2018-2019 азтæн Инвестпрограммæ реализаци кæныны тых-хæй нæ республикæйы разамынад сæ разы цы хæстæ æрæвæрдтой, уыдон куыд æххæст цæуынц, дарддæр куыд скъуыддзаг цæу-дзысты æмæ сæ сæххæст кæныныл цы куыст цæуы, уый тыххæй ауагъд æрцæуы æрвылкъуырион рабадт.

Ацы бонты та ахæм рабадт ауагъд æрцыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй. Йæ куысты хайад райстой Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, профилон æмæ ведомствæйон министрадты къухдариуæггæнджытæ, афтæ ма подрядон организациты минæвæрттæ.

Рабадты Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик аразджыты хъусдард аздæхта, бакæнгæ куыстытæн афоныл хыгъдон документаци арæзт кæй не ‘рцæуы, уымæ.

«Хъуыддаджы арæзт цы цæуы, уый нæ зыны арæзтцæуæг документацийы. Æмæ адæймагмæ афтæ кæсы, цыма хуыздæрæрдæм ницы æнтысы ацы азæн Инвестпрограммæ реализаци кæныны хъуыддаджы», – загъта уый. Æмæ æрсидт, ацы хъуыддаджы бæрндзинад чи хæссы, уыдонмæ, цæмæй æмбæлон хъусдард аздахой сæ документаци æрбиноныг  кæнынмæ .

Рабадты хайадисджытæ сæ хъусдард аздæхтой нæ горæты уынгты хæрзарæзт скæнын æмæ сæ газæй ифтонг кæныны фарстатæм.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон коммуналон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард куыд загъта, афтæмæй, Сомихæгты æмæ Комаровы уынгты цæрджыты хæдзæрттæм газы хæтæлтæ баиу кæныны фæдыл куыстытæ фæуыдзысты мæйы кæронмæ. Ленингоры газуадзæн куыстытыл дзургæйæ та Зæгъойты Эдуард банысан кодта 490 абонентæй ныридæгæн газуадзæн магистралмæ баиу кæй æрцыд 160 абоненты.

Уынгты хæрзарæзтадыл дзур-гæйæ, Президент банысан кодта, Харебаты Исахъы æмæ Коцты Грийы уынгты донлæдæрсæн хæтæл-тæ æмбæлон арæзт кæй не ‘рцыдысты, æмæ сæ къæвдабонты ахизæнтæ кæй нæ вæййы.

«Фæнды мæ, цæмæй ацы куыстытæн дзуапп чи дæдты, уыцы къухдариуæггæнджытæ къæвдабоны къахæй куы ацæуиккой уыцы уынгты, цæмæй бамбарой, цæр-джытæ цас зындзинæдтæ æв-зарынц, уый. Уыцы проблемæтæ нырмæ хъуамæ скъуыддзаг уыдаиккой. Аскъуыддзаггæнæн кæ-мæн нæй, ахæм хъуыддаг нæй, æмбæлон æгъдауæй йæм куы бацæуай, уæд», – загъта Президент æмæ æрдомдта, ацы фарст кæмæ хауы, уыцы службæтæй, цæмæй сахуыр кæной фарст æмæ аиуварс кæной ацы проблемæ.

Рабадты ма Бибылты Анатоли подрядон организациты къухдариуæггæнджыты зæрдыл æрлæууын кодта, кусджытæм ахасты сæ социалон бæрндзинады тыххæй, афтæ ма пенсион ахыгъдтытæ æмæ фиддонтæ, уыцы нымæцы æфтиагыл фиддонтæ рæстæгыл фидыны тыххæй сæ хæслæвæрдтæ дырысæй æххæст кæныны æнæ-мæнгхъæуындзинадмæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.