Къæхтæ   æмæ…   зонд

Бирæгъæн, дам, йæ къæхтæ хæрын кæнынц. Тынг раст у, фæлæ æрмæст бирæгъ амал кæны хæринаг йæ къæхты фæрцы? Цавæр удæгас уæвæгой ис, кæцы, сур зæххыл цæргæйæ, не змæлы, нæ рацу-бацу кæны æмæ афтæмæй хæринаг нæ ары? Ис ахæм уæвæгойтæ æмæ æрмæст цæугæ нæ кæнынц, фæлæ лидзгæ дæр. Лидзыны сæр та сæ бахъæуы фыдбылызæй æмæ чизоны мæлæтæй фервæзынæн, гъе та исты хорздзинад къухты тагъддæр бафтын кæнынæн. Цæвиттон, тугдзых сырд йæ амæттаджы йæ разæй куы скæны, куы йæ æрсуры,уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ цæстытыл ауайы, куыд æй æрцахсдзæн æмæ йын адджынæн йæ фыд куыд хæр­дзæн. Иннæ та, мæгуырæг, кæд æй йæ къæхтæ самоной, уæд аивæрздзæнис, кæннод йæ амæттаг бауыдзæн. Уæдæ сæ дыууæйæн дæр сæ хъуыддаг куыд рауайдзæн, уый сæ къæхтыл баст у. Ахæм у сæ царды уаг сырдтæн, иутæ дзы тыхджындæр сты æмæ сæ къæхты фæрцы цуан кæнынц æдыхдæртыл.

Ахæм уыд адæймаг дæр, йæ зонд, йе ‘рхъуыдыдзинад йæ алыварс уæвæгойты зонд æмæ æрхъуыдыдзинадæй куы нæма хицæн кодта, уæд. Уыдаид ын ссыртæ, фидар цыргъ ныхтæ – махау сæ хæсгардæй куынæ лыг кодтаид, мыййаг. Уыдон ын æххуыс кодтаиккой йæ амæттаджы æрцахсынæн. О, фæлæ къæхты цас рацу-бацу, ралидз-балидз хъуыдис, цас рахæсс-бахæсс хъуыдис адæймагæн йæ гуырыконды, цæмæй амæттаг йæ къухты бафтыдаид! Фæлæ йæ зонд рæзыны ‘рдæм фæцис æмæ, цуан кæнгæйæ, пайда кæнын райдыдта дуртæй, хъилтæй æмæ афтæмæй къæхты къаддæр фыдæбон хъуыд. Уæдæ бæласæй дыргъты хъилæй цæгъдын куы райдыдта, уæд дæр къæхты бæласыл арæх бырын кæм хъуыдаид.

Цыдис рæстæг æмæ адæймагæн дарддæр йæ зонд рæзт, йæ æрхъуыдыдзинæдтæ уæрæхдæр кодтой. Уыимæ ивта йæ царды уаг дæр. Æрхъуыды-иу кодта хуымæтæджы кусæнгæрзтæ æмæ-иу сæ хуыздæр, вазыгджындæр кодта. Хъæддаг сырдтæй йын æрмахуыр кæнынмæ чи тасыд, уыдоны æрцахуыр кодта æмæ йын дзы чи кусгæ кодта, чи йын æхсыр, дзидза лæвæрдта, чи та йæ хъахъхъæнгæ кодта. Æмæ кæд цуан кæныныл абон дæр йæ къух нæма систа, уæддæр къæхтæ бирæ-бæрцæй сулæфыдысты, раздæрау лæ­дзгуытæ æмæ дуртимæ нал скъæфынц сæ хицауы йæ амæттаджы фæстæ. Уыимæ-иу балцы цæугæйæ, адæймаг бабадт бæхыл, хæрæгыл, теуайыл æмæ æндæр ахæм цæрæгойтыл æмæ сæ фæрстыл йæ къæхты дзедзылой кæнгæйæ, цыдис йæ фæндагыл. Цы ма хъуыдис къæхты æндæр!

