Раздæры бигæдзаумæтты фабрикæйы бынаты цырд темптæй æххæст цæуынц куыстытæ æртæ бирæуæладзыгон корпусты арæзтады фæдыл. Фадыджы хистæр Черджиаты Барис куыд радзырдта, афтæмæй Уæрæсейы ныхмæ санкциты тыххæй практикон æгъдауæй æппæт арæзтадон æрмæджыты æргътæ дæр бæрæг фæфылдæр сты, фæлæ уый ма хъуамæ бандава арæзтадон куыстыты темптыл. «Ныртæккæ 2-æм корпусы æххæст цæуынц мидæггагон, сантехникон, электромонтажон куыстытæ. 1-æм корпусы та агуырийæ амайынц цыппæрæм уæладзыджы къултæ. Объекты кусынц 80 адæймаджы бæрц, афтæ ма дзы архайынц техникæйы фондз иуæджы», – банысан кодта уый.

Черджиаты Барисы ныхæстæм гæсгæ, сын нырма арæзтадон æрмæджыты хъуагдзинад нæй. «Мах ног азы онг æмæ уый фæстæ дæр сфæсауæрц кодтам арæзтадон æрмæджытæ æмæ нын ма хъуамæ уа проблемæтæ. Ацы азы кæронмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзысты дыууæ бирæуæладзыгон хæ-дзары, ноджы ма иу корпусы арæзтад та фæуыдзæн 2023 азы», – загъта фадыджы хистæр.

Черджиаты Барис куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ аразджытæ куыстмызд исынц афоныл. Объектты арæзтадон куыстытæ æххæст кæны арæзтадон фирмæ «СТМ-ЮГ».

Бирæфатерон хæдзæрттæ арæзт цæуынц 2020-2022 азтæн республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг  Инвестицион программæйы фæлгæтты.

ИА «Рес»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.