1991 азы 6-æм январы райсомæй раджы Цхинвалы цæрджытæ сæ тæккæ фынæйыл куы уыдысты, афтæмæй Уæрæсейы мидæггагон æфсæдтæ инæлар Малюшкины сæргълæудæй сусæгæй Цхинвалæй куы ацыдысты æмæ гуырдзиаг лæгмартæ æнæнхъæлæджы горæты центр куы бацахстой, уæд нæ хъæбатыр лæппутæн нал дæр æхсæв уыд æмæ нал дæр бон. Уыдон горæты уынгты баррикадæтæ сарæзтой æмæ постыты лæууыдысты æгæрыстæмæй 15-16 аздзыд лæппутæ дæр.

Уыцы хæстонтæй иу уыд хæрзæвзонг лæппу Къацты Гималай. Йæ цард уыд хæрзцыбыр, фæлæ æрттивгæ стъалыйау ирд æмæ цæхæркалгæ. Æрмæстдæр ын 20 уалдзæджы бантыст рацæрын. 1999 азы журналисттæ Голоты Ирæ æмæ Биазырты Роланд чиныг сарæзтой ОМОН-ы кусджытыл.  «Нæ историйы фæстаг азты бирæ адæм фесæфтам, уæлдайдæр та сæ цард нырма разæй кæмæн уыд, ахæм æвзонг адæймæгты. Бæрцæй æрмæстдæр 20 азы рацард Къацты Гималай. Уыдонæй дæр йе ‘мбаргæ царды азтæн сæ зынгæ хай хæсты судзгæ цæхæрыл рацыд. Бирæ зындзинæдтæ бавзæрста йе ‘взонг царды. Хайад иста æндæр æмæ æндæр хæстон операциты. Бацыд Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордмæ. Хæсты рæстæджы йæ сæр уæззау цæф фæцис æмæ йæ къорд æндæр уæззау цæф лæппутимæ хос кæнынмæ арвыстой Ленинградмæ. Фæлæ йын кæронмæ хос не ‘рцыд æмæ йæ кæд хъыгдардта, уæддæр йе службæ дарддæр кодта», – дзырдæуы чиныджы Гималайы тыххæй фыст уацы.

Къацты Гималай райгуырд горæт Цхинвалы 1975 азы августы мæйы. Каст фæцис нæ горæты 6-æм  астæуккаг скъола. Гималайыл уæд кæд 16 азы йедтæмæ нæма цыд, уæддæр  лæууыд постыты иннæ лæппуты æмрæнхъ. «Кæд-иу æй нæ уагътон постытæм, зæгъын, ды нырма чысыл дæ, уæддæр мæм никуы байхъуыста. Загъта-иу мын, зæгъгæ, куыд хъуамæ бамбæхсон мæхи хæдзары. Цы цæсгомæй ма, дам, рахиздзынæн лæппуты цурмæ» – цæссыгкалгæйæ дзуры уыцы азты цаутæ йæ мад Верæ.

1992 азы Хуссар Ирыстоны сырæзт Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд. Рæстæг æй æрдомдта, уымæн æмæ цыдис æнæмсæр хæст æмæ адæмы æнцойад хъахъхъæнын хъуыд куыд æддагон знæгтæй, афтæ мидæггагон фыдгæнджытæй дæр. Гималай дæр бацыд ОМОН-мæ службæ кæнынмæ æмæ-иу æндыгъд уавæр кæм сæвзæрд, уым-иу балæууыд йе ‘мбæлттимæ. Йе ‘мслужбæгæнджытæ æмæ йæ хæлæрттæ Гималайы мысынц куыд хъæбатыр, ныфсхаст хæстон æмæ иузæрдион хæлар, афтæ.

«Гималай ОМОН-ы кусын райдыдта йæ сырæзты фыццаг бонтæй. Вазыгджын уавæр сæвзæрд  республикæйы,  сарæх сты фыдгæнджытæ æмæ ОМОН-ы лæппутæ активонæй тох кодтой сæ ныхмæ. Уыд тынг уæззау рæстæг, фæлæ мах, тырныдтам бæстæйы мидæг фæтк сифтонг кæнынмæ æмæ уыцы иурæстæджы тох кодтам æддагон знагимæ дæр. Гималай йæхи равдыста уæндон æмæ хъæбатыр хæстонæй. Активон хайад иста хæстон архайдтыты», – йæ хæстон æмбалы æрæмысыд ОМОН-ы командиры хæдивæг Болататы Геннади.

«Мах, йе ‘мслужбæгæнджыты зæрдæ никуы фехсайдта Гималаймæ исты хъуыддаг раст нæ сараздзæн, уымæй. Уыд æнахуыр раст æмæ хæларзæрдæ адæймаг. Йе ‘мбæлтты тыххæй цæттæ уыд йæ цард рауæлдай кæнынмæ дæр. Йæ фæстаг къапекк дæр нæ бавгъау кодтаид, ахæм æмгаруарзаг уыд», – загъта ОМОН-ы йе ‘мслужбæгæнæг Бибылты Алан.

«Фыццаджыдæр уыд уæздан æмæ хиуылхæцгæ адæймаг, хорз хæстон. Алцы йæ сæрмæ нæ хаста. Йæхицæн дæр кад кодта æмæ йæ хæстон æмбæлттæн дæр. Фæндыд æй алы хæстон операцийы дæр хайад исын, йæ хайбавæрд æм бахæссын. Йæ риуы ‘мбæрц размæ цыд. Мæнæ куыд фæзæгъынц, доны къусы дæр æй аназдзынæ, ахæм рæсугъд æмæ цæхæрцæст лæппу уыд. Алы хъуыддаджы дæр уыд æйттмардзæ», – загъта ОМОН-ы раздæры командир Гуыцмæзты Алан.

Хуссар Ирыстоны зæхмæ фидауынгæнджытæ куы æрбацыдысты, уæд семæ æрбахастой сæртæг сабырад. Ирон хæствæллад лæппутæ иу чысыл нæма баулæфыдысты, афтæ тугуарæн хæст райдыдта æфсымæрон Абхазы зæххыл. Æмæ сæм, кæй зæгъын æй хъæуы, æххуысмæ фæзындысты хуссарирыстойнаг хæстонтæ дæр. Фæстæ нæ фæлæууыд Гималай дæр. Гималай Абхазы зæххыл дæр цæстæвæрæн фæцис йæ хъæбатырдзинадæй. Йæхи равдыста ныфсджын хæстонæй.

«Иу рæстæджы мæ сыхæгтимæ уынджы бадтыстæм. Мæ сыхаг Хъотайты Дарикъо мæ афарста, зæгъгæ, дам, дæ лæппуйæ ницы хъуысы. Тынг фæтарстæн, мæ зæрдæ йæхи риуы къултыл бахоста. Фæлæ Дарикъо йæ ныхас адарддæр кодта, æмæ загъта, зæгъгæ, дæ фыртæй диссæгтæ хъуысы. Тынг, дам, хæцы. Æндæр дзырд, дам, нæ кæнынц йæ хæстон æмбæлттæ  æмæ адæм дæр. Ирон адæмæй Абхазы чи цæры, уыдонæй-иу мæм бирæтæ арфæйы ныхæстæ дæр æрæрвыстой ахæм лæппу кæй схъомыл кодтон, уый тыххæй», – дзырдта йæ мысинæгтæ Верæ.

ОМОН-ы чиныгæй Гималайыл фыст очеркы рæнхъытæй: «Бафыста Абхазы дæр йæ хæс, афтæмæй æрæздæхт».

Фæдисон кæстæр уыд йæ адæмæн Гималай. Ахæм кæй уыд, уый йæ цыбыр цардæй сбæлвырд кодта, фæдисы цæуын куы хъуыд, райгуырæн зæхх, ныййарæг адæмы хъахъхъæнын куы хъуыд, уæд. Уæлдай зындæр уымæн у ахæм лæппуты сафын… Нæ бафсæст  хъæбулы уарзтæй, Ланæ та – фыды уарзтæй. Ланæ чысылæй бирæ фæтæхуды кодта сæ фыдтимæ-иу чи рацæйцыдысты, йæ уыцы æмцахъхъæнтæм. Цы сты 20 азы хурмондаг лæппуйæн. 1995 азы июлы мæйы 20-аздзыдæй мæрдæнцойад ссардта Знауыры районы Мугърисы хъæуы уæлмæрды. Афтæмæй цæрæнбонтæм баззадис æвзонг æмæ рæсугъдæй. Йæ трагикон амæлæтæй кæд 28 азы рацыд, уæддæр ныййарæг мады зæрдæйы рыст нæ къаддæр кæны.

Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы æмæ дæм фехъуысæд, ды ныр Дада дæ. 9-мæйдзыдæй цы хъæбулы ныууагътай, уый чындзы фæцыд Пухаты фæрныг хæдзармæ. Стыр хуыцауы цæст уал сын бауарзта дыууæ хъæбулы æмæ сыл уымы бæстæй фæцин кæн. Абон мах Гималай æмæ йæ хæстон æмбæлтты фæрцы цæрæм сæрибар Ирыстоны. Ирон хæстон лæппутæн сæ тох æнæхъуаджы нæ фæцис. Хæдбар Ирыстоны цæрынц сæ хъæбултæ, сæ хъæбулы хъæбултæ, сæ ныййарджытæ, сæ хиуæттæ. Махæй та алчидæр хæсджын у, цæмæй нæ зæрдыл дарæм гуырдзиаг-ирон хæсты знаджы ныхмæ фидар чи фæлæууыд æмæ Ирыстоны хæдбардзинадæн бындур чи æрæвæрдта, уыцы хъæбатыр лæппуты сгуыхтдзинæдты тыххæй.

Абон, 14-æм февралы ОМОН-ы боны та сæрбæрзонд æмæ æрхæндæгæй æрæмысдзысты фæмардуæвæг хæстонты, уыцы нымæцы Къацты Гималайы рухс ном дæр. Ноджыдæр рухсаг у!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.