Сырдтæй хъауджыдæр адæймаг йæ зонд, йе ‘рхъуыдыдзинады руаджы тагъд ивы йæ царды. Нæй уыдонæн арæнтæ! Æмæ цы аразынц адæймаджы къæхтæ та? Кæддæр æй йæ амæттаджы фæстæ чи скъæфтой, æдзух змæлды чи уыдысты, уыцы къæхтæ ма сты?! Нал хъæуы адæймаджы саргъы, фаэтоны ифтыгъд бæх дæр æмæ бабадт хæдтулгæйы, алы рæттæм æй размæ скъæфгæйæ. Суагъта гутоны ифтыгъд галы, бæхы æмæ хуым кæнгæйæ фæллад къахдзæфтæй нал цæуы сæ фæстæ. Ныр йæхææг бабады хъомысджын тракторыл æмæ æнцад-æнцойæ фæлдахы дардыл быдыртæ. Нал фæллайынц йæ къæхтæ æмæ йæ къухтæ дæр. Уæвгæй, раздæр-иу быдырты зæхкусæг адæм æмызмæлд котой, ныр сæ кой дæр  нал ис, сæ къæхтæ ардæм фæндаг нал арынц, уый сæр сæ нал хъæуы. Сæ бæсты кусынц алыгъуызон хъæууонхæдзарадон техникæ.

Уæдæ заводтæ, фабриктæм дæр цас адæм цыдис кусынмæ! Ныр сын сæ куыст æххæст кæнынц алыгъуызон нырыккон ифтонггæрзтæ, роботтæ. Сæ архайдмæ сын йæ хъус дары, кæмдæр разамындгæнæн пульты фарсмæ чи бады, уыцы адæймаг. Кæхтæ нал цæуынц, сæхицæн улæфынц. Æгæрыстæмæй, дард космикон балцы уæвгæйæ дæр…

Кæхтæ æмæ зонд. Уыдон кæрæдзицыл баст сты. Къæхтæ нын æрдз радта, куыд ма загътам, афтæмæй хæлц амал кæнынæн, иу ранæй иннæ ранмæ цæуынæн. Нæ дуджы сын уыцы хæстæ исы нæ зонд. Мах хæлц арын райдыдтам, иу ранæй иннæ ранмæ цæуын райдыдтам нæ къæхты руаджы нæ, фæлæ нæ зонды руаджы. Æмæ уæд къæхтæ та цы фæуой? Къæхтæ хъуамæ змæлой, цæуой, лидзой. Уæд змæлдзæн адæймаг æгасæйдæр. Змæлд кæм ис, цард дæр уым ис.

Зонд размæ цæуы æмæ цæуы, къæхтæ та къаддæрæй къаддæр цæуынц. Нæ къæхтæ ма нæ искуыдæм æркæной, уый зын зæгъæн у, фæлæ нæ кæдæм æркæн­дзæнис нæ зонд та?

 

Алкæмæн – йæхи   дуне

Алкæмæн дæр йæхи дуне ис. Уым ис адæймагæн æппæт йæ архайд, йæ куыст, йæ аудинæгтæ, йæ хъуыдытæ, йæ бæллицтæ. Уыдон сты йæ хъæздыгад æмæ сын никæйы дунеимæ ис фæхæццæгæнæн. Йæ дунейы алчидæр, сæйраджыдæр, аразы, фæлдисы йæхæдæг, афтæ ма йын йæ къух фæаразынц фадæттæ æмæ уавæртæ дæр. Æмæ адæм сæхæдæг куыд алыгъуызæттæ сты, афтæ алыгъуызæттæ сты сæ дунетæ дæр. Кæмæн – ирд, рйдзаст, бæллиццаг æмæ ахæмы фæхонæм амондджын, кæмæн та – асæст, хуры цæст кæдæм не ‘ркæсы æмæ тар, мылазон дæр чи ахæссы, ахæм. Ис ахæмтæ дæр æмæ дыууæтæ кæмæн схæццæ вæййынц, хорз æвзæры, ирд асæсты кæм ивы, ахæм дунетæ дæр. Афтæмæй алчи йæ дунейы фæцæры, кæцыйæн сты æртæ афоны дæр – ивгъуыд, нырыккон æмæ суинаг. Фыццаг дыууæйæ хъауджыдæр суинаг афон уæвы æрмæстдæр нæ хъуыдыты, нæ бæллицтæ, нæ фæндты.

