ФЫДЫБÆСТÆМÆ   УАРЗТ

Алчидæр уарзы йæ фыдыбæстæйы. Кæм райгуырай, рæз кæм хæссай, дæ сабибонты, æрыгон азты мысинæгтæ кæимæ баст уой, адæмы рæгъмæ кæм рацыдтæ уыцы уæзæг, уыцы фыдыбæстæ зынаргъ у, гъай-гъайдæр. Æмæ уым диссагæй ницы ис. Æгæрыстæмæй, алы мыггаг сырдтæн дæр уарзон у, рагæй фæстæмæ цы бынаты цæрынц,  уый æмæ йæ æндæр бынатыл баивынмæ нæ хъавынц.  Цæвиттон, урс арсæн йæ къæхты бын зæхх дæр нæй – æнусон их у, фæлæ уый дæр йæ цæрæн бынат нæ баивдзæн, цасфæнды хæрзтæ йын йæ сæрыл куы рауадзай, уæддæр. Ахæм у сæ цардуаг зайæгойтæн дæр. Иу хуыз зайæгойтæн уæлдай зынаргъдæр, адджындæр вæййынц, кæм зайынц, уыцы бынат, æндæртæн та – æндæр бынат. Афтæ куынæ уаид, уæд ам, нæхимæ, стæй кæройнаг цæгаты дæр бананы бæлæстæ садзын райдаиккам æмæ сын сæ дыргъты дард Мароккойæ нæ ласиккам. Алкæмæндæр кæм цæры, кæм зайы, уый у йæ уæзæг, йæ фыдыбæстæ, йæхи дзы хаты хорз æмæ йæ уарзгæ дæр кæны.

Адæм дæр раздæр ахæм уагыл цардысты. Цæвиттон, негртæ сæхицæн цардысты сæ Африкæйы континенты, сæхи бæстæтæ ис арабæгтæн, стæй уынгæгцæстджынтæн, афтæ иннæ адæмтæн дæр. О, фæлæ ма йæ бынаты исчи бады æмæ цæры?! Иууыл цæуæг æмæ лидзæг систы. Æз дын зæгъон къахæй цæуын сæ хъæуы! Æмæ африкæйаг негры, стæй æндæрты дæр кæм нæ ауындзынæ. Сæ фыдызæххы, сæ бæстæйы фæуадзынц æмæ дунейы алы рæтты амидæг вæййынц. Æгæрыстæмæй, уазал Цæгаты дæр. Уартæ ма Европæмæ акæс, саудзарм адæм сæм лидзынц æмæ лидзынц æмæ бынæттон цæрджытæ фæдисы хъæр систой, Европæ сау кæны, зæгъгæ.

Æниу дард цæмæн цæуæм. Нæхимæ, нæ адæммæ ма акæсæм. Чысылнымæц наци уæвгæйæ, дунейы кæцы бæстæмæ нæ фæлыгъдысты цæрынмæ! Æмæ уым искæйы азымы бадарын зын у. Алкæмæндæр бар ис, кæм æй фæнды, уым цæрæн бынат равзарын. Стæй йæ хорз цардæй ничи никуыдæм алидздзæн. Зæгъгæ, нæм царды æмвæзад бæрзонддæр у æндæр бæстæтæй, уæд лидзæг нал уаид нæ фыдызæххæй, уый нæ, фæлæ ардæм лидзиккой цæрынмæ æндæр рæттæй. Æмæ цæмæй афтæ уа, уый тыххæй нæ бирæ зын фарстытæ аскъуыддзаг кæнын хъæуы. Æмæ сæ куыд хъуамæ аскъуыддзаг кæнæм, куыстхъом адæм алырдæмыты куы лидзой цæрынмæ, уæд?

