Хъæуы ивгъуыд цардæй

Ирыстоны бæрзонд хæххон хъæуты æнцон цæрæн никуы уыд. Фæлæ сæ цæрджыты æндæр цы бон уыдис, фыдæбон кодтой, тох кодтой царды сæрыл æнусты дæргъы. Уыцы хъæутæй уыдис Дзауы районы Сыбайы хъæу дæр. Цæрджытæн кæд сæ хуымзæххытæ, угæрдæнтæ, сæрвæттæ, сæ авналæнтæ кадавар уыдысты, уæддæр сæхицæн царды амæлттæ кодтой, уымæн æмæ æрдзы хæрзиуджытæ – сатæг уæлдæф, уазал суадæттæ, хосгæнæн суæрттæ, алыгъуызон хъæддаг дыргътæ æмæ гагадыргътæй цух нæ уыдысты.

– Сæрдыгон ацы хъæуы рæсугъддзинад фенгæйæ æнæмæнг ахъуыды кæндзынæ: æрдз нывгæнæг æй ницæмæй фæхъыг кодта, цынæ бæласы мыггагыл дзы схæцы адæймаджы цæст, зæрдæ райы алыгъуызон рæсугъд дидинджыты хæрздæф æмæ уындæй, хъустæ нал фефсæдынц мæргъты цъæхснаг хъæлæсæй зарджытæм хъусынæй.

Гъе, ахæм бынаты уæвы Сыбайы хъæу æмæ дзы æнусты дæргъы чи цардысты, уыдон карз, æрдзон зындзинæдтимæ тох кæнгæйæ, фæлтæр фæлтæры ивгæйæ, æрвыстой сæ царды бонтæ.

Сыба дих кæны æртæ хъæуыл: Дзадтиаты хъæу, Астæуккаг Сыба æмæ Уæллаг Сыба. Уæллаг Сыбайы ма хуыдтой Хъугом дæр. Ам цæрæнбынатæн фыццаг равзæрстой Абайтæ. Уыдон хуыздæр цардагур дыууæ хæдзарæй æд бинонтæ ралыгъдысты Захъайы хъæуæй æмæ æрбынат кодтой Уæллаг Сыбайы хъæуы. Уый фæстæ ам цæрынæн равзæрстой Дзадтиатæ æмæ æрцардысты Дæллаг Сыбайы. Бахъаты мыггаг æрбынат кодтой чысыл мидæгдæр Астæуккаг Сыбайы. Уыдысты 12 цæрæг хæдзары. Суар кæм ис, уымæ æввахс дæр цардысты Абайтæ, – фыдыфыртæй сæ Тъæрæзтæ хуыдтой. Ис ма дзы Хъазиты хуым дæр (фыссæг Хъазиты Мелитоны фыдæлтæ дæр ардыгæй алыгъдысты). Уыдысты æртæ цæрæг хæдзары. Æрцардысты дзы Плитæ æмæ Дзерантæй дæр. Фæлæ, уæддæр, ам сæйраджыдæр цардысты Абайты мыггаг æмæ баисты 23 цæрæг хæдзар. Уæллаг Сыбайы Абайты йеддæмæ æндæр мыггæгтæ нæ цардис (фыдыфыртæй сæ Жорæтæ хуыдтой). Уыдон баисты 40 цæрæг хæдзары бæрц. Хъæуæй чысыл фалдæр та цардысты Приатæ 9 æфсымæрæй.

Цы хъæуы хæххон лæджы цæрынæн? Угæрдæнтæ, сæрвæттæ, цæмæй фос дарой, хуымзæххытæ, цæмæй йæхи æркæнгæ халсартæй йæхи ифтонг кæна. Æмæ фæндаг. Зæгъгæ уыдон сты, уæд æй фæллой кæнынæй цы бафсаддзæнис! Æмæ уыдонæй та цух æййæфтой цæрæнбонты сыбайæгтæ. Зæххы алы гæппæл дæр сæм нымады уыд. Къахæй дзы æрлæууæн уæд, байтауæн дзы исты уæд, уый йеддæмæ хуымзæхх къулæй дæр ничи фаудта. Сæйраджыдæр дзы тыдтой картоф, хъæбæрхор, мæнæу. Фæлæ, куыд ма загътам, афтæмæй сын зæхх нæ фаг кодта æмæ хорхъуаг æййæфтой. “Фæсхохмæ ахизæны æфцæджы сæрты ныр дæр зынтæй ахиздзынæ. Уыдон та-иу хъæдтæ ластой æмæ сæ Захъайы хъæуы хорыл ивтой. Захъайы хъæд нæ уыдис æмæ сæ хъуыдис хъæдæрмæгæн. Фос бирæ дардтой, фæлæ сын зымæгваг холлаг æрцæттæ кæныны фадат нæ уыдис æмæ-иу сын уæййаг чи уыдысты, уыдоны дæр æфцæджы сæрты скъæрдтой фæсхохмæ уæй кæнынмæ. Ныууагътой ма-иу дзы дуцгæ хъуццытæ”, – зæгъы хъæуы раздæры цæрæг Абайты Эльбрус.

