Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты рæнхъытæй, йе службæйы æмгъуыд кæмæн фæцис, уыдоны фæсауæрцмæ арвитыны æмæ 2022 азы апрель-июлы æфсæддон службæмæ æмбæстæгты радон æрсидты тыххæй

«Хъахъхъæнынады тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъон æмæ «Хæстон хæс æмæ æфсæддон службæйы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонæй разамынд кæнгæйæ уынаффæ кæнын:

  1. Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты рæнхъытæй фæсауæрцмæ æрвыст æрцæуæд 2022 азы 1-æм апрелæй 15 июлмæ æмгъуыдон службæйы æфсæддон службæгæнджытæ, кæцытæ баслужбæ кодтой æрсидтмæ гæсгæ æфсæддон службæйы æмгъуыдтæ.
  2. Æфсæддонты фæсауæрцмæ арвитыны тыххæй, кæцытæ нысан æрцыдысты ацы Барамынды фыццаг пункты, Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтæм æфсæддон службæмæ æрсидтæуыд 2022 азы 1-æм апрелæй 15 июлмæ, нæлгоймæгты, кæцытыл æрсидты бонмæ сæххæст 18 азы, æмæ сын æфсæддон службæмæ æрсидтæй фæстæдæр æмгъуыдмæ аргъæвæн нæй. Афтæ ма хистæр æрсидтон кары æмбæстæгты, кæцытæн нал ис æрсидтон æмгъуыд аргъæвыны бар.
  3. Республикæ Хуссар Ирыстоны административон территориалон иуæгты администрациты сæргълæуджытæ сифтонг кæнæд мадзæлтты æххæсткæнынад, кæцытæ баст сты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æфсæддон службæмæ æрсидынимæ.
  4. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г. Цхинвал, 2022 азы 23 март

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.