Адæймаг цас активондæр у йæ царды, фылдæр ын æнтысы архайын, фæлдисын, дардылдæр сты йæ хъуыдытæ, уыйас йæ дуне стырдæр, уæрæхдæр у. Ахæм уæрæх дунейы цæрджытæ бирæ ис не ‘хсæн, фæлæ ис ахæмтæ дæр, йæ дуне къуындæг кæмæн у, йæ арæнтыл, йæ фæлгæттыл ын фæйнæрдæм ахæцын кæй нæ фæнды æмæ фæлурс, æгъуыз цардæй чи фæцæрынц. Фæлæ куыдфæнды ма уа, алчидæр йæ дунейы хицау у æмæ цас сты, цас, уыцы дунетæ! Цалæй уæвæм а-зæххыл, уал! Уыимæ цал æмæ цал адæймагæн ахуыссыд йæ дуне нæ размæ та! Стæй цал æмæ цал дунейы райдайдзæнис нырæй фæстæмæ!

О, цас дунетæ уыдис, ис æмæ уыдзæнис нæ иумæйаг иунæг рухс дунейы!

 

Тас, здыхс дæхæдæг – ма ком тасын, здыхсын æндæрæн                      

Нæ ныры æвзонг фæлтæр нал зонынц, уæрдæх цы у, уый, афтæмæй та дзы раздæр, алыгъуызон рæхыс-зачъитæ æмæ бæндæнтæ куы нæма уыд, кæнæ та сæ самал кæнын къухы куынæ æфтыдис, уæд дзы алы хъæууон лæг дæр пайда кодта. Махæн та нæ ивгъуыд хъæууон цардимæ баст уыдис. Арæзтой йæ, чи нæма фæхъæбæр æмæ нырма тасын чи куымдта, ахæм æхсæр уисæй. Тасгæ куыд кодта, афтæ сæтгæ дæр кодта, фæлæ йæ, зæгъгæ, сыздыхтай – цъæл нал кодта, уый нæ, фæлæ ноджы тынгдæр тасыд, уыд æнцонархайæн æмæ-иу истытæ бæттынæн кæм бахъуыд, уым – иу дзы спайда кодтой. Зæгъгæ, сæ кæрæдзимæ баиу кодтай, уæд-иу сæ рауад даргъ бæндæнгонд. Фæлæ æхсæры тала куы байрæзы, куы феставд вæййы, уæд нал фæкомы тасын, здыхсын æмæ йæм тых ничиуал фæхæссы – разайы йыл къалиутæ æмæ æхсæртæ дæттын райдайы.

Цæмæн æрыфтыдтон ныхас уæрдæхыл? Адæймаг дæр кæмдæр уæрдæхы миниуæгæй хайджын у. Уый дæр саби-талайæ тасаг, здыхсаг у. Кæцырдæм дæ фæнды, уыцырдæм æй атасын кæндзынæ. Тасын, здыхсын æй кæнынц бинонтæ, скъола, рæз кæй æхсæн хæссы, уыдон, цалынмæ йæ удыхъæд не сфидар вæййы, цардмæ йæхи цæстæнгасæй нæ акæсы, уæдмæ. Стæй сæ коммæ тынг нал фæкæсы æмæ йæ царды фæндагыл араст вæййы йæхæдæг.

Афтæмæй раздæры æхсæры уис æмæ адæймаг-саби сæ царды фæндæгтыл ныллæууынц æмæ сæ хæс фæфидынц сфæлдисæджы раз.

Фæлæ, æхсæрæй хъауджыдæр адæймаг а-царды змæлæг, тæлфæг архайæг, агурæг у æмæ æдзух йæхи хъæуы ратас-батасы, раздыхс-баздыхсы сæр. Афтæ куынæ кæнай – царды не ссардзынæ цард, асæтдзынæ æхсæры хъæбæр зæнгау æмæ уæ хъысмæт иугъуызон æгъатыр  рауайдзæн.

Кæн, адæймаг, дæхæдæг ратас-батас, раздыхс-баздыхс дæ тæлфаг царды. У дзы фердæхтджын, фæрæзджын, амалджын. Фæлæ æндæрæн уыцы бар ма радт. Фæндонæй æмæ æвæндонæй дæр. Радтай йæ – уыимæ дæ барты кæцыдæр хай дæр дæттыс кæйдæр къухтæм. Исчи дæ ратас-батас кæны, здухы дæ уæрдæхау – дæ цард дæхи бар нал у, ды сдæ йæ цагъар. Ахæмтæ, сæйраджыдæр, вæййынц карьеристтæ, дымыстъæртæ, æнхъæлцаутæ, сæхи «æз», сæхи хъуыды, сæхи сæрыстырдзинад кæмæн нæй. Ахæмтæ сты адæймаг-уæрдæхтæ.

