Азты цыдимæ фæлтæр ивы фæлтæры. Уыимæ ивы æхсæнадон цард дæр.
Хъыгагæн, рауайы афтæ æмæ тыхджындæр адæмтæ фæтырнынц æндæрты ныцъцъист кæнынмæ. Фæлæ кæддæриддæр рæстдзинад рæстагон адæмты фарс фæвæййы. Афтæ уыд 1941 азы, не Стыр  Райгуырæн бæстæмæ немыцаг фашизм гадзрахатæй куы æрбабырста, уæд дæр.

Тохы быдырмæ ивылдысты Цхинвалы районы Къостайыхъæуы сагсур фæсивæд дæр æмæ сæ хъæбатырдзинад хъуыст дардыл. Алы фронтты хæцыдысты фыдгулы ныхмæ æмæ знагæн кодтой сæрсæттæн цæф. Ацы хъæуккæгтæ Тедеты Гио æмæ йе ‘мкъай Даро схъомыл кодтой æртæ сагсур фырты, уарзон хъæбултæ уыдысты хъæубæстæн æмæ сæ хорзы кой хъуыст уыд. Уæдæ хистæртæн баххуыс, балæггад кæнынмæ цæттæ уыдысты, иннæ ахæм сæ хъæлдзæг зæрдæйы равг. Бирæ хорз фæндтæ æмæ хъуыдытæ сæм бæргæ уыд, фæлæ сын фескъуыдысты æрдæгыл. Хæсты æнæмсæр тох кодтой фашизмы ныхмæ æмæ сæ хайбавæрд хастой уæлахизмæ. Фырттæй сæ иу Ясон тохты рæстæджы бахауд уацары, фæлæ йын ралидзын бантыст æмæ польшæйаг партизантимæ дарддæр тох кодта фыдгулы ныхмæ. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй йæ Польшæйы Адæмон Республикæ схорзæхджын кодта иуыл уæлдæр хорзæх – «Милитари Виртутийы» орденæй.

Æхсардзинад æмæ хъæбатырдзинад равдыстой иннæ дыууæ æфсымæры Федя æмæ Гоги дæр. Поэт Асаты Реуаз та сыл ныффыста æмдзæвгæ «Æз дæу Польшæйы агуырдтон».

Карз тохтæй сæ райгуырæн зæххыл нал сæмбæлдысты æфсымæртæ Гæбæраты Виктор æмæ Григол, Лаврент, Шаликъо æмæ Георги, Гуццаты Георги æмæ Раман, Чысиаты Сино æмæ Сограт, Лохты Иван æмæ Исидор, Медойты Хъараман æмæ Бежан, Хуыбиаты Тембол æмæ Григол, Хаситы Гоги, Миша æмæ Георги, Хацырты Валодя æмæ Иосиф, Саулохты Никъала, Исидор, Иракъли æмæ æндæр хæстхъом фæсивæд – æдæппæт 85 хæстоны.

Кæд уæззау рæстæг уыд, уæддæр фæсчъылдымы адæм – зæрæдтæ, сылгоймæгтæ æмæ æнахъом кæстæртæ фидар фæлæууыдысты æмæ активон куыст кодтой куыд хисæрмагонд хæдзарады, афтæ колхозы алы æмæ алы куыстыты дæр. Иууыл цæстæвæрæн та уыцы дуджы нæ сылгоймæгтæ фесты, хъомыл кодтой сæ сывæллæтты дæр æмæ æхсæнадон куысты та æдзухдæр раззагдæрты рæнхъы лæууыдысты. Сæумæрайсомæй суанг изæрдалынгтæм кусгæ æмæ змæлгæ, æрдæгæхсæвтæм та хæстонтæн фæсмыны куыстыл лæуд уыдысты.

Хъæубæстæ нæ ферох кодтой се ‘дзард хъæбатыр хæстонты æмæ ацæугæ æнусы 70-æм азты сфæнд кодтой уыдон номыл цыртдзæвæн-обелиск саразын. Уый сын æнтысгæ дæр бакодта, ацы хъуыддаджы та сæ разæнгардгæнæг уыд бынæттон интеллигенцийы минæвар Джиоты Роланд. Цырт саразыныл зæрдиагæй бакуыста скульптор Кокшин.

Уæлахизы бæрæгбоны рæстæджы хъæубæстæ æрбацæуынц цыртдзæвæны цурмæ, скъоладзаутæ та не стыр уæлахиз æмæ хъæбатыр хæстонты тохвæндæгтыл фæдзурынц, сæ номыл бакæсынц æмдзæвгæтæ.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.