Зæгъынц, зæгъгæ, цæмæй фыдыбæстæйы уарзай, уый тыххæй дæ йæхæдæг дæр хъуамæ уарза. Æмæ цы у йæ бон ацы хъуыддаджы нæ фыдыбæстæйæн? Бирæ у йæ бон æмæ уыдон армы тъæпæныл æвæрдау зынынц. Уыдон сты йæ æрдзы рæсугъддзинад, йæ сыгъдæг уæлдæф, йæ альпион уыгæрдæнтæ, хъæдты массивтæ йæ сыгъдæг суадæттæ æмæ хосгæнæн минералон дæттæ, йæ къахгæ æмæ æнæкъахгæ хъæздыгдзинæдтæ, йæ сойджын быдыртæ… Цы ма дæ хъæуы де нæниздзинад фидар кæнын æмæ фæрныг цард кæнынæн æндæр? Уый у йе стыр уарзт нæ фыдыбæстæйæн нæ адæммæ.

Куыд æй уарзæм уæдæ мах та? Махæн не стыр уарзт уымæ ис æрмæстдæр куысты, змæлды, архайды. Уæд фæрныг цард дæр кæндзыстæм æмæ нæ фыдыбæстæ та ноджы рæсугъддæр æмæ амондджындæр уыдзæн. Ныр та цы уынæм? Дуджы фæивд нын нæ раздæры царды æмвæзад  кæй æрхауын кодта, уыимæ ма нын нæ зондахаст дæр, хъыгагæн, мæгуырауæрдæм фæивта. Цæмæдæр гæсгæ нæ фæнды цъусдæр бакусын æмæ фылдæр æхца райсын. Алкæйы дæр фæнды хъæздыг цард кæнын, фæлæ намысджын адæймæгтæн уый зындæрæй æфты сæ къухты. Хъыгагæн, нæ фыдыбæстæ иуæй иутæн ссис æрмæстдæр хи схъæздыг кæныны фæрæз æмæ уымæ уарзт ивæм æхцамæ уарзтыл.

…Уыимæ ихсыйы йæ адæмæй нæ фыдыбæстæ. Уыдон æрмæст хорз царды фæдыл нæ ацæуынц. Иууыл ахъуыдыйагдæр у, нæ фæсивæд кæй ивылынц  – чи ахуыры, чи куысты фæдыл, кæй та йæ амонд ахæссы æцæгæлон бæстæмæ. Æмæ дзы фæстæмæ здæхæг, иу стæмтæй дарддæр, ничиуал разыны. Æрфидар вæййынц æцæгæлон зæххыл, саразынц уым сæ цард, фæзыны сын кæстæртæ, иу ныхасæй, ауадзынц дзы уидæгтæ æмæ сæм зæрдæйæ сæ фыдыбæстæ дардæй дарддæр кæны. Сæ кæстæртæн, уыдоны кæстæртæн та свæййы абстрактон æмбарынад… О, ис ахæмтæ, кæцытæн сæ дæсныйадмæ гæсгæ сæ райгуырæн зæххыл зын ссарæн вæййы куыст  æмæ сæ бахъæуы бар-æнæбары сæ фыдæлты зæхх ныууадзын. О, ис ахæмтæ, æцæгæлон зæххыл дæр сæ фыдыбæстæмæ уарзт кæмæн нæ къаддæр кæны æмæ уыцы уарзт дæттынц сæ кæстæртæм. Стæй сæрбахъуыды рæстæджы дæр йæ фарсмæ æрбалæууынц.

Фылдæр куы уаиккой ахæмтæ…

 