Æхсæры уис куы байрæзы, фæфидар вæййы, уæд нал фæкомы тасын – нæ адæймагæн, нæ уадтымыгътæн, нæ стыр митуардтæн, нæ ихуардтæн… Макæмæн ком тасын ды дæр, адæймаг!

                                        Абон   æмæ   сом

Зын бамбарæн у нæ цард. Цы бонтæ нын ис нывгонд рацæрынæн, уыдоны иугай, кæрæдзийы фæдыл æрвитæм ивгъуыдмæ. Бон фæвæййы æмæ йæ раивы æндæр бон. Се ‘хсæн иу уысм нæй уæлдай рæстæг, нæй дзы хæрзчысыл «зыхъхъыр» дæр.

Чи аивгъуыдта, уыцы боны иу мур дæр фæивæн ницыуал ис. Цахæмæй йæ рацардис алчидæр, ахæмæй ацæуы ивгъуыдмæ. Кæмæн æнтыстджын рауайы, кæмæн йæ зæрдæйы кæмдæр фæсмоны æнкъарæнтæ ныууадзы, ома, афтæ нæ, фæлæ мæм æндæргъуызон рацæрын æмбæлд, æндæр хъуыддæгтæ мæ бакæнын хъуыд. Афтæ иутæ райгондæй баз­зайынц сæ арвитгæ бонæй, æндæртæ – нæ.

Фæлæ райгонд хъуыддæгты æмæ фыдбылызы хъуыддæгты дæр алчи йæхирдыгонау æмбары. Цæвиттон, куысты сæргъ чи лæууыд – уæлдай нæу, тæрхы фарсмæ уыд, зонадон лабораторийы, фыссæн столы фарсмæ æви æндæр ахæм бынаты – æмæ йæ зæрдæ йæ фæстиуæгæй кæмæн байрад, уыдон райгондæй баззадаиккой сæ арвитгæ бонæй. Ахæм арвитгæ бонæй райгондæй баззайы, зонгæ зонын фыдракæнд чи саразы, уыцы фыдгæнæг дæр æмæ йæхи амондджыныл банымайы, адæм, барадхъахъхъæнджытæ йæ куынæ базонынц, уæд.

Нæй дырыс номхыгъд саразæн арвитгæ боны (æмæ æппæт царды дæргъы дæр) бакæнгæ хорз æмæ æвзæр хъуыддæгтæн. Ууыл дунескæнæг нæ батыхст æмæ нын æй цæттæйæ нæ радта. Фæлæ адæймагад æппæт йæ уæвынады дæргъы сбæлвырд, сфидар кодта хорз, райсинаг, арфæйаг чи сты æмæ фауинаг, аппаринаг, къух сисын кæуыл хъæуы, уыцы хъуыддæгты. Сæ сæйраг нысан та у адæймагæй адæймаджы ‘хсæн ахастытæ æмбæлон уагыл аразын, адæймаг кæм цæры, уыцы æхсæнды, уыцы адæмы ‘хсæн æмразыйæ, гармонийы цæрын. Уыдоны бындурыл фæзындысты закъæттæ дæр, кæцыты нырма дæр, хъыгагæн бирæтæ не ‘ххæст кæнынц.

…Нæ рацæргæ бон йæ кæронмæ бахæццæ. Цахæм уыдзæн йæ фæстæ æрбалæугæ ног бон, уый зонæг ничи у. Нæ аивгъуыйгæ боны, бонты мах нæ хъуыдыты фæнывæндæм, куыд арвитдзыстæм ацы æмæ йæ фæстæ бонты дæр, цы бакæнинаг хъуыддæгтæ сараздзыстæм, нæ сæрибар рæстæг куыд арвитдзыстæм. Иутæн уыдон сæххæст вæййынц, æндæртæн – æххæстæй нæ. Разынынц ахæмтæ дæр, кæцытæ ацы бонмæ цы  снысан кодтой, уыдонæй сæ къухты ницы бафты саразын, æмæ сæ бахъæуы æндæр рæстæгмæ аргъæвын. Æмбисонд цæйау зæгъы, адæймаг фæндтæ фæкæны, хуыцау та тæрхон рахæссы.

Фæлæ уæддæр адæймаг йæ сомыл, йæ фидæны цардыл хъуыды кæнгæйæ цæры. Æмæ абон  цæуыл хъуыды кодтам, цы сфæнд кодтам хорзæй, уыдон алкæмæн дæр сом дзæбæхæй сæххæст уæт æмæ бонхуыздæр кæнæт.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.