Ног къуырийы райдайæны республикæйы Парламент æмæ адæммæ ныстуанимæ ралæудзæн паддзахады сæргълæууæг, кæцыйы  фæстиуджытæ сраздзæн фыццаг азы куыстæн æмæ банысан кæндзæн дарддæры пълæнттæ. Ацы ахсджиаг политкон документмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ эксперттæ æмæ хицæн æмбæстæгтæ сæ хъуыдытæ дзурынц бæстæйы дарддæры рæзты тыххæй.

Парламенты V æрсидты депутат, филологон зонæдты кандидат, профессор Цхуырбаты Мирæйы хъуыдымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны разамынады раз абон лæууынц бирæ хæстæ, кæцыты хъæуы скъуыддзаг кæнын æмæ сын ис сæххæстгæнæн дæр. «Республикæйы хъæуы экономикон æдасдзинад сифтонг кæныны программæ, – загъта Цхуырбаты чызг.  – Ахсджиаг у бахынцын алыгъуызон тасдзинæдтæ, хæлцадон кризистæ фæзыныны рæстæджы. Цæвиттон, зымæджы рæстæджы Транскавказы автомагистрал арæх æхгæд æрцæуы, зæйтæ дзы кæй рацæуы, уый аххосæй. Мах хъуамæ цæттæ уæм ахæм ситуацитæм».

Йæ ныхæстæм гæсгæ рес-публикæйы хъæуы кондад рæзын кæнын. «Мах хъуамæ республикæмæ æддейæ ма ласæм æнæмæнгхъæуæг продукттæ, – зæгъы эксперт. – Цæуылнæ ис гæнæн æмæ нæхæдæг рæзын кæнæм маргъдарды, æхсыры сæудæджерады къабæзты? Советон дуджы рæзыдис аграрон кондад. Нæ республикæйæн йæ бон у йæхи ифтонг кæна æгæрыстæмæй, ссадæй дæр, кæд æххæстæй нæ, уæддæр. Мах хъæуы саразын минизаводтæ. Кондад æрбæстон кæнын та нысан кæны кусæгон бынæттæ саразын æмæ бюджетмæ æфтиæгтæ хæссын».

Цхуырбаты чызг банысан кодта, зæгъгæ, хъæуы сæндидзын кæнын хъæуты рæзты програм-мæ. Уый хъусдард аздæхта кадрты дефециты проблемæмæ. «Цæвиттон, республикæйы цъус ис ветеринартæ, бирæты нæ фæнды ацы дæсныйад райсын, фæлæ алы аз дæр разындзæн иу адæймаг уæддæр, кæцыйы паддзахад, гæнæн ис, арвита ахуыр кæнынмæ æмæ йæ сифтонг кæна цæрыны фадатæй», – афтæ нымайы Цхуырбаты чызг.

Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, паддзахды рæзтæн хъæуы бацархайын æмæ при-оритеттæ равæрын, æмбæлонæй уыцы фæрæзтæй пайда кæнын, кæцыты рахицæн кæны Уæрæсейы бюджет республикæйы алы цæрæджы пайдайæн дæр. Профессор загъта ахæм ныфс, зæгъгæ, æппæт уыцы проблемæтæ æвдыст æрцæудзысты ныстуаны.

Сæ хъуыдытæ дзурынц Ныстуаны тыххæй

Афæдзы дæргъы Гаглойы фырты æвæрццаг куыст бæрæг у, – афтæ нымайы эксперт Плиты Инал. «Афтæ дзурæн ис, паддзахады сæргълæууæг æмæ йæ командæ ныридæгæн цы къах-дзæфтæ сарæзтой, уыдонмæ гæсгæ. Уыдоны ‘хсæн сты æрмæст Уæрæсейы Президент Владимир Путинимæ фембæлд нæ, фæлæ Уæрæсейы престижон æмæ перспективон равдыстыты хайадист, Цæгат Кавказы субъекттимæ хæларадон бастдзинæдтæ саразын. Цымыдисон у 2008 азæй, Хуссар Ирыстоны ссæрибар кæныны цæцæйнаг хæстонты хайадистæн ахсджиаг нысаниуæг куы уыдис, уæд нæ президенттæй ничи фембæлд Цæцæны Республикæйы къухдариуæггæнæг Рамзан Кадыровимæ Хуссар Ирыстон æмæ Цæцæны культурæйы бонты рæстæджы. Уыимæ нæ адæмтæн ис тынг хъæздыг культурæ. Нæ адæмтæ цымыдис кæнынц кæрæдзийы культурæмæ æмæ сæ зæрдиагæй фæнды хæлæрттæ уæвын. Ууыл дзурæг у цæцæйнаг коллективты ралæудтыты рæстæджы аншлаг æмæ билеттæ уайтагъд ауæй вæййынц, уый дæр. Цæгат Кавказы республикæтимæ æмгуыстад мах кæны хъæздыгдæр. Уый хъæуы тынгдæр кæнын æмæ йæ рахæссын хъæуы æндæр къабæзтæм дæр», – зæгъы эксперт.