ЛÆГ – ЦÆРГÆС

Бады зæронд лæг йæ хæдзары раз кæрты ставд къуыдырыл æмæ кæсы йæ размæ. Цæмæ дзы кæса, ахæмæй дзы ницы ис сау зæхх, йæ къæхтыл цы дæрдджын дзабыртæ ис, уыдон æмæ йæ лæдзæджы бырынкъæй дарддæр. Æниу, уыдонмæ цы кæсы, уынгæ дæр сæ нæ кæны йæ ихсыд цæстытæй, кæд æм æввахс сты, уæддæр. Уый кæсы арвы цъæх тыгъдадмæ. Йæ хъуыдыты. Уым алцыдæр хорз уыны, цæстырухс йæ хъуыдыты  нæ хъæуы. Уыны, уым, арвы уæрæх тыгъдады рогæй, рæвдзæй куыд ленчытæ кæнынц йæхицæй кæстæр адæймæгтæ-цæргæстæ. Ныллæгдæрты, зæхмæ æввахсдæрты – йæхицæй цъус кæстæртæ, сæ базырты тых-хъомыс кæмæн фæуд кæны. Се ‘хсæнты – саби-адæймæгтæ – лæппын цæргæстæ, сæ базырты тых нырма лæмæгъ кæмæн у. Ам æнæрахатгæ нæй, зæрæдтæ сæхи зæххмæ ныллæг-ныллæг кæй уадзынц, се хсæнты та саби-лæппын цæргæстæ сæхи уæлæмæ, арвмæ, кæй ивазынц. Сæ сæрты ратæх-батæх кæнынц, сæ цард ныгуылæнæрдæм кæмæн фæкъул ис, сæ базырты, сæ уæнгты  тых кæмæн фæсаст, уыдон. Се ‘хсæнты – сæ базыртæ, се уæнгтæ кæмæн нæма сфидар сты, ахæм адæймаг-цæргæстæ.

Æппæт уыдонæн сæ сæрты ныфсджынæй ратæх-батæх кæнынц æмæ сæрыстырæй бæрзондæй фæлгæсынц, сæ тыхы чи бацыдысты, сæ базыртæ фæйнæрдæм кæронмæ чи айтыгътой, уадтымыгъты сæ риуы гуыдыртæй чи сæттынц, уыцы адæймаг-цæргæстæ.

Кæддæр нæ абоны зæронд  адæймаг-цæргæс дæр зæронд нæ уыд. Сабийæ уый дæр арвы бæрзонд хъæ-бысмæ цыдис цадæггай. Райдианы – ныллæджыты, стæй бæрзонддæр, бæрзонддæр æмæ схæццæ йæхи бæрзæнд-мæ.

Фæлæ алцæмæн дæр йæхи рæстæг ис. Ис йæхи рæстæг арвы уæрæх хъæбысы сæрыстыр æмæ ныфсджынæй ленчытæ кæнынæн дæр. Нæй царды æппæт бонтæ уым батонын. Здæхын фæхъæуы, цы зæххæй стахтæ, уырдæм. Æмæ йын иу ахæмы йæ кæронмæ хæццæ кæнын райдыдта.  Йæ дарыл базырты хъомыс, йæ фидар риу, йæ дардмæуынаг цæстытæ йын йæ къух нал амыдтой æмæ  цадæггай дæлæмæ-дæлæмæ, зæххы ‘рдæм йæхи уадзын райдыдта.

Ныр æм бакæс уæртæ – æрбадт зæххыл æмæ йыл рацу-бацу кæны. Арæх æрбады йæ къуыдырыл æмæ кæсы арвы тыгъдадмæ. Цæстытæ дзы уадиссаг ницыуал æвзарынц, фæлæ хъуыдытæ, хъуыдытæ… Уыдоны руаджы йæм алцыдæр ирдæй разыны…

Æрбадт зæххыл адæймаг-цæргæс . Фæлæ нырма йæхи бынтон нæ ауагъта. Нырма йæ бон у йæ æдых базырты айтындзын, æмæ кæд дард, бæрзонд нæ, уæддæр стæхы – нырма йæ бон змæлын, архайын, цыдæр куыстытæ акæнын у.

Зæронд адæймаг-цæргæс зоны, кæмдæр зæронд – æцæг цæргæс дæр ахæм уавæры кæй ис. Фæлæ цы бакæной, сæ адзалмæ æнхъæлмæ кæсынæй дарддæр?

