Нæ горæты сыгъдæгдзинад æмæ хæрзарæзтадмæ сæ куысты хайбавæрд чи хæссы, уыдонæй сæ иу у цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады управлени. Уыдонæй алы кусæг дæр æрвылбон вæййы йæ куысты уæлхъус, йæ хæстæ æххæст кæнынмæ кæсы бæрндзинады цæстæй æмæ зæрдиагæй бацархайы уæвæг цухдзинæдтæ аиуварс кæныныл. Ацы æввахс рæстæджы цы куыстытæ сæххæст кодтой æмæ дарддæр дæр цы къуылымпытæ иуварс кæндзысты, уыдон базоныны тыххæй бахатыдтæн управленийы хистæр Лалыты Сосланмæ. Сосланы ныхæстæм гæсгæ, уыдон хæрзарæзтадон куыстытæ бакодтой Нæузæххонты уынджы №№ 7-æм, 8-æм, 9-æм, 10-æм æмæ 11-æм, стæй Сталины æмæ Харебаты Исахъы уынгты №№ 96-æм, 98-æм, 100-æм æмæ 62-æм цæрæн хæдзæртты кæртыты раз. Архайынц ма уынгты хæрзарæзтадыл, æвæрынц дзы бордюртæ, кæнынц сæ асфальт æмæ ноджы æндæр  ахсджиаг куыстытæ. «Водоканал»-ы кусджытæ та архайынц канализацион куыстытæ æрбæстон кæныныл Фестивалон æмæ Хъайтарты уынгты цалдæр бынаты. Æнæмæнгхъæуæг хæстæ æххæст цæуынц Тæболты С. уынджы 70-æм цæрæн корпусы дæр. Горæты уынгты æхсæвыгон тæмæнтæ фæкалынц рухсытæ, фæлæ уым дæр иуæй-иу рæтты разыны, рухсытæ кæм хъæуы баххæст кæнын, ахæм бынæттæ,  уыцы цухдзинæдтæ аиуварс кæныныл та æвæстиатæй бакусы цæрæнуатон-эксплуатацион къанторæ. Бацархайынц цæрæн хæдзæртты уæлхæдзæртты цалцæггæнæн куыстытыл дæр. Афтæ ма æххæст кæнынц, цæрджытæй сæм цы куырдиæттæ æрбацæуы, уыцы куыстытæ дæр, стæй фæндагон нысæнттæ срæвдз кæныныл.

Нæ горæты Згъудеры уæлмæрд у тынг антисанитарон уавæры æмæ уыцы цухдзинад дæр бахынцыдта управленийы разамынад. Ацы бонты кусджыты иу къорд рацыд æмæ цæсгомджын куыст бакодтой йæ сыгъдæгдзинадыл. Сæ фæнд у, цæмæй дзы дарддæр дæр бакæной ахæм æнæмæнгхъæуæг сыгъдæггæнæн куыстытæ.

ХУЫБИАТЫ Никъала  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.