Цхинвалы уагъд æрцыд æвзæнгты ‘хсæн республикæйы чемпионат дзюдойæ. Хайад дзы райстой 70 спортсменæй фылдæр. Майдантыл тох кодтой республикæйы цыппар районы æмæ столицæйы минæвæрттæ. Ерыстæ официалонæй байгом кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта дзюдойы федерацийы президент, парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Инал. Уый куыд фехъусын кодта, афтæмæй ерысты хайад исынц ахæм дзюдоисттæ дæр, кæцытæ хорз æнтыстытæ æвдисынц уæрæсейаг ерысты.

Спортивон бæрæгбоны цытæн ерысты хайадисджытæн раарфæ кодта РХИ-йы Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты спорты хуызты рæзты хайады сæргълæууæг Тыбылты Чермен. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы ерысты бæрæг цæудзысты иууыл цæттæдæр спортсментæ, кæцытæ уый фæстæ алыгъуызон ерысты хъахъхъæндзысты нæ республикæйы спортивон кад.

Чемпионаты фæстиуджытæм гæсгæ кæстæр къорды (2011-2013 азты гуырд) ‘хсæн йæ уæлахиздзаутæ систы Къозонты Руслан (25 кг), Кокойты Георги (27 кг), Тыбылты Хетæг (30 кг), Кæркуысты Аслан (33 кг), Коцты Давид (39 кг), Елдзарты Артем (39 кг), Æлборты Марат (42 кг), Гæбæраты Алан (46 кг), Дзæгъиаты Владимир (50 кг) æмæ Дзабиты Арсен (55 кг).

Хистæр къорды (2008-2010 азты гуырд) та фыццаг бынæттæ рамбылдтой: Джиоты Артур (38 кг), Гаглойты Михаил (42 кг), Æлборты Роберт (46 кг), Хъотайты Фидар (50 кг), Къуылыхты Сæрмæт (55 кг), Цоциты Арсен (+55 кг).

Командон ерысты та фыццаг бынат бацахста Знауыры дзюдойы скъолайы командæ.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ, кады грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Дзæуджыхъæуы уагъд цыд уæгъдибар хъæбысхæсты фестиваль. Ерысты хайад райстой хуссарирыстойнаг æвзонг богалтæ. Уыдонæн бантыст иу сыгъзæрин, иу æвзист æмæ дыууæ бронзæ майданы рамбулын. Уæлахиздзау ссис Бететы Хетæг (41 кг), дыккаг бынат бацахста Кокойты Денис (60 кг) æмæ æвзист призертæ та систы Тедеты Хасан (39 кг) æмæ Хъæцмæзты Арсен (33 кг).

Спортсменты бацæттæ кодтой Коцты Тамерлан, Хъесаты Петр, Багаты Вадим, Гæджиты Марат æмæ Бикойты Вадим.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.