 

ÆНУСОН ЦАРДЫ  ТЫГЪДЫ ФÆНДАГ

Кæм ис дæ райдиан, æнусон царды тыгъды фæндаг?  Кæд æмæ дыл цы уавæрты слæууыд адæймаг æмæ дыл цæуын кæд райдыдта? Гъе, та кæм ис уыцы фæндагæн йæ кæрон, кæд ын ис, уæд? Зын фарстытæ сты æмæ сын бæлвырд-бæрæг дзуаппытæ радтæн нæй. Æмæ кæд нæ ивгъуыдæй цыдæртæ базонæм, уæд нæ фидæн та бынтон æбæлвырд у. Нæ зонæм, сом нæ алкæмæ дæр цы æнхъæлмæ кæсы, уый. Фæлæ мах æууæндæм, фидæн нын кæй ис æмæ нæ куыд фæнды уымæ бакæсын, базонын, цы нæм æнхъæлмæ кæсы, уымæ.

Æнусты, милуангай азты дæргъы йæ даргъ царды даргъ фæндагыл фæцыдис адæймаг. Уыцы даргъ тыгъды фæндагыл хицæн адæймагæн йæ цард, йæ фæндаг цыбыр у. Нæ райгуырдæй йæм бахизæм, ацæуæм ыл бæрæг дæрддзæг æмæ дзы нæ мæлæн бон фæстæмæ рахизæм, нæ фæстæ нæхи хуызæттæ ныууадзгæйæ æмæ афтæмæй царды æнусон  тыгъды фæндаджы та дарддæр кæнгæйæ.

Уыцы фæндагæн йæ ивгъуыд нæ хъуыдыйы цы цæры, уымæй дарддæр талынг у. Йæ фидæны дæр ын нæ бæллицты цы ныв кæнæм, уымæй дарддæр талынг у. Талынг у фæрсæрдыгæйты дæр. Ис дзы рухс æрмæстдæр ивгъуыд æмæ фидæны хсæн чысыл уаццаджы, нырыккон афоны, мах, цæрдхъом адæм кæм уæвæм, уыцы уаццаджы. Уыцы рухс йемæ хæссы хъарм дæр æмæ нæ иумæ рæвдауынц нæ царды фæндагыл цæугæйæ. Æниу… Цымæ уыцы фæндагыл мах цæугæ кæнæм? Къæхтæ нын уый тыххæй радта дунескæнæг? Æвæццæгæн – нæ! Къæхтæ алы цæрæгойæн дæр уый тыххæй лæвæрд сты, цæмæй хæлц агура, ара, хæра æмæ уæва. Йе рагъ æмбæрзтæй кæй дары адæймаг, уый йын æрдзæй лæвæрд нæу.  Чи нæ тæры, скъæфы размæ, уый рæстæг у, кæй нæ уынæм, фæлæ  йæ бæрц нымайын кæмæн зонæм, уыцы рæстæг. Уый нæ хъазæгау кæны – хатт нын нæ царды йæ уагыл ауадзы, цинтæ нын æвзарын кæны хатт та нæ баппары царды уадтымыгъты, знæт уылæнты нæ фæрассæнд-бассæнд, фæрахæсс-бахæсс кæны,масты, хъыгты, сагъæсты хай нæ фæкæнгæйæ. Бирæты уыцы уадтымыгътæ, знæт уылæнтæ бахæссынц тыгъды фæндаджы сæрсæфæн былмæ æмæ дзы иутæн бантысы уырдыгæй раирвæзын, æндæртæ ахауынц йæ былæй æмæ æбæрæг, æнусон тары аныгъуылынц- сæ цард фæвæййы ууыл. Ахауынц дзы ноггуырдтæ, сабитæ, раст, цыма, а-дунемæ дзæгъæл æрбавæййынц. Ахауынц дзы æрыгæттæ, æмбискар æмæ йæ царды кæронмæ чи нæма бахæццæ, ахæм адæймæгтæ. Ам кар ницы давы. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй адæмæн æрмæстдæр сæ дыууын проценты фæхæццæ вæййынц зæронды кармæ, сæ царды кæронмæ.

