Æрвылбон дæр адæймаг йæ бирæ бакæнинаг хъуыддæгтæ цæй фæрцы скъуыддзаг кæны, йæ аудинæгтæ йын чи рог кæны, уыдон фыццæгтæй сæ иу у электроенерги. Нæ республикæйы, уыцы нымæцы Цхинвалы районы электрохызæджы кусджытæ дæр архайынц, цæмæй сæ бæрныуæвæг рухсы хæххытæ уой æмбæлон æгъдауыл. Куы бахъæуы, уæд та æвæстиатæй фæзынынц бынатмæ æмæ бацархайынц, авари цы бынаты æрцыд, уыцы хæххытæ сцалцæг кæныныл. Цæрджытæ та сæхи рады батыхсынц, сæ разы цы хæс ис, уый сæххæст кæныныл.

Бахардзгонд рухсы æхца рæстæгыл фидгæйæ кæй у, уый хорз æмбарынц Къостайыхъæуы цæрджытæ æмæ фæтындзынц сæ разылæууæг ахсджиаг хæс ахицæн кæнынмæ. Хъæууон администрацийы кусæг Пухаты Светланæ куыд загъта, уымæ гæсгæ рухсы хæрдзтæ алы мæйы кæрон дæр бынаты бафидынц цæрджыты 70 проценты бæрц. Ацы хъуыддаджы раппæлинагдæр чи сты, уыдон нымæцмæ хауынц Мæлдзыгаты Эдуард, Бекъойты Юри, Бæззаты Эдуард, Хуыбиаты Джабе, Нар тыхты Изольдæ, Джиоты Джемал, Мамиты Павелк, Саулохты Нодар, Къæбысты Владимир æмæ æндæртæ. Хъæууон администрацийы иннæ хъæутыл та азилынц контролертæ.

                                                                         Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.