Донецкы Адæмон Республикæйы организаци «Землячество Алании»-йы сæргълæууæг Бæззаты Еленæйæн радтой «Волонтерон æмæ æхсæнадон куыст»-ы стъалы. 2014-2022 азты Донбассы хæстон архайдтыты хайадисджыты хорзæхджын кæныны церемони уагъд æрцыд Донецкы Адæмон Республикæйы.

«Ацы адæм бирæ сарæзтой сæрибардзинад æмæ рæстдзинады тыххæй. Æцæг патриоттæ арæзтой, гæнæн цы уыд æмæ, æгæрыстæмæй, гæнæн цæмæн нæ уыд, ахæм хорз хъуыддæгтæ. Сæ хъайтарон куыстæй алцыдæр аразынц Уæлахиз æрæввахсдæр кæнынæн. Нæ сæртæй уын ныллæг кувæм», — загъта Абхазы Сауденджызон Хъазахъхъаг Æфсады атаман, Æхсæнадон палатæйы уæнг Вадим Мироненко.

Бæззаты Еленæйы цард æнгом баст у Хуссар Ирыстон æмæ Донбассимæ. Йæ сабибонтæ арвыста Цхинвалы, скъола æмæ университет та каст фæцис Донецкы. 2021 азы январæй фæстæмæ Бæззаты Еленæ кусы Донецкы Адæмон Республикæйы Адæмон советы депутаты æххуысгæнæгæй, афтæ ма у хæсты æмæ куысты инвалидты хъуыддæгты фæдыл комитеты æх-хæстбарджын минæвар, Донецкы «Алани»-йы диаспорæйы правленийы сæрдар æмæ ныр цыппар азы та разамынд кæны æмзæххонты организаци «Алани»-йæн.

«Æз Донецкы Адæмон Республикæйы территорийыл кусын цалдæр азы æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хорзæхты тыххæй нæ кусын. Фæлæ мын уæддæр тынг æхсызгон у, нæ архайд нын кæй уынынц æмæ йын кæй аргъ кæнынц, уый. Куыд нæ бон у, афтæ кусæм нæ уæззау рæстæджы. Куыст нын цъус нæй, фыццаджыдæр æмгуыстад кæнæм æфсæддон службæгæнджытимæ. Донецкы Адæмон Республикæйы фылдæрæй фылдæр кæнынц ирыстойнаг минæвæрттæ, куыд бархионты ’хсæн, афтæ æфсæддон хæйтты дæр. Ирон хæстонтæй бирæтæ алыгъуызон цæфтимæ хуыссыдысты госпиталты æмæ сын мах æххуыс кодтам æмæ кæнæм. Донецкы ирон диаспорæйы æдæппæтæй ис 400 бинонтæй фылдæр. Мах иууылдæр æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсæм уæлахизмæ», — банысан кодта Бæззаты Еленæ.

Телефоны ныхас кодтам Бæззаты Еленæимæ: «Цыдæриддæр нæ бон у, уый аразæм нæ тыхтыл æнæауæрдгæйæ. Нæ ирон лæп-путæй рынчындæтты чи уыд æмæ абон дæр ис ампутацигонд къæхтæ æмæ къухтимæ, кæнæ та алыгъуызон цæфтимæ, уыдонмæ æрбацæуæм æмæ сын æххуыс кæнæм. Æххæст кæнæм æхсæнадон куыст. Ацы аз февралы мæйы сорганизаци кодтам æмæ 156 адæймаджы сэвуакаци кодтам Ирыстонмæ. Уый фæстæ та нырма 77 сывæллоны æмæ стæй та 81 сывæллоны сэвуакаци кодтам Севастополь æмæ Хъырыммæ æмæ афтæ дарддæр. 2014 азæй фæстæмæ архайæм эвакуацийы фарстытыл, æмæ алыгъуызон гуманитарон æххуыс бакæныныл. Æххуыс кæнæм хæстон къорд «Пятнашка»-йæн дæр. Æмгуыст кæнæм Дудайты Димитримæ, «Седой»-имæ æмæ æндæр хæстонтимæ. Мæ сабибонтæ Хуссар Ирыстоны «Текстиль»-ы районы (æцæг дзы уæд нырма фабрикæ нæ уыд) кæй арвыстон, уымæ гæсгæ зæрдæйæн зынаргъ у. 2008 азы Гуырдзыстон куы æрбабырста, уæд тынг маст кодтон. Мæ сабибонты нæ районы уыд агуыриаразæн завод æмæ мæ мады фыд æмæ мæ мад дæр куыстой уым. Мæ мад Джелыты Нателæ, Ерманы хъæуæй рацæугæ, уый фæстæ куыста Цхинвалы Химзаводы бригадирæй. Йæ хорз куысты тыххæй йыл арæх фыстой уацтæ бынæттон газетты. Нæ бинонты нын Цхинвалы хорз зыдтой, цардыстæм Текстилы районы æмдзæрæны. Уæд сабыр цард уыд. Мæ мады æфсымæр, мæ мады хо æмæ мæ хо дæр куыстой бигæдзаумæтты фабрикæйы. 2008 азы хæсты рæстæджы ме ’ввахс хион Хуыбежты Азæ, Цхинвалы рынчындоны санитаркæ, стыр æххуыс бакодта цæфтæн æмæ йæ схорзæхджын кодтой майданæй.

Ныртæккæ æз дæн Донецкы Адæмон Республикæйы. Хуссар Ирыстоны хæсты фæцæфуæвæг лæппутæн æххуысы фонды минæвар дæн Донецкы, фонды сæргъы лæууы Плиты Мадинæ. Куыд диаспорæйы сæрдар, афтæ къухдариуæгад кæнын æппæт куыстыл, уыцы нымæцы культурон-рухсадон куыстыл дæр. Калоты Георгийæн сæвæрдтам мемориалон фæйнæг. Уый 2014 азæй 2017 азмæ уыд горæт Донецкы администрацийы сæргълæууæджы æххуысгæнæг. Калоты Георги уыд хæстон-интернационалист,1983-1985 азты Афганистаны хæстон архайдтыты ветеран. Георги активон хайад райста Донецкы Адæмон Республикæйы «Боевое братство»-йы бынæттон хайад саразыны. У, фыццаг Донецкмæ ссад чи æрласта, уыцы адæймаг. Калойы фырт сорганизаци кодта ацы куыст æмæ йын уымæ гæсгæ сæнусон кодтам йæ ном, Олимпион фæсауæрцы скъолайы йын мысæн фæйнæг сæвæргæйæ. 4-æм æфсæддон базæйы æфсæддонтæ зымæджы Докучаевск æмæ Иловайскы куы уыдысты, уæд сын ластам продукттæ, сигареттæ æмæ ма сæ цы хъуыд, уыдон. Æнгом æмгуыстад нын ис Мæрзойты Олегимæ. Æххуыс ма кодтам лæппутæн рацитæ æмæ тепловизортæ балхæныны тыххæй финанстæ æмбырдгæнæн акциты. Æмгуыстад кодтам Мамиты Олегимæ («Мамай»). Уый хайад иста бирæ хæстон операциты, хæцыд «Восток»-ы дæлхайы. Батальон «Пятнашка»-мæ рахизгæйæ, слæууыд йæ сæргъы. «Мамайы» цард трагиконæй аскъуыд Ясиноватаяйы хъахъхъæнгæйæ. Бирæ бакуыстам æмæ дарддæр дæр кусдзыстæм.

“Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ 2020 азæй фæстæмæ Президенты барамындæй кæй дæн хуссарирыстойнаг æмбæстаг”, — радзырдта Бæззаты Еленæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