Æмæ ма иу хъыгаг хабар. Нæ рухс, хъарм дунейы мах уынæм кæрæдзийы, цæрæм кæрæдзийы фарсмæ æмæ цас фыдæх ис не ‘хсæн, цас хæрам ахаст дарæм кæрæдзимæ! Æлгъитæм, æфхæрæм, дæлдзиныг кæнæм, хыл кæнæм, кæрæдзийы марæм, цæгъдæм…

Фæлæ уæддæр, æппæт уыдæттæм нæ кæсгæйæ, нæ царды цыбыр фæндагыл æмæ уыимæ тыгъды фæндагыл цæугæйæ, мах кæрæдзийыл цин кæнын дæр зонæм. Иуы хорз нæ æндæрæн æрхæссы цин æмæ зæрдæ фæрайы æмæ цасфæнды хæрамдзинад ма уа не ‘хсæн, уæддæр хæрзиуæг уæлахиз кæны фыдæхыл.

Нæ рухс дунейы мах æрæййафæм хистæр фæлтæры. Уыдон нæ фæцайдагъ кæнынц цæрыныл, сæ фæлтæрддзинад нын радтынц. Уыдон ацæуынц рухс дунейæ æмæ мах сæ бынатмæ бацæуæм, нæ царды фæлтæрддзинадыл кæстæр фæлтæрты цайдагъ кæнгæйæ.

Мах – адæмы бирææнусон царды даргъ рæхысы кæройнаг цæг, фæлæ фæстаг – нæ! Мах стæм фидæнмæ фæндагыл радон цæг.

 

СÆЙРАГ   СГУЫХТДЗИНАД

Сгуыхтдзинæдтæ алыгъуызон хъуыддæгты ис саразæн. Ис хæстон, фæллойадон, зонадон, сфæлдыстадон æмæ æндæр ахæм сгуыхтдзинæдтæ. Йæ саразын алкæйы къухты не фты æмæ сыл нæ царды дæр арæх не ‘мбæлæм. Ахæмтæ  махæн нæ разæй цæуынц æмæ сæ баййафын нæ бон нæу. Нæ бон цы у, уый – уыдоны хуызæн суæвынмæ бæллын, тырнын. Æрмæст се сгуыхтдзинæдты тыххæй нæ, фæлæ сæ царды уаг куыд аразынц, уый тыххæй дæр. Кæд хатт рауайы афтæ æмæ сæ бинонты цардмæ хъус æрдарынмæ се стыр хъуыддæгтæй нæ равдæлы æмæ фæкъуыхцы вæййынц, уæддæр сын уый барстгонд вæййы. Уый хъыгъд се сгуыхт хъуыддæгтæ  баиу вæййынц сæ удты бæрзонд хæрзæгъдауон миниуджытимæ æмæ нын амонынц, царды рæсугъд фæндагыл куыд хъæуы цæуын. Ахæм фæндагыл та, хъыгагæн, алчи нæ фæцалх вæййы. Афтæ æмæ не ‘хсæн уæвынц алыгъуызон фæткхалджытæ-фыдгæнджытæ. Сæ ныхмæ тох кæнынц барадхъахъхъæнджыты æнæхъæн æфсад.

Æмæ, зæгъгæ, алчидæр лæуд у раст фæндагыл, йæ цард аразы æхсæндзарды сфидаргонд фæткмæ гæсгæ, фыст æмæ æнæфыст закъæттæ нæ халгæйæ, уæд нæ цард цас хуыздæр æмæ рæсугъддæр уаид! Фыдгæнæг нæ уæвын, искæмæ тых нæ хæссын, адæмимæ, алфæмблай дунеимæ æмæ дæхиимæ дæр æмразыйæ, гармонийы цæрын – уый дæр, гъай-гъайдæр, сгуыхтдзинад у æмæ, чизоны, сæйраг сгуыхтдзинад дæр. Уымæн æмæ, фыццаджыдæр, ахæм сгуыхтдзинад алкæмæн дæр йæ бон у саразын æмæ дыккаджы та нæ дуне уаид бирæ хæрзвадатдæр цæрынæн.

БИАЗЫРТЫ  Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.