Президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны Sputnik-ы коллективæн информацион агентадыл авд азы сæххæсты цытæн.

Йæ ныхасы паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, авд азы дæргъы агентад оперативонæй æмæ объективонæй æвдисы Ирыстоны, Уæрæсейы æмæ дунейы цы цаутæ цæуы, уыдон.

«Сæйраджыдæр, мæ бузныджы ныхæстæ зæгъын фæнды Дзыллон информацион фæрæзтæн, сæ архайд ирон æвзагыл кæй æххæст кæнынц, уый тыххæй. Уымæн ис егъау нысаниуæг адæмы национ-культурон рæзтæн», – загъта Гаглойты Алан.

Президенты цæст Хуссар Ирыстоны Sputnik-ы коллективæн бауарзта æнтысджын куыст, ног æмæ цымыдисон проекттæ, æнтыстытæ æмæ æнæниздзинад.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.