Хуссар Ирыстоны æвзонг спортсментæ хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой уæззау атлетикæйæ æрыгæтты ‘хсæн РЦИ-Аланийы чемпионаты. Уæлахиздзаутæ систы Багаты Александр, Кæсæбиты Арсен æмæ Багаты Георги. Æвзист майдантæ бафтыдысты Уалыты Сослан, Пæррæстаты Хасан æмæ Багаты Давиды къухты.

Тренер Кæсæбиты Алыксандр куыд хъусын кæны, афтæмæй ацы ерысты фæстиуджытæм гæсгæ Багаты Александр РЦИ-Аланийы æмбырдгонды сконды хайад райсдзæн ацы кары спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты, кæцы уагъд æрцæудзæн февралы мæйы Санкт-Петербурджы.

БОКС

Зындгонд ирон боксер Гасситы Мурат профессионалон рингыл радон тох акæндзæн 3 марты. Йæ тренер Сланты Витали куыд хъусын кæны, афтæмæй тох уыдзæн Ереваны, фæлæ зæгъ, гæнæн ис æмæ йæ ахæссой Стамбулмæ дæр. «Мураты ныхмæлæууæджы ном уын мæ бон нæу зæгъын. Уый тохы организаторты хъуыддаг у. Фæлæ зæгъдзынæн уый, æмæ  кæй уыдзæн ахæм боксер, кæцы иу хатт дæр никуыма фембылды. Æнхъæлмæ кæсут хорз тохмæ. Хуыцауы фæрцы хъуамæ фæуæлахиз уæм», – банысан кодта Сланты Витали.

Ныртæккæ Гассийы фырт ис Дзæуджыхъæуы, цыран ын йæхи æмбæлонæй бацæттæ кæныны нысанæн бон вæййы дыууæ тренировкæйы.

 Хуриты Батрадз