Раздæр хæхбæсты адæм цуаны цæуаг уыдысты. Цуаны цыдысты сыбайæгтæ дæр. Сырдджын ком уыдис Сыба æмæ сын зиан кодтой сæ фосæн дæр. Æхсæнгарз кæмæ нæ уыд, уыдон-иу сæ ныхмæ æрлæууыдысты сагæйттимæ дæр. Зындгонд цуангæнæгыл нымад уыд ацы хъæуы цæрæг Жорæты Дзоццæ. Уый цуан кодта сычъитæ æмæ дзæбидыртыл. Сырд-иу куы амардта, уæд-иу æй схаста кувæндонмæ æмæ-иу æй уым ныддихтæ кодта хъæубæсты цæрджытыл.

Æрцыд ахæм хабар

Абайты Эльбрус куыд радзырдта, афтæмæй ма уыцы комы цардысты Приатæ дæр. Уыдысты авд æфсымæры. Сæ хистæрæн уыд бинойнаг æмæ чысыл сывæллон. Уæд иу чындзæхсæвы рæстæджы фæхъæлæба сты Абайтимæ æмæ æрцыд лæгмард, фæтуджджын сты. Абайты нал уагътой æддæмæ ракæсын. Сæ хъуыддæгты фæстæ-иу хъæд – хъæд ахъуызыдысты. Сфæлмæцыдысты Абайтæ æмæ сфæнд кодтой, цæмæй сыл хинæй фæтых уой. Уæд фæдис ныхъхъæр кодтой, зæгъгæ, уын уæ фос атардтой фæсæфцæгмæ. Приатæ дæр фæдисы ралæбурдтой æмæ сæ уæд иууылдæр амардтой. Мæсыгы ма баззадис сылгоймаг йæ æртæаздзыд лæппуимæ. Сылгоймаг йæхибар нæ уыд. Рахъуызыд æмæ Челиатмæ ахызтис æмæ афтæмæй аирвæзтис. Легендæйы куыд дзырдæуы, афтæмæй уыцы мыггаг сбирæ сты. Фæлæ дзы уæдæй фæстæмæ Сыбайы хъæумæ йæ къах дæр ничиуал ба-вæрдта.

Дугивæнты

Æртынæм азты Советон хицауады фæуæлахизы фæстæ, Сыбайы хъæуы байгом астазон скъола. Сыбайы æртæ хъæуы рæзгæ фæсивæдæн фадат фæцис ахуыры уæрæх фæндагмæ рахизынæн. Фæлæ фæстæдæр æхгæд æрцыдис. Йæ аххосаг – цæрджытæ æмæ уыимæ ахуырдзау фæсивæд дæр кæй къаддæр кодтой. Чи ма дзы баззад, уыдон та цыдысты Ручъы астæуккаг скъоламæ. Цæуын та сæ хъуыд 9 километры бæрц.

Ивгъуыд æнусы æртынæм азтæ уыдысты стыр ивындзинæдты азтæ, канд ахуыры хъуыддаджы нæ, фæлæ царды æппæт къабæзты дæр. Фидар цыдысты социалистон цардæвæрды бындуртæ. Æгас Ирыстоны хъæуты дæр райтынг колхозон арæзтад. Фæлæ ацы хæрзиуæгон хъуыддагæй нæ фæхайджын сты сыбайæгтæ. Хъæуы нæ уыдис фермæтæ аразыны фадат. Фысвос дардтой Ручъы хъæуы æмæ сыбайæгты хæсджын кодтой, цæмæй Ручъы колхозы фосæн карстаиккой хос. Угæрдæнтæй та, куыд ма загътам, хъуаг æййæфтой. Нæ сын фаг кодта зæхх. Тыхстысты зымæгон стыр митуардæй дæр. Бахъуыд-иу сæ кæрæдзийы хæдзæрттæм тъунелтæ къахын. Сæ фосæн æмæ цæрджытæ сæхæдæг дæр пайда кодтой митдонæй. Зæйтæ дзы арæх цыдысты. Цыппар ранæй-иу баиу сты æмæ-иу Сыбамæ бахизæн нал уыд.

СЫБА

Хъæуы цæрджытæ сæ зиæнтты Захъамæ ластой. Иу ахæмы сæ зæй æрæййæфта æмæ бабын сты, зианы чи ластой, уыдон. Уæдæй фæстæмæ Сыбайы цæрджытæ сарæзтой уæлмæрд сæхи хъæуы. Уæллаг Сыбайы та дыууæ сылгоймаджы зæй фæласта, суадонæй дон куы рацæйхастой уæд. Æмæ, канд уыцы æрдзон зындзинæдтæ нæ æвзæрстой, фæлæ ма сыл сæвæрдтой алыгъуызон фиддонтæ дæр. Адæм сфæлмæцыдысты сæ цардæй æмæ лыгъдысты æндæр æмæ æндæр рæттæм цæрынмæ. Афтæмæй къаддæрæй къаддæр кодтой хъæуы цæрджытæ. Фæстагмæ бирæ æндæр хъæутау уый дæр раафтид йæ бирæ цæрджытæй. Рохуаты баззадысты сæ уæлмæрдтæ…

Хъæуы алыварс топонимтæ

Сыбайы хъæуæй алы рæттæм цыдысты къахвæндæгтæ æмæ уый та дзурæг у, ацы уæзæгыл йæ цæрджытæ æдзух змæлгæ кæй кодтой, куыстыл ифтонг кæй уыдысты. Уыцы къахвæндæгтыл цыдысты сæ хуымзæххытæм, угæрдæнтæм, сæрвæттæм, хъæдмæ суг кæнынмæ… Уыцы бынæттæн дæр уыд сæхи нæмттæ, зæгъæм: Хуыйы къахыр, Гыццыл хуыйы къахыр, Фæсмæсыг, Галфæдтæ, Куырæйттæ (Куырæйттыл куы дзурæм, уæд алы хæдзарæн дæр уыд йæхи куырой). Ам ма уыдис Бæхты фæтæн, Ракæсæн, Галдарæн, Суæрттæ, Фæслæгæт. Уым-иу æрбынат кодтой цуанæттæ. Фæслæгæтæй ахызтаис Ерман, Челиатмæ. Сыбагомæй та Захъамæ ныххиздзынæ æфцæджы сæрты. Рахисæрдыгæй та – Тырсымæ. Йæ ныхмæ ис Хилакы æфцæг. Сыбайæн галиуæрдыгæй Ручъы фæтæнтæ хонынц.

Сыбайы сызгъæрин дзуар

Ирыстоны иунæг ахæм хъæу дæр не ссардзынæ йæхи кувæндæттæ кæмæн нæй. Сыбайы цæрджытæ дæр куывды цыдысты Хæстæг дзуармæ. Иу рæстæджы хъæуы нæлгоймæгтæ изæрæй хосгæрстæй куы æрцæйцыдысты, уæд сæ сæрты цавæрдæр маргъ цæхæркалгæ ратахтис æмæ рагъыл абадтис. Хъæуы цæрджытæ фæстæдæр уыцы бынатмæ фæхастой дуртæ æмæ дзы кувæндон сарæзтой, йæ ном та йын схуыдтой Рагъы дзуар.

Ис ма ахæм верси дæр, зæгъгæ, Тамара æмæ Давид Сослан ууылты рацæйцыдысты, сæ зæрдæмæ тынг фæцыдис уыцы бæстæ, æрфарстой хъæуы цæрджыты, сæ кувæндон кæм ис, уымæй. Ссыдысты йæм, сæхи йын бафæдзæхстой æмæ дзуары номыл балæвар кодтой сыгъзæрин къус æмæ агуывзæтæ. Уымæ гæсгæ йæ рахуыдтой Сыгъзæрин дзуар. Ирыстоны æндæр хъæуты иунæг ахæм кувæндон дæр нæй.

Хъæу ногæй хъæугъуыз кæны

Сыбайы хъæуы цæрджытæ кæд сæ райгуырæн хъæуæй фæлыгъдысты, уæддæр-иу афæдз иухатт æрцыдысты, Сыгъзæрин дзуармæ кувынмæ. Йæ бынмæ ссæуынц æд кусæрттæгтæ, сæхи йын ныффæдзæхсынц.

Адджын у, адæймаг йæ фыццаг къахдзæфтæ цы зæххыл акæны, уый. Æмæ, иугай-дыгай чидæртæ фæстæмæ здæхын райдыдтой, сæ хæдзæртты ногæй суагътой фæздæг. “Куыддæр уалдзæг æрбалæууы, афтæ æрбаздæхын, æмæ ам баззайынц, мит цалынмæ не `руары, уæдмæ. Дзæуджыхъæуы ницы цух дæн, фæлæ рынчынтæ кæнын. Ардæм куы æрцæуын, уæд мæ ницыуал фæриссы. Хъæдæй суг дæр мæхæдæг æрбаласын, афтæ уæнгрог хатын мæхи. Уымæ гæсгæ дзы сарæзтон хæдзар. Ныр дзы цалдæр хæдзары ис арæзт. Ноджыдæр дзы саразиккой, фæлæ дзы рухс нæй. Сыбайы хъæуы йæ сырæзтæй фæстæмæ электроны рухс никуы ссыгъд æмæ адæм уый тыххæй дæр тынг фæлмæцыдысты. Фæндаг царды дадзин у. Нæ хъæумæ бахизæны та доны сæрты æмбæлон хид арæзт никуы уыд æмæ уалдзыгон дон куы раивылы, уæд нын тынг зын кæны. Фæлæ уыдæттæм нæ кæсгæйæ чи дзы фæлыгъдысты, уыдонæй бирæтæ здæхынц фæстæмæ æмæ уый зæрдæмæ уадзы стыр ныфс” – зæгъы Дзадтиаты хъæуы цæрæг Дзадтиаты Асæхмæт.

Зымæджы бонты ам баззайынмæ йæ ныфс нырма ничи хæссы, фæлæ хæдзæртты уалдзæджы æрбалæудæй æрæгвæззæгтæм царды комулæфт кæй ацæуы, уый дæр хорз хъуыддаг у…

      Бестауты Валя