг рæнхъмæ рахызтысты ЕÆÆО, ИНО æмæ Уæрæсе, кæцыты руаджы мах агурæм уыцы æууæнкдзинад. Æндæр фадат нын нæй æмæ ацы æввахс рæстæджыты нæдæр уыдзæн. Уый фæстиуæгæн мах ныфс æвæрæм уæ æнæаппелляциондзинадæй. Уырны мæ, гуырдзиæгты блокпост кæй ахæсдзыстæм Республикæ Хуссар Ирыстоны арæнæй æддæмæ.  Мах сымахæй æвæрæм ныфс æмæ уæ тынг фæбузныг уыдзыстæм, æндыгъддзинад сисын нын куы бантыса, уæд», – загъта Бибылты Анатоли æмсæрдæрттæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.