Советон хицауад æппæт амæлттæй дæр архайдта ууыл, цæмæй адæмы цард рогдæр кодтаид, йæ разы æвæрдта ног хæстæ æмæ се скъуыддзаг кæныныл куыста зæрдиагæй. Уыдонæй сæ иу уыд, рухсæй ифтонг кæй уыдысты, уый. Хистæр фæлтæр ма хорз хъуыды кæнынц, ивгъуыд æнусы 50-60-æм азты Къостайыхъæуы цæрджытæ дæр ацы хæрзиуæгæй пайда кæнын кæй райдыдтой, уый. Раст у, уæд æнæхъæн бон нæ уыд электроэнерги, йæ аххосаг уыд, фагбæрцæй кæй не ‘ххæссыд, уый. Куы-иу æризæрмилтæ, уæд-иу цæрæн хæдзæрттæ ныррухс сты æмæ-иу цæрджытæн цины уылæнтæ ахъазыдысты сæ цæсгæмттыл. Хъæуы монтерæй бирæ азты дæргъы фæкуыста бынæттон цæрæг Джиоты Бежан æмæ алы хатт дæр йæ куыстмæ каст бæрнон цæстæй.  Азты цыдимæ рухсы хæрзиуджытæй пайда кæнын райдыдтой æнæхъæн суткæ. Фæлæ уыцы хъуыддаг фæкъуылымпы, гуырдзиаг лæгсырдтæ нæм куы æрбабырстой, уæд. Ныр, алцы дæр фæивта хорзæрдæм æмæ цæрджытæн фадат ис уымæй æнæкъуылымпыйæ пайда кæнынæн.

Фæлæ, зæгъын хъæуы, бахардзгонд рухсы æхца æнæмæнг фидын кæй хъæ-уы рæстæгыл. Уыцы хъуыддаджы зæрдæ нæ худы цæрджыты фылдæр хайыл, сæ хæстæ бафидынмæ кæсынц бæрндзинады цæстæй. Хъæууон администрацийы рухсы фæдыл контролер Пухаты Светланæ куыд радзырдта, афтæмæй рухсы æхца æрвылмæй дæр чи бафиды, уыдон нымæцмæ хауынц Джиоты Джемал, Саулохты Нодар, Хаситы Юзæ,  Джиоты Вася, Тегкаты Олег, Лохты Серги, Къæбысты Владимир, Гæбæраты Барис, Лохты Мендик, Хъабанты Хъазбег, Амыран æмæ æндæртæ. Пухаты чызг ма загъта, зæгъгæ, фиддонты нымæц мæйы дæргъы астæуккаг нымадæй вæййы 150 мин сомы. Ход, Тыбылтыхъæу, Къроз, Цъæриттæ, Куасатал, Медойтæ æмæ Багаты хъæутæ дæр хауынц Къостайыхъæуы администрацимæ. Уыдоныл та азилынц æмæ бахардзгонд рухсы æхца æрæмбырд кæнынц электрохызæджы контролертæ.

ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.