2018-2019 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион прогграммæ куыд реализаци цæуы, ууыл дзырд цыдис Хицауады радон рабадты.

Æмбырдæн къухдариуæг кодта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик. Æмбырды куысты хайад райстой Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæг Гаглойты Олег, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард, йæ хæдивæг Гаглойты Сергей,  Автомобилон фæндæгты æмæ арæзтад эксплуатацийы фæдыл комитеты сæргълæууæг Гуыззыдтаты Эдуард, афтæ ма подрядон арæзтадон организациты сæргълæуджытæ, кæцытæ бæрндзинад хæссынц Инвестицион программæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объектты тыххæй.

Хицауады Сæрдар æмбырды хайадисджыты хъусдард аздæхта Инвестицион объектты куысты хайад чи исынц, уыцы организациты къухдариуæггæнджытæм, цæмæй рæстæгыл æххæст кæной сæхимæ райсгæ хæслæвæрдтæ, лæмбынæг хъусдард здахой арæзтцæуæг объектты куыстыты гъæдмæ, хъахъхъæд цæуой сфидаргонд графикмæ гæсгæ.

«Алы подрядон организацийы къухдариуæггæнæг дæр, хъуамæ сараза афтæ, цæмæй ацы аз эксплуатацимæ лæвæрд цы объекттæ хъуамæ æрцæуой, уыдон арæзт фæуой рæстæгыл æмæ гъæдджынæй», – загъта йæ раныхасы Пухаты Эрик. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, уый тыххæй ис æппæтхъæуæг фæрæзтæ æмæ æрмæджытæ дæр.

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ма Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрад æмæ автомобилон фæндæгты æмæ арæзтад эксплуатацийы комитетæн бахæс кодта, цæмæй аскъуыддзаг кæной Дзауы поселочы, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты резиденцийы бæстыхæйтты комплексмæ бацæуæн фæндагыл æмбæндтæ сæвæрыны фарст. Афтæ ма æрдомдта, цæмæй ацы фарсты фæдыл къуырийы æмгъуыдмæ бавдисой сæ фæндæттæ. Æнæмæнгхъæуæгыл банымадта, цæмæй мадзæлттæ ист æр-цæуой кæройнаг хыгъдон документаци тагъддæр саразыны фæдыл.

Æмбырды ма дзырд цыдис горæты уынгтæ хæрзарæзт кæныны фарстыл дæр.

Хицауады сæрдар бахæс кодта, цæмæй бакæнгæ куыстыты фæдыл хыгъд бавдыст æрцæуа Хицауадмæ.

Æмбырды хайадисджытæ æруынаффæ кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны нымæцон теле-уынынады ифтонггæрзты хъахъхъæнынад сифтонг кæныны фарстыл дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.