Цхинвалы уагъд цæуы сывæллæтты командæты ‘хсæн республикон турнир футболæй. Хайад сæ исынц Цхинвал, Дзау æмæ Знауыры районтæй, афтæ ма Цхинвалæй 10 командæйы. Уыдон дих сты дыууæ кары къордыл. Хистæр кары къорды архайынц 2009-2010 азты гуырд спортсментæ. Кæстæр кары къорды та сæ цæттæдзинад фæлварынц 2011-2012 азты гуырд футболисттæ. Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодтой РХИ-йы Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей æмæ «РХИ-йы футболы федераци»-йы президент, Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг  Пухаты Владимир.

Ерыстæ уагъд цæудзысты цыппар боны дæргъы æмæ фæуыдзысты 3-æм июлы.

***

Дзæуджыхъæуы футболон командæйы вице-президент Гуыриаты Данил куыд хъусын кæны, афтæмæй командæмæ æрбацæуыны тыххæй бадзырдтæ уадзынц ÆЦСК-йы раздæры æрдæгхъахъхъæнæг Зæгъойты Аланимæ. «Бадзырдтæ уадзæм Зæгъойты Аланимæ. Æнхъæлмæ йын кæсæм йæ дзуаппмæ. Уый нын куыд загъта, афтæмæй йæ фæнды хæдзармæ. Ныфс нæ ис кæй бадзурдзыстæм, уымæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, æввахс дыууæ къуырийы фарст хъуамæ аскъуыддзаг уа. Аланы ма хоны «Химки» дæр», – загъта Гуыриаты Данил.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.