Президентæй йæ куысты фыццаг азы Гаглойы фырт æрбæстон кодта ахастытæ уæрæсейаг амалиуæггæнæг, БТК-4-йы хицау Боллойы фыртимæ, кæ-цытæ фæлварæтыл рацыдысты раздæр азты, – зæгъы экономист Кокойты Батрадз. «Ам рабæрæг ног президентæн хицон чи у, ахæм конструктивон хъуыдыкæнынад республикæйы интересты приоритет æмбарын. Уый ахс-джиаг у нæ экономикæйæн, кусæн бынæттæ аразыны фарстытæ скъуыддзаг кæнынæн. Ахæм ахаст уынгæйæ, æндæр стыр уæ-рæсейаг амалиуæггæнджытæ фендзысты, кæй фембылды уыдзысты, Боллойы фырты цæ-виттон куынæ райсой, уæд», – афтæ нымайы Кокойы фырт.

«Президент æмæ йæ алыварс кусджытæ къорд хæттыты аластой гумманитарон æххуыс нæ хæстонтæн, кæцытæ хъахъхъæнынц Украинæйы сабыр цæрджыты ахæм тыхтæй, кæцытæ антиконституцион æгъдауæй бацахстой хицауад æмæ райтынг кодтой хæст, уырыссаг æвзагыл дзурæг Украинæйы регионты ныхмæ, – загъта, Цхинвалмæ чи æрцыд, уыцы бархион, кæцы хайад исы Украинæйы цауты. – Уымæй дарддæр ма разамынады приоритетты сты гарзджын тыхты сфидар кæнын, хицауад æмæ æхсæнады  ‘хсæн æууæнчы ахастытæ æрбæстон кæнын. Уый æвзæрын кæны оптимизм. Мах хъахъхъæнæм райгуырæн бæстæйы æддагон знæгтæй æмæ, гæнæн ис, сæвзæра æнæмбæрст ситуаци, кæд æмæ республикæйæн йæхи мидæг уа кæрæдзийы не ‘мбарынад, кæ-цыйы мах нæ зæрдыл дарæм æмæ нæ уый тыххæй дзурын дæр нал фæнды».

«Стыр нысаниуæг лæвæрд цæуы се ‘нæниздзинадмæ гæсгæ æмæ алыгъуызон æрдзон æмæ техногенон æнамонддзинæдты фæстиуæгæн царды уæззау уавæрты чи бахауд, ахæм адæймæгтæн материалон æххуыс бакæнынæн», – загъта йæ ном зæгъын кæй нæ бафæндыд, ахæм æмбæстаг æмæ кæцы иу æмæ дыууæ хатты нæ ныффыста, йе ‘ввахс хион уæззау рынчын кæй у, уый фæдыл материалон æххуыс бакæныны тыххæй куырдиат.

«Президент Гаглойты Аланæй, афæдз президентæй бакусыны фæстæ, зæгъæн ис, кæй у серьезон политик, кæцы исы ахъуыдыгонд уынаффæтæ, куыд æрыгон къухдариуæггæнæг, кæцы этапгай æвæры нысæнттæ æмæ размæ цæуы сæ сæххæст кæныны фæндагыл», – афтæ нымайы педагогон кусæг Пæррæстаты Залинæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы афæдзы дæргъы æппæт фарстытæ аскъуыддзаг кæнын нæ бантыст. Уый хауы, бынæн ын чи баззадысты, ахæм серьезон проблемæтæм. Фæлæ уыдон иууылдæр сты разамынады хъусдарды бын æмæ хынцы адæмы зæрдæйы уаг.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.