Цавæр хъизæмæрттæ ма æрцæттæ кæндзæн хъысмæт нæ адæмæн, уый зын базонæн у, фæлæ ныры онг цы бавзæрстам, уый дæр нын фагæй фылдæр уыди, нæ сæрæй акалдыстæм мастæй. Ничиуал сфæраздзæн махæй ахæм зындзинæдтæн, зæгъгæ, фæзæгъынц адæм.

Раст у, цин æмæ маст, цард æмæ мæлæт, зарæг æмæ хъарæг кæдæриддæр фæрсæй-фæрстæм цæуынц. Æниу, уыдон фæрсæйфæрстæм кæй цæуынц, уый никæй зæрдæмæ цæуы. Алы адæймаджы дæр фæнды æнæмæтæй цæрын, цæмæй ма уына йе ’ввахс адæмы зындзинад. Уыцы зæрдæйы уаг адæймагæн Хуыцауæй у лæвæрд, фæлæ æцæгдзинадæй та ахæм цард ссарæн нæй а-дунейы. Уыцы алæмæттаг дуне æрмæст аргъæутты ис. Аргъæутты дунейыл та æрмæст сабитæ æууæндынц. Аргъæутты дунейæн æцæгдзинадимæ иумæйагæй исты ис æви нæ, уыцы фарст дæрддыл æрдзуринаг у, уымæн æмæ алыгъуызон теоритæ ис йæ алыварс. Суанг ма ис ахæм теори дæр, æмæ адæймаг цæмæ бæллы, уый йын æнæрамбулгæ нæй, цæмæ æнхъæлмæ кæсы, уымæн æнæрцæугæ нæй, стæй хорздзинад уæлахиз кæны фыдæхыл. Адæймаг цы хъуыды кæны, уый у. Ома, кæд æдзух хæстыл хъуыды кæныс, уæд дæ мидæг ис хæст, æмæ канд дæ мидæг нæ, фæлæ дæ алыварс дæр…

Нæ адæм абон размæцыды фæндагыл лæуд кæй сты, уыцы арфæйаг хъуыддаджы ис, сæйраг æмæ уæлæмхас цы у, уый. Цардаразыны сæйраг архайджытæ адæм сты, фæлæ цы цард амайæм, уым дæр сæйраг адæм хъуамæ уой, уыдонæн сæ уды æмæ сæ буары æнæниздзинад. Науæд, дам мын хызын куы уыди, уæд мын кæрдзын нæ уыди, кæрдзын мын куы уыди, уæд та мын хызын нал уыди. Нæ зонын, æнæниздзинадыл дзургæйæ, бирæ хабæрттæ æмбæхсинаг цæмæн сты, фæлæ, дам, кæмæндæр йæ мады мард нæ хъæр кодтой, уыйау мах дæр нæ хъуыддæгтыл авд дуары сæхгæнæм. Не ’ппæт дæр æй зонæм, хæсты агъоммæйæ ныртæккæ нæ адæмы æнæниздзинад бирæ цауддæр кæй у… Адæм ацы хъуыддæгтæ дам-думты хуызы цæмæн хъуамæ хъусой? Хуыздæр нæ уаид æргом сыл дзурын æмæ сын хос кæнын? Стæй нæ чысыл æхсæнады исты басусæг уа, уый та кæй хъуамæ бауырна?

Раст зæгъгæйæ, буары низтæ рафæлгъауынмæ æз мæхи нæ ивазын. Уыцы хъуыддагæн арæхст æмæ ахуырдзинад хъæуы, фæлæ уды рыст цы у, уыимæ, хъыгагæн, иттæг хорз зонгæ дæн, сахуыр æй кодтон алырдыгонæй дæр. Ахуыргæнæг та мын цард йæхæдæг уыди. Кæддæр иу аргъауы хъайтарæн йæ ном Амæйфыддæр хуынди, æмæ мæнæй фыддæртæ куыднæ вæййы, фæлæ мын цард, мæ фыды дыккаг ус цыма уыди, уыйау хъыцъыдæттæ бирæ фæдардта…

О, фæлæ дзырд ныртæккæ мæныл нæ цæуы. Табу — Хуыцауæн, мæ царды тæбæгъы дон та абон иннæрдæм фæкъули, æмæ æнхъæл дæр нал уыдтæн, афтæмæй ма мæ дзырдыбон дæр фæци. Уымæ гæсгæ Хуыцауæй уыцы хорзæх курын, цæмæй мæ ныхас иу искæмæн æвдадзыхос уæддæр фæуа.

