Казаны уагъд æрцыдысты спорты сæрдыгон хуызтæй Æппæтуæрæсейон спартакиадайы фæлгæтты грекъаг-ромаг хъæбыс-хæстæй ерыстæ. 87 кг уæзы категорийы Спартакиадæйы уæлахиздзау ссис Ирыстоны минæвар Остъаты Алан. Уый финалы хæцыд дагъыстайнаг тыхджын богал Милад Алирзаевимæ. Тохы рæстæджы Алан æмбылды кодта йæ ныхмæлæууæгæн 7:2 хыгъдæй, фæлæ фæстаг минутыл ирон хъæбысæйхæцæгæн бантыст йæ ныхмæлæууæджы йе уæхсджытыл авæрын æмæ ссис ерысты сыгъзæрин майданы хицау.

Грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй ерысты ма ирон богалтæй æртыккаг бынат бацахста Тыбылты Георги. Уый бронзæ майдан  рамбулыны сæраппонд фæуæлахиз Санкт-Петербурджы минæвар Динислам Бамматовыл.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.