Горæты сывæллæтты дыккæгæм цæхæрадон «Золотой ключик»-ы уагъд æрцыдысты гом уроктæ, цыран хайад райстой Ахуырад æмæ зонады минæвæрттæ Гасситы Наталийы сæргълæудæй. Гом урокты ма хайад райстой горæт Цхинвалы администрацийы ахуырады хайады хистæр Джиоты Агуындæ æмæ сывæллæтты цæхæрадоны сæргълæууæг Битеты Фатимæ.

Гом уроктæ райдыдтой сывæллæтты цæхæрадоны астæуккаг къордæй, цыран сабитæ равдыстой «Балц аргъаумæ». Уымæй дарддæр ма сывæллæттæ равдыстой физикон культурæйы уроктæ. Гом урок ма уыд кæстæр къорды дæр.

Афтæ ма Гом урок ауагътой цæттæгæнæн къорд «Василек»-ы, ахæм темæйыл «Цхинвал — горæт хъайтар». Сывæллæттæ сæ зонындзинæдтæ æвдыстой республикæйы сырæзты тыххæй, афтæ ма Ирыстоны хъайтарты тыххæй дæр, кæцытæ слæууыдысты Райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнджыты рæнхъыты. Сывæллæттæн æвдыст æрцыдысты куыд ирыстойнаг, афтæ уæрæсейаг фæмардуæвæг хъайтарты къамтæ. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ фæмардуæвæг хъайтартæн сæ фылдæры кæй зыдтой сывæллæттæ. Гом урокты кæрон Гасситы Натали банысан кодта, зæгъгæ, ахæм уроктæ уагъд æрцыдысты скъолайы агъоммæйы кары æппæт уагдæтты, афтæ ма загъта, зæгъгæ, уроктæ уагъд цæуынц программæ «Малусæг»-мæ гæсгæ. «Абон мах æвдисæн стæм уроктæ методикон æгъдауæй раст уагъд кæй æрцыдысты, уымæн. Азæй-азмæ сывæллæттæ хуыздæр ахуыр кæнынц уырыссаг æмæ ирон ныхасы нормæтæ, сæ зонындзинæдтæ кæнынц фылдæр. Зæгъæн ис афтæ дæр, æмæ скъолатæм кæй бацæудзысты цæттæйæ æмæ дарддæр уыдон сæ зонындзинæдтæ кæй уæрæхдæр кæндзысты райдиан скъолайы фæлгæтты», — загъта министр.

Уый æддейæ ма Гасситы Натали банысан кодта, зæгъгæ, скъолайы кары агъоммæйы уагдæтты стыр хъусдард здæхт цæуы ахуырадон-хъомыладон процессмæ. Уый ма хъусдард аздæхта, зæгъгæ, сывæллæтти-мæ кусынц æвзонг ахуыргæнджытæ, кæцытæн сæ куысты æххуыс кæнынц фæлтæрдджындæр ахуыргæнджытæ.

«Сывæллæтты цæхæрадæтты хорз кусынц патриотикон хъомыладыл дæр. Сывæллæттæ æмдзæвгæтæ кæсгæйæ æмбæрстой, цæуыл сæ дзырд цæуы, уый. Истори, кæцы лæвæрд цæуы фæлтæрæй-фæлтæрмæ, никуы уыдзæн рохгонд», — йæ ныхасмæ бафтыдта министр.

Цæттæгæнæн къласы хъомылгæнæг Людмила Дякунчак банысан кодта, зæгъгæ, сывæллæттæ ахуыртæм сæхи бацæттæ кодтой хорз. «Цалынмæ гом урок нæ ауагътам, уæдмæ бакуыстам сывæллæттимæ, æмæ сын радзырдтам Хуссар Ирыстоны хæсты, йæ хъайтарты тыххæй. Уый фæстæ сæхæдæг лæвæрдтой цымыдисон фарстытæ», — загъта Дякунчак.

Хъомылгæнæджы ныхæстæм гæсгæ уроктæ уадзыны уыд вазыгджындзинæдтæ дæр, фæлæ куыд фæстагмæ программæ «Малусæг» сахуыр кодтам. Иумиагæй, уроктæй министрады минæвæрттæ райгондæй баззадысты æмæ банысан кодтой ауадзгæ ахуырты бæрзонд æмвæзад. «Золотой ключик»-ы хъомылгæнджытæ уазджыты фæхуыдтой сæ рауагъдон балмæ сывæллæтты цæхæрадонæн хæрзбон зæгъынмæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.