Уæлдæр цардаразыны кой кодтон, æмæ уый царды нысан у, фæлæ ацы ран хъуамæ ма фæсайды уæм. Асæст къæвдайы нысан у, низ та — мæлæты. Чи зæгъдзæн, стæй кæй бауырндзæн, æмæ утæппæт фыдæвзарæнты фæстæ нæ адæмы зæрдæты ницы хъæдгæмттæ баззад. Уыцы зæрдæйы хъæдгæмттæн та басусæггæнæн нæй. Уыдон раргом вæййынц буары низты хуызы, стæй деградацийы, ома удыхъæды мæгуырдзинады хуызы. Растдæр зæгъгæйæ та уыцы хъæдгæмттæ расайынц ахæм цæстуынгæ низтæм, куыд мулкуарзын, кæрæдзийыл гадзрахат, кæрæдзийы фыдгой, хæлæгдзинад, зыд, тызмæгдзинад, æгъатырдзинад, фыднозт, фыдхæрд, фыдаудæн æмæ бирæ æндæртæ. Уыдон абон не ’хсæнады ду-рæхсæнтæ кæй систы, уый алчидæр хорз æмбары. Æмбарæм æй, фæлæ йын нæ бон ницы цæуы. Уыимæ ма нæхæдæг дæр хауæм уыцы низты уацары, уымæн æмæ уыдон хæцгæ низтæ сты. Æнцонтæй хизынц удæй удмæ, риуæй риумæ.

Цы у ацы низты фæзынды аххосаг æмæ цæмæн сытынг вæййынц, уæззау дугтæ куы скæны, уæд? Уæззау дуджы алкæмæн йæ сæр йæ кой свæййы, æмæ алчи дæр мæт кæны йæхи уды хорзыл. Алкæмæ дæр цы уды хъæздыгдзинад ис, уый хардз кæны йе ’ввахс адæмыл кæнæ та æрмæст йæхи иунæг удыл. Афтæмæй алчидæр йæхи æнкъары сидзæрæй, уымæн æмæ дæ алыварс чи ис, уыдонæй дæумæ никæй æвдæлы. Уый æркæны уарзондзинад æмæ зæрдæйы фарны кадавардзинадмæ. Уыцы сидзæры æнкъарæн адæймаджы дæлхъуыдыйы баззайы, æмæ хæст фæци æви нæ фæци, уæддæр адæймаг уыцы уавæрæй нал рахизы. Ацы уавæры баззайгæйæ та адæймаг йæхи уарзы тынгæй-тынгдæр, йе ’ввахс адæймаджы та бæрцæй-бæрцдæр, цалынмæ йæ хиуарзондзинад йæ къуырццæвæнмæ не схизы, уæдмæ. Уыцы аппогеймæ схизгæйæ та адæймаджы уд свæййы риссаг тæппалы хуызæн: цыфæнды ма ’рцæуа, уæддæр йæ удæй риссы, йæ удæй хъæуы. Афтæ йæм фæкæсы, цыма дун-дуне хъуамæ иууылдæр йæ уды алыварс зилдух кæна.

Æрхæсдзынæн ахæм цæвиттон, махæй йæ алчидæр уыны æрвылбон дæр. Бадынц дыууæ адæймаджы. Иу дзы йæ низыхатт дзуры ин-нæмæн. Дыккаг æм иу уысм байхъусы, стæй йæхи низæй хъаст кæнынмæ фæцырд вæййы. Ацы ран ис йæ райдиан, хиуарзондзинадыл цы хæст цæуы, уымæн. Иу иннæйы рыстæй йæхи рыст æвæры бæрзонддæр, афтæмæй хæст цæуы, нæ, мæн фылдæр уарзут, нæ, мæн, зæгъгæ, ууыл. Ацы хæст цæмæй фæуа, уый тыххæй та алчидæр хъуамæ бауарза йæ сыхаджы, йе ’мкусæджы йæхицæй фылдæр кæд нæ, уæддæр хæрзчысыл уæдта.

