Дарддæр кæны Венесуэлæмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийы визит, кæцыйы сконды сты Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты Алан æмæ Боливариаг Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Козаты Нарим.

Хуссарирыстойнаг делегаци хайад райста венесуэлæйаг лидер Уго Чавесы амæлæты цыппар азимæ баст мысæн мадзæлтты. Делегаци фембæлд Венесуэлæйы Уæрæсейы Федерацийы минæвар Владимир Заемскиимæ. Афтæ ма сын фембæлдтытæ уыд къорд бæстæты делегациты минæвæрттимæ, кæцытæ хайад истой Уго Чавесы мысæн мадзæлтты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийы йæхимæ райста Боливариаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Делси Родригес Гомес. Венесуэлæйы Фæсарæйнаг  хъуыддæгты министрады уагъдцæуæг консультациты рæстæджы уынаффæ кодтой алыгъуызон фадгуыты дыууæварсон æмгуыстады проблемæйы фарстытыл.

____________

Дыууæфарсон фембæлды тыххæй

Боливариаг Республикæ Венесуэлæмæ визиты фæлгæтты 2017 азы 7-8 марты Каракасы уагъд æрцыдысты консультацитæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады делегаци æмæ Боливариаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыд-дæгты фæдыл адæмон хицауиуæгады министрады ‘хсæн.

РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты Алан æмæ Европæйы фарстыты фæдыл Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Иван Хилы фембæлды хатдзæгтæм гæсгæ, къухтæ фыст æрцыдысты Суагъæйыл. Документы Фæрстæ бафидар кодтой хæларадон ахастытæ æмæ культурæ, ахуырад, туризмы фадгуыты æмгуыстад сфидардæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинад. Фæрстæ ма сразы сты æртын бонмæ сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны тыххæй, фæрсты ‘хсæн визæйон формалондзинæдтыл «нæ» зæгъыны тыххæй. Документы ма æвдыст æрцыд æппæт къа-бæзты дæр дыууæфарсон фæткыл куыст адарддæр кæнын, цæмæй дыууæ бæстæйы ‘хсæн фæуæрæхдæр уа æмгуыстад, афтæ ма сразыдзинæдтыл къухтæ æрфыссынмæ æркæсын, кæцытæ фадат ратдзысты хицауадты ‘хсæн фæлтæрддзинад амоныны æмæ кæрæдзийæн информаци дæттыны тыххæй.

РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.