2018-2019 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фарстыты фæдыл дзырд цыдис, Хицауады цы æмбырд цыдис, уым. Уагъта йæ Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Æмбырдмæ хуынд æрцыдысты Инвестпрограммæйы объектты кусæг подрядон арæзтадон организациты къухдариуæггæнджытæ. Хицауады Сæрдар сæм æрсидт, цæмæй лæмбынæг хъусдард аздахой арæзтцæуæг объектты куыстыты гъæдмæ æмæ хъахъхъæд цæуой сфидаргонд графиктæ.

«Арæзтадон процессы ахсджиаг у, цы куыстытæ æххæст цæуынц, уы-донæн сæ гъæд, стандарты æппæт нормæтæн дзуапп дæттынц, æви нæ.  Ныртæккæ басгæрстытæ уагъд цæуынц арæзтады æппæт этапты дæр æмæ уый хъуамæ ахъаз кæна къухты бæрзонд фæстиуджытæ бафтын кæнынæн», – загъта уый.

Ленингоры районы инженерон коммуникацитæ уадзыны фæдыл куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй æмбырды хайадисджытæн радзырдта арæзтадон организаци арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Амиго»-йы минæвар Джиоты Андрей. Йæ ныхæстæм гæсгæ куыстытæ цæуынц активонæй. Ацы бонты Къудухты Бесикы æмæ Сталины уынгты фесты зæххы бын коммуникацитæ  хæдзæрттæм баиу кæныны фæдыл куыстытæ æмæ сæ 3-4 къуырийы фæстæ та райдайдзысты асфальт кæнын.

Æмбырды рæстæджы уынаффæ цыдис нымæцон телеуынынадæн ифтонггæрзтæ сæвæрыныл, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмтеатры, медико-социалон центры арæзтады, афтæ ма горæты 9 уынджы схæрзарæзт кæныны фарстыл дæр.

Æмбырды куысты хайад райстой Хицауады Аппарты къухдариуæггæнæг Гаглойты Олег, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей æмæ автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæргълæууæг Гуыззыдтаты Эдуард.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ 2018-2019 азтæн Инвестпрограм-мæмæ æдæппæт хаст кæй æрцыдис 51 мадзалы.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.