Æз, ацы ныхæстæ фысгæйæ, хъуыды кæнын: ацы хъуыддагыл хъæуы бирæ æмæ уæхскуæзæй кусын. Спайда кæнын хъæуы психологийы æмæ кæд бахъæуа, уæд медицинæйы амæлттæй дæр. Цы ис ахсджиагдæр адæмы уды æнæниздзинадæй? Æмæ та ногæй мæ разы ныхдурæй æрлæууы: ныртæккæ царды ахсджиагдæр хæзнатæй ахс-джиагдæр сси мулкуарзын, æмæ уый дæр дуджы низыхатт у. Мæн уырны, адæмы уды æнæниздзинадыл куы батыхсæм, уæд уыцы низтæ дæр ивгъуыды хай бауыдзысты.

Кæй зæгъын æй хъæуы, иу чысыл уацы ахæм егъау фарстытæн аскъуыддзаггæнæн ницы хуызы ис, фæлæ сыл æнæдзурын дæр кæй бон у! Куыд уды низтæ, афтæ буары низтæй дæр бирæтæ зайынц рохуаты. Не ’хсæнады ис ахæм адæймæгтæ, æмæ хос æрцæуид сæ низтæн, хос сын куы кæниккам, уæд. Нæмттæ дзурыны сæр мæ нæ хъæуы, æмæ сæ нæ дзурдзынæн, уымæн æмæ уыдоны ‘хсæн ис номдзыд адæймæгтæ дæр… Æхсæнады уды æмæ буары æнæниздзинад та иугай адæймæгты æнæниздзинадæй аразгæ у. Æхсæнад æнæниз куынæ уа, уæд йæ бон нæ цæуы царды алы æмæ алы фадгуыты æнæниз æмæ раст фæндæттæ рахæссын, æнæрæдыдæй сæ аскъуыддзаг кæнын, æвзæрстыты архайын, дзыллæйы хъысмæт скъуыддзаг кæнын. Уымæ гæсгæ, уырысмæ куыд фæзæгъынц, уæрдоны хъуамæ бæхы разæй ма фæкæнай. Адæймагæн йæ уд йæ кой куы свæййы, уæд нæ ныхмæлæууæг бæстæйы дохтыртæм ацæуыныл дæр æлгъ нал фæкæны, æмæ уый дæр хъуыдыйаг фарст у…

Стыр зæрдæрысты хос та куыднæ у, абон не ’хсæн психиатрион низтæй рынчынтæ сæ сæртæ кæм æркъул кæной, уый нæм кæй нæй. Ахæм низæй Хуыцау алкæй дæр бахизæд, фæлæ йын йæ уæззаудзинад Хе-тæгкаты Къоста ирдæй равдыста йæ поэмæ «Фатимæ»-йы. Уацмысы ис æрмæстдæр иу чысыл сценæ: Фати-мæ йæ зонд фесæфта, æмæ йæ худын айхъуысы хæхтыл æмæ кæмттыл, фæлæ æрмæст уымæй дæр адæймаджы зæрдæйы тугтæ ныттæдзынц. Ахæм цардиппæрд адæмæн цæмæннæ хъуамæ уа, иучысыл, уæдта, сæхи кæм æрæмбарой, ахæм уагдон? Æви ацы хъуыддаджы тыххæй йæхи бæрнджынæй ничи æнкъары? Æви нæ зонæм, уыцы адæм æнæркастæй не ’хсæн кæй сты, уый нын стыр ном нæ кæны, ахъаз нæу нæ удварнæн, нæ адæмы кадыл куы нал дзурæм, уæддæр. Æви нæ зонæм, мæгуыртæ æмæ рынчынтæ не ’хсæн фæлварынæн кæй сты æви не ’мбарæм, цæгæр сæрыл дæр худæн кæй нæй. Ахæм адæмыл кæй нæ тыхсæм, уый та худынæй фыддæр кæй у, уымæн æмæ искæй зындзинадыл æдыхс-тæй стырдæр фыдракæнд нæй. Куы-рыхонтæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы æдыхсты аххосæй цæуынц æппæт фыдбылызтæ дæр.

Уæдæ иу адæмæн иу зæрдæ ис, иу туг, иу стæг сты. Федтам æй, нæ амонд æмæ не ’намонд дæр иумæйаг вæййынц. Кæд уынджы фенæм искæй æнæркаст æмæ цардиппæрдæй, уæд уый не ’нæркаст æмæ нæ цардиппæрды нысан у. Æви нæ фе-рох, нæ тохы сæр цæуыл уыди æви нæ хъизæмæртты фæстæ нал æм-барæм, æрдуйы хидыл кæй рахызтыстæм, æмæ нал æнкъарæм, нæ туг, не стæджы рыст махæй дæр кæй рисдзæн.

